Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb22 ноябрь 11 ф.
  • Ацы дунейы кӕронмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ацы дунейы кӕронмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг иузӕрдионӕй баззай!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Хуыцауы Паддзахад йе знӕгты ныццӕгъддзӕн
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Армагеддон у стыр цины хабар!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
mwb22 ноябрь 11 ф.
Ӕфсымӕр иртасы чиныг «Йегъовӕйы сыгъдӕг дин йӕ къахыл слӕууыд!». Йӕ цӕстытыл уайын кӕны, зӕд Армагеддоны Хуыцауы адӕмы куыд хъахъхъӕны, уый

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ацы дунейы кӕронмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм

Йегъовӕйы фӕразондзинадӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ацы дуне фесафдзӕн. Мӕнг динтӕ сӕфт ӕрцӕудзысты, ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн ӕмӕ Йегъовӕ фыдгӕнджыты Армагеддоны фесафдзӕн. Мах уыцы хабӕрттӕм тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр бӕллӕхы тыххӕй алцыдӕр нӕ зонӕм. Зӕгъӕм, нӕ зонӕм, кӕд райдайдзӕн ӕмӕ хицауӕдтӕ сӕхи мӕнг динтыл цы ’фсонӕй ныццӕвдзысты, уый. Стӕй нӕ зонӕм, хицауӕдты цӕдис сӕхи Хуыцауы адӕмыл куы ныццӕвой, уӕд уый цас ахӕсдзӕн ӕмӕ цытӕ цӕудзӕн. Уӕдӕ, Йегъовӕ фыдгӕнджыты Армагеддоны куыд фесафдзӕн, уый дӕр нӕ зонӕм.

Фӕлӕ нын Библи ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм ӕмӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсӕм. Мах зонӕм, фӕстаг бонтӕн сӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм (2Тм 3:1). Хицауӕдтӕ динты ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд уыцы рӕстӕг «фӕцыбыр уыдзӕн», цӕмӕй раст дин дӕр ма фесафой (Мф 24:22). Зонӕм ма, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн (2Пт 2:9). Стӕй ма зонӕм, Йесо кӕй у рӕстаг ӕмӕ тыхджын. Ӕмӕ йын Йегъовӕ бахӕс кодта, цӕмӕй фыдгӕнджыты фесафа ӕмӕ тынг бирӕ адӕмы Армагеддоны бахъахъхъӕна (Рар 19:11, 15, 16).

Фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдоны тыххӕй адӕм «фыртӕссӕй... зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты». Фӕлӕ мах зонӕм, Йегъовӕ-иу раджы заманты йӕ адӕмы куыд ирвӕзын кодта ӕмӕ фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый. Уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕхи сӕмраст кӕнын ӕмӕ нӕ сӕртыл схӕцын, уымӕн ӕмӕ нӕ «ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг» (Лк 21:26, 28).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын