Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb22 май 11 ф.
  • Дӕ зӕрдӕйы фӕндтыл ма цу

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ зӕрдӕйы фӕндтыл ма цу
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау тамако дымынмӕ цы цӕстӕй кӕсы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
mwb22 май 11 ф.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дӕ зӕрдӕйы фӕндтыл ма цу

Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзух архайӕм, цӕмӕй нӕ фӕндтыл нӕ бар цӕуа. Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕн хӕринӕгтӕ, дзаумӕттӕ ӕмӕ хӕдзӕрттӕ Хуыцауӕй ахсджиагдӕр свӕййынц. Иннӕтӕ та Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ сӕ буары монцты фӕдыл цӕуынц (Ро 1:26, 27). Чидӕртӕ та иннӕты зондыл ацӕуынц ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ фӕаразынц, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕмӕ цӕуой ӕмӕ сӕ мацӕмӕй хицӕн кӕной (Рц 23:2).

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ фӕндтыл нӕ бар цӕуа? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй не ’ргом здӕхт уа, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕм (Мф 4:4). Стӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндты фӕдыл ма цӕуӕм. Йегъовӕ зоны, махӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, уый ӕмӕ нӕм цы хорз фӕндтӕ ис, уыдон куыд хъӕуы сӕххӕст кӕнын, уый (Пс 145:16).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ТАМАКО – ӔНӔНИЗДЗИНАДЫ ЗНАГ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Къам видеороликӕй «Тамако – ӕнӕниздзинады знаг». Тамако чи дымы, ахӕм куклатӕ аразӕг машинӕ

    Иуӕй-иутӕ тамако цӕмӕн фӕдымынц?

  • Къам видеороликӕй «Тамако – ӕнӕниздзинады знаг». Тамако чи дымы, ахӕм адӕймаджы рӕуджытӕ тынг хуыфынц

    Тамако цавӕр зиан хӕссы?

  • Къам видеороликӕй «Тамако – ӕнӕниздзинады знаг». Ӕнӕуи адӕймагӕй стырдӕр чи у, ахӕм бизнесмен ӕнгуырыл электронон сигаретӕ бакодта ӕмӕ дзы ӕрыгон сылгоймаджы ӕрцахсынмӕ хъавы

    Тамако ӕмӕ электронон сигаретӕтӕ дымын раст цӕуылнӕ у? (2Кр 7:1).

  • Къам видеороликӕй «Тамако – ӕнӕниздзинады знаг». Ӕрыгон сылгоймаг бирӕуӕладзыгон хӕдзары сӕрыл лӕууы ӕмӕ кӕсы арвмӕ ӕмӕ хурмӕ

    Дӕ бон у, ӕмӕ тамакойыл фӕтых уай!

    Исчи дын куы дымын кӕна, уӕд дӕ бон куыд у бакӕнын? Тамако ныууадзын дӕ куы фӕнда, уӕд дӕ бон цы у саразын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын