Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb24 мартъи 2–3 фф.
  • 4–10 мартъи

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 4–10 мартъи
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2024
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2024
mwb24 мартъи 2–3 фф.

4–10 МАРТЪИЙЫ

ПСАЛОМТӔ 16, 17

111 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. «Йегъовӕ у мӕ хай»

(10 мин.)

Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, ахӕм ӕмбӕлттӕ нын кӕй ис, уый нын у цины хос (Пс 16:2, 3; w18.12 26 ф., 11 абз.).

Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый нын стыр циндзинад хӕссы (Пс 16:5, 6; w14 15/2 29 ф., 4 абз.).

Нӕхи ӕдас хатӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ хъахъхъӕны, нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй (Пс 16:8, 9; w08 15/2 3 ф., 2, 3 абз.).

Дыууӕ хойы паддзахады залы хъӕбыс кӕнынц. Иннӕтӕ сӕ алыварс лӕууынц ӕмӕ сӕ мидбылты худынц.

Давидау мах дӕр нӕ цардӕй стӕм райгонд, уымӕн ӕмӕ нын сӕйрагдӕр у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.

АХЪУЫДЫ КӔН: «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ цард куыд фӕхуыздӕр?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 17:8. Ам дзырд «цӕстыгагуы» кӕй ӕмбӕлы, уый фӕрцы цы ис бамбарӕн? (it-1-U 851 ф., 7, 8 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.): Пс 17:1–15 (th 5 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайӕн куыд ис?

(1 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕтт ратт (th 11 урок).

5. Ныхас райдайӕн куыд ис?

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕтт ратт. Куы йӕ бацымыдис кӕнай, уӕд ын йе ’ргом раздах видеороликмӕ «Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм» ӕмӕ йыл аныхас кӕнут (th 9 урок).

6. Ныхас райдайӕн куыд ис?

(2 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагӕн Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕтт ратт (th 2 урок).

7. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн

(5 мин.): lff 14 урок, разныхас, 1–3 дӕлсӕргӕндтӕ (th 6 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

20 зарӕг

8. Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын?

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Паддзахады залы стъолыл донгонд дзул ӕмӕ сӕн.

Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, 24 мартъийы, хуыцаубоны, бӕрӕг кӕндзыстӕм йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нӕм Йесо Чырысти цы стыр уарзондзинад равдыстой, уый (Лк 22:19; Ин 3:16; 15:13). Нӕ бон куыд у нӕхи уыцы ахсджиаг хабармӕ бацӕттӕ кӕнын?

  • Зиуы рӕстӕг-иу сӕрмагонд раныхасмӕ ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ адӕмы зӕрдиагӕй хон. Ныффысс дӕ зонгӕты нӕмттӕ ӕмӕ-иу уыдоны дӕр фӕхон. Кӕд сӕ исчи ӕндӕр ран цӕры, уӕд дӕ бон у сайты jw.org ссарын, уыцы ран ацы дыууӕ фембӕлды кӕм ӕмӕ цафон уыдзысты, уый.

  • Бацархай, цӕмӕй мартъийы ӕмӕ апрелы фылдӕр хъусын кӕнай. Дӕ бон нӕ уаид уыцы мӕйты ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнын ӕмӕ 15 кӕнӕ 30 сахаты хъусын кӕнын?

  • 18 мартъийӕ райдай кӕсын, Йесо зӕххыл фӕстаг къуыри куы уыд, уӕд цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй. 6 ӕмӕ 7 фӕрстыл ис график «Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ кӕсдзыстӕм, уыдон (2024 аз)». Ӕмӕ дӕ бон у равзарын, алы бон дӕр уыцы ӕрмӕгӕй цас кӕсдзынӕ, уый.

  • Сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Ӕрымысӕн изӕры бон райсомӕй ныхас кӕнӕм Библийыл».

  • Ӕрымысӕн изӕры-иу уазджытыл ӕмӕ, ӕмбырдтӕм рагӕй чи нӕ цыд, уыдоныл бацин кӕн. Программӕйы фӕстӕ-иу семӕ аныхӕстӕ кӕн ӕмӕ-иу сын сӕ фарстатӕн дзуапп ратт. Кӕд сӕ фылдӕр базонын бафӕнда, уӕд-иу семӕ фембӕлыныл баныхас кӕн.

  • Ӕрымысӕн изӕры размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр Чырыстийы нывондыл хъуыды кӕн.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

Зиуы рӕстӕг нӕ бон куыд у ацы видеороликӕй пайда кӕнын?

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.): bt 6 сӕр, 18–24 абз., рамкӕ 54 ф.

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 73 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын