20–26 июлы
РАЦЫД 10, 11
65 зарӕг ӕмӕ куывд
Разныхас (1 мин.)
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Моисей ӕмӕ Аарон стыр хъӕбатырдзинад равдыстой» (10 мин.)
Рц 10:3–6. Моисей ӕмӕ Аарон ӕстӕм бӕллӕхы тыххӕй фараонӕн хъӕбатырӕй фехъусын кодтой (w09 15/7 20 ф., 6 абз.)
Рц 10:24–26. Моисей ӕмӕ Аарон фараоны ныхасыл не сразы сты
Рц 10:28; 11:4–8. Моисей ӕмӕ Аарон дӕсӕм бӕллӕхы тыххӕй ныфсджынӕй фехъусын кодтой (w14 15/4 8 ф., 1, 2 абз.; it-U «Моисей», дӕлсӕргонд «Мужество и вера, проявленные перед фараоном», 1 абз.)
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай? (10 мин.)
Рц 10:1, 2. Ацы стихтӕй ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? (w14 15/7 24 ф., 5 абз.)
Рц 11:7. Цӕуыл дзурӕг уыдысты Йегъовӕйы ныхӕстӕ, «Израилы фырттыл... куыдз дӕр не срӕйдзӕн», зӕгъгӕ? (it-U «Исход из Египта», дӕлсӕргонд «Воды застыли», 3 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уацамындӕн дзы цавӕр хъуыдытӕ ссардтай кӕнӕ дзы ноджыдӕр цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Библийӕ бакӕсинаг (4 мин. кӕнӕ къаддӕр): Рц 10:1–15 (th 10 урок)
АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН
Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (видеоролик) (5 мин.). Равдис видеоролик ӕмӕ стӕй хъусджыты бафӕрс: хъусынгӕнӕг адӕймагимӕ Библийы фӕрцы куыд ныхас кодта? Хъусынгӕнӕгӕн йӕ бон куыд уыдаид спайда кӕнын, иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цы публикацитӕ ис, уыдонӕй искӕцыйӕ?
Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (4 мин. кӕнӕ къаддӕр). Спайда кӕн, 1 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй. Адӕймаджы ӕмбырдмӕ фӕхон (th 8 урок).
Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (4 мин. кӕнӕ къаддӕр). Спайда кӕн, 1 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй. Адӕймагӕн ратт, иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цы публикацитӕ ис, уыдонӕй искӕцы (th 12 урок).
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Хуыцауы сконд хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ хъӕбатырдзинадыл куыд ахуыр кӕнӕм?» (15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Равдис видеоролик «Хуыцауы сконд хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ ахуыр кӕнут хъӕбатырдзинадыл».
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ (30 мин.): jy 124 сӕр
Кӕронбӕттӕн (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)
113 зарӕг ӕмӕ куывд