Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb25 мартъи 14–15 фф.
  • 28 апрелӕй 4 маймӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 28 апрелӕй 4 маймӕ
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
mwb25 мартъи 14–15 фф.

28 АПРЕЛӔЙ 4 МАЙМӔ

ӔМБИСӔНДТӔ 11

90 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Цы дзурыс, уымӕ дӕ хъус дар!

(10 мин.)

Иннӕтӕн зиан цы ’рхӕсдзӕн, ахӕмӕй мацы дзур (Ӕм 11:9; w02-U 15/5 26 ф., 4 абз.).

Ӕмбырд кӕй аххосӕй ныддихтӕ уа, ахӕм ныхӕстӕ ма кӕн (Ӕм 11:11; w02-U 15/5 27 ф., 2, 3 абз.).

Иннӕтӕ цы хъуамӕ ма зоной, уый макӕмӕн дзур (Ӕм 11:12, 13; w02-U 15/5 27 ф., 5 абз.).

Дыууӕ ӕфсымӕры Паддзахады залы ныхас кӕнынц. Сӕ иу ӕвзӕр цыдӕртӕ дзуры, чи сӕм ӕрбацӕйцӕуы, уыцы ӕфсымӕры тыххӕй.

АХЪУЫДЫ КӔН: Лукайы 6:45 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕй зиан макӕмӕн ӕрхӕссӕм?

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ӕм 11:17. Хӕларзӕрдӕ уай, уый хорз цӕмӕн у? (g20.1-U 11 ф., рамкӕ)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Ӕм 11:1–20 (th 5 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Фадат ссар, цӕмӕй адӕймагӕн радзурай, ӕрӕджы ӕмбырды цы базыдтай, уый (lmd 2 урок, 4 пункт).

5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагӕн йе ’ргом раздах нӕ видеороликтӕй искӕцымӕ, нӕ лӕггадӕн нӕм цы сӕйраг кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй (lmd 8 урок, 3 пункт).

6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ ӕмӕ йын равдис, адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый (lmd 10 урок, 3 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

157 зарӕг

7. Фарн цы фехалдзӕн, ахӕмӕй мацы дзур

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ныхасӕй рӕдийдзыстӕм (Иак 3:8). Фӕлӕ нӕ ныхӕстӕ цӕмӕ ’ркӕндзысты, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ дзурдзыстӕм, кӕуыл фӕфӕсмон кӕндзыстӕм, ахӕм ныхӕстӕ. Ӕмбырды фарн, гӕнӕн ис, цӕй тыххӕй фехӕла?

  • Адӕймаг йӕхицӕй куы ӕппӕла. Адӕймаг йӕхицӕй куы феппӕлы, уӕд йӕхи фӕкадджын кӕны ӕмӕ йӕм уый тыххӕй иннӕтӕ, гӕнӕн ис, хӕлӕг кӕнын райдайой ӕмӕ сӕ бафӕнда, цӕмӕй уымӕй хуыздӕр уой (Ӕм 27:2).

  • Адӕймаг куы сайа. Уымӕ хауы, адӕймаг ӕргом куы сайа, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма барӕй йӕ ныхӕстӕй иннӕты мӕнг цӕуылдӕрты куы баууӕндын кӕна, уый дӕр. Адӕймаг иу гыццыл дӕр куы асайа, уӕд ыл иннӕтӕ нал ӕууӕнддзысты ӕмӕ йыл ӕвзӕр ном сбаддзӕн (Ек 10:1).

  • Адӕймаг иннӕты фыдкой куы кӕна. Фыдкой кӕнын у, иннӕты тыххӕй ӕнӕпайда ныхӕстӕ кӕнын ӕмӕ, ӕцӕг цы нӕу, уыдӕттӕ сӕ дзурын кӕнӕ, ӕрмӕстдӕр уыдонмӕ цы хауы, уыдӕттӕ дзурын (1Тм 5:13). Уый тыххӕй адӕм фӕхыл вӕййынц ӕмӕ се ’хсӕн фарн нал вӕййы.

  • Адӕймаг мӕсты ныхас куы кӕна. Мӕсты ныхас схонӕн ис, адӕймаг йӕхиуыл куы нӕ фӕхӕцы ӕмӕ, кӕмӕ мӕсты кӕны, ууыл йӕ пырх куы акалы (Еф 4:26). Уый иннӕ адӕймаджы зӕрдӕ тынг фӕриссын кӕны (Ӕм 29:22).

Къамтӕ видеороликӕй «Фарн цы халы, уыдӕттӕ „ныууадзут“» (скъуыддзаг). 1. Эмили ӕмӕ Силийӕ кафейы кӕрӕдзийы акомкоммӕ бадынц. Силийӕ йӕ телефоны кӕсы, Хейли социалон сетьты цы сӕвӕрдта, уымӕ. 2. Хейли Силийӕимӕ Паддзахады залы раз мӕстыйӕ ныхас кӕны.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Фарн цы халы, уыдӕттӕ „ныууадзут“» (скъуыддзаг). Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Ацы видеороликӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

Хотӕ куыд бафидыдтой, уый базоныны тыххӕй бакӕс видеороликмӕ «Архайут иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ӕмӕ уымӕ тырнут».

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) bt 25 сӕр, 14–21 абз.

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 2025 азы регионалон конгрессы ног зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын