11–17 АВГУСТЫ
ӔМБИСӔНДТӔ 26
88 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Дӕхи хиз «ӕнӕзонд» адӕмӕй
(10 мин.)
«Ӕнӕзонд» алы хатт кады аккаг нӕ вӕййы (Ӕм 26:1; it-1-U 632 ф., 6 абз.).
«Ӕнӕзонды» арӕх фӕхъӕуы карзӕй бафхӕрын (Ӕм 26:3; it-1-U 481 ф., 1–3 абз.).
«Ӕнӕзондыл» ӕууӕндӕн нӕй (Ӕм 26:6; it-2-U 1137 ф., 2 абз.).
ЙӔ ХЪУЫДЫ. Библийы дзырд «ӕнӕзонд» амоны, Хуыцауы раст уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны, ахӕм адӕймагмӕ.
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
Ӕм 26:4, 5. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ ацы дыууӕ стихӕн сӕ хъуыды кӕрӕдзийы ныхмӕ нӕу? (it-1-U 482 ф., 1 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.) Ӕм 26:1–20 (th 5 урок)
4. Ныхас райдайын
(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Дӕ ныхас райдай нӕ буклеттӕй искӕцыйы фӕрцы (lmd 1 урок, 5 пункт).
5. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн
(4 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагимӕ уый размӕ цы буклетыл райдыдтай ныхас кӕнын, ууыл йемӕ дарддӕр аныхас кӕн (lmd 7 урок, 4 пункт).
6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын
(5 мин.) Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн ӕххуыс кӕныс, цӕмӕй йӕ хионимӕ Библийыл аныхас кӕна (lmd 11 урок, 5 пункт).
94 зарӕг
7. Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд Хуыцауы зондӕй хайджын уыдзынӕ
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Тимофей Фыстад йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зыдта ӕмӕ йын апостол Павел йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цы фыст дзы ис, уымӕн стыр аргъ кӕй ис. Тимофей Фыстады фӕрцы ссардта «зонд, цӕмӕй фервӕзтаид» (2Тм 3:15). Библийы рӕстдзинадӕн стыр аргъ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй-иу Библи кӕсынӕн ӕмӕ иртасынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм. Фӕлӕ кӕд Библи иртасын нӕ уарзӕм, уӕд цы саразӕн ис?
Бакӕсут 1 Петры 2:2. Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Библи иртасын нӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа?
Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ «зӕрдӕ агура» Хуыцауы Ныхас? (w18.03 29 ф., 6 абз.).
Нӕ организаци нын цы кусӕнгӕрзтӕ дӕтты, уыдон нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нын Библи иртасын фылдӕр пайда хӕсса?
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Чего достигла наша организация. Советы по использованию JW Library». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Нӕ приложени JW Library дын цы пайда хӕссы?
Нӕ приложенийы JW Library дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы цӕуы?
Приложенийы JW Library цы функцитӕ ис, уыдонӕй дӕ кӕцыйӕ фӕндид пайда кӕнын райдайын?
8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.) lfb 8, 9 сӕргӕндтӕ