Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb21 январь 5 ф.
  • Дӕ бинонты цард хъахъхъӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ бинонты цард хъахъхъӕн
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чырыстон бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Бинонты цард фехӕлынӕввонг куы уа
    Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
  • Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Дӕ бинонты цардӕй дӕ зӕрдӕ райӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
mwb21 январь 5 ф.
Лӕг йӕ усы фарсмӕ зӕххыл бады ӕмӕ йемӕ иумӕ дзаумӕттӕ ӕхсы

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дӕ бинонты цард хъахъхъӕн

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн цы дзырд раттынц, уый Йегъовӕ тынг ахсджиагыл нымайы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй цӕрӕнбонты иумӕ уой (Мф 19:5, 6). Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ис бирӕ фӕзминаг бинонтӕ. Фӕлӕ ӕнӕрӕдийгӕ ничи у. Уымӕ гӕсгӕ бинонты ’хсӕн зындзинӕдтӕ фӕзыны. Ацы дунейы бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус цавӕрдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлой, уӕд хуыздӕр кӕй уыдзӕн, цӕмӕй хицӕнтӕй цӕрой кӕнӕ ахицӕн уой. Фӕлӕ мах хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм. Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ бинонты цард бахъахъхъӕнын?

Ӕркӕсӕм фондз ахсджиаг уынаффӕмӕ.

  1. Уӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнут. Уӕхи хизут, уӕ бинонты цардӕн зиан чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, флиртӕй, стӕй ӕнӕгъдау ирхӕфсӕнтӕй (Мф 5:28; 2Пт 2:14).

  2. Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнут ӕмӕ архайут, цӕмӕй йын уӕ бинонты цардӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнат (Пс 97:10).

  3. Уӕ удыхъӕд ногмӕ ивут. Уӕ цардӕмбалы зӕрдӕ барухс кӕныны тыххӕй суанг гыццыл хъуыддӕгтӕ дӕр аразут (Кл 3:8–10, 12–14).

  4. Кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕнут, ӕмӕ уӕ ныхасӕй бӕрӕг уӕд, кӕрӕдзи кӕй нымайут (Кл 4:6).

  5. Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ ӕххӕст кӕной, кӕрӕдзийы раз сыл цы хӕс ис, уый, ома кӕрӕдзийыл узӕлой ӕмӕ кӕрӕдзи сӕ уарзтӕй рӕвдауой (1Кр 7:3, 4; 10:24).

Чырыстӕттӕ сӕ бинонты цардӕн куы фӕкад кӕнынц, уӕд афтӕмӕй фӕкад кӕнынц Йегъовӕйӕн, бинонты бындурӕвӕрӕгӕн.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХЪУАМӔ „ФӔРАЗОНӔЙ ЗГЪОРӔМ“. ЕРЫСТЫ УАГӔВӔРДТӔМ ГӔСГӔ АРХАЙУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Къам видеороликӕй «Хъуамӕ „фӕразонӕй згъорӕм“. Ерысты уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайут». Джон ӕмӕ Амандӕ Паддзахады залы сӕ мидбылты худынц сӕ чындзӕхсӕвы раныхасы фӕстӕ

    Лӕг ӕмӕ ус райдианы «а» ӕмӕ «о»-йӕ куы цӕрой, уӕддӕр сын фӕстӕдӕр, гӕнӕн ис, цавӕр зындзинӕдтӕ фӕзына?

  • Къам видеороликӕй «Хъуамӕ „фӕразонӕй згъорӕм“. Ерысты уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайут». Джон ӕмӕ Амандӕ сӕ зындзинӕдтыл фӕлмӕнӕй ныхас кӕнынц. Сӕ разы стъолыл Библи гомӕй

    Афтӕ кӕмӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзи нал уарзынц, уымӕн Библийы уагӕвӕрдтӕ куыд баххуыс кӕндзысты?

  • Къам видеороликӕй «Хъуамӕ „фӕразонӕй згъорӕм“. Ерысты уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайут». Джон йӕ бинойнагӕн ӕмӕ йӕ дыууӕ чызгӕн кӕсы «Мӕ библион радзырдты чиныг»

    Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайут, цӕмӕй уӕ бинонты цард амондджын уа

    Йегъовӕ бинонты царды фӕдыл цавӕр закъӕттӕ радта?

  • Лӕг ӕмӕ ус цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй амондджын уой?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын