НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕ уӕ хуыздӕр хӕлар у?
Дӕхицӕн ӕмбалӕн цавӕр адӕймаджы равзарис? Чи зоны, дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы ахӕм миниуджытӕ, зӕгъӕм, иузӕрдиондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ рӕдаудзинад. Уыцы миниуджытӕ сты Йегъовӕмӕ (Рц 34:6; Хъд 14:17). Куы йӕм фӕкувыс, уӕд дӕм фӕхъусы. Ӕххуыс дӕ куы бахъӕуы, уӕд дӕм йе ’ххуысы къух бадары (Пс 18:19, 35). Дӕ рӕдыдтытӕ дын ныххатыр кӕны (1Ин 1:9). Йегъовӕ у диссаджы Хӕлар!
Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар уай? Йӕ Ныхас ын кӕс, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай. Дӕ ныфс ыл дар (Пс 62:8; 142:2). Йегъовӕйӕн зынаргъ ӕмӕ ахсджиаг цы у, уый дӕуӕн дӕр уӕд ахсджиаг – йӕ Фырт, йӕ Паддзахад ӕмӕ, фидӕны тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзур (Д.з 32:3). Куы архайай, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай, уӕд ӕнустӕм дӕ Хӕлар уыдзӕн (Пс 73:25, 26, 28).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔРЫГӔТТӔ, „БАФӔЛВАРУТ ӔМӔ БАЗОНУТ, ЙЕГЪОВӔ КУЫД ХОРЗ У, УЫЙ“» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Цы аразын дӕ хъӕуы, цӕмӕй дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд райсай?
Ӕмбырды иннӕтӕн сӕ бон куыд у дӕуӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнай?
Хъусын кӕныны хъуыддаджы куы архайай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай?
Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕн, ӕмӕ ӕнустӕм дӕ Хӕлар уыдзӕн!
Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн дын цавӕр фадӕттӕ ис?
Йегъовӕйы цӕй тыххӕй уарзыс?