НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Хуыцауыл иузӕрдион уыдзынӕ ӕви спорт равзардзынӕ?
Буары уӕнгтӕ фидар кӕнын исты пайда у? О, фӕлӕ цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уӕм, уый тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ аразӕм, уыдон нын фылдӕр пайда хӕссынц (1Тм 4:8). Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ спортмӕ раст цӕстӕй кӕсой.
БАКӔС ФЛОМАСТЕРӔЙ НЫВ АНИМАЦИМӔ «ЦЫ ХЪУАМӔ ЗОНАЙ СПОРТЫ ТЫХХӔЙ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
1. Спорты фӕрцы цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
2. Цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы ис бамбарӕн, цавӕрдӕр спорт ныл хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн ӕви нӕ?
3. Псалом 11:5 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕнӕм, цавӕр спортмӕ кӕсдзыстӕм ӕмӕ цавӕр спортивон хъӕзтытӕй хъаздзыстӕм?
4. Филиппӕгтӕм 2:3 стих ӕмӕ Ӕмбисӕндтӕ 16:18 стих куыд хъуамӕ фӕзыной, куыд хъазӕм, ууыл?
5. Филиппӕгтӕм 1:10 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй спортыл кӕнӕ спортмӕ кӕсыныл бирӕ рӕстӕг ма хардз кӕнӕм?