Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb25 сентябрь 4–5 фф.
  • 15–21 сентябры

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 15–21 сентябры
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2025
mwb25 сентябрь 4–5 фф.

15–21 СЕНТЯБРЫ

ӔМБИСӔНДТӔ 31

135 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Мад ӕмӕ чызг диваныл бадынц ӕмӕ зӕрдиаг ныхас кӕнынц.

1. Ныййарджытӕн сӕ бон цавӕр уынаффӕтӕ у дӕттын сӕ сывӕллӕттӕн?

(10 мин.)

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут, цӕмӕй, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ ӕмӕ бинонты цардмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсой (Ӕм 31:3, 10; w11 1/2 19 ф., 7, 8 абз.).

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут, цӕмӕй нозтмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсой (Ӕм 31:4–6; ijwhf 4 статья, 11–13 абз.).

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмой ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕной (Ӕм 31:8, 9; g17.6-U 9 ф., 5 абз.).

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Ӕм 31:26. Ацы стихӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (w23.12 21 ф., 12 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.) Ӕм 31:10–31 (th 10 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймаг дын хорзӕй цыдӕр загъта кӕнӕ сарӕзта, ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтай (lmd 5 урок, 3 пункт).

5. Ныхас райдайын

(4 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Брошюрӕйы «Адӕмы уарз» «Уӕлӕмхасӕн А»-йы цы темӕтӕ ис, уыдонӕй искӕцыйыл аныхас кӕн (lmd 1 урок, 4 пункт).

6. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн

(5 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. 2025 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыццаг номыр кӕмӕн радтай, уыцы адӕймаджы сӕрмагонд раныхасмӕ фӕхон (lmd 7 урок, 4 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

121 зарӕг

7. Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй сӕ телефонтӕ кӕнӕ планшеттӕй раст пайда кӕной

(8 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Ӕвӕццӕгӕн, федтат, уӕ сывӕллӕттӕ телефонӕй кӕнӕ планшетӕй пайда кӕнынмӕ хорз кӕй арӕхсынц. Куыд пайда кӕнын сӕ хъӕуы, уыцы хъуыддаджы сӕ ӕххуыс арӕх нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ сӕ ӕдзухдӕр ахуыр кӕнын хъӕуы, цӕмӕй сӕ ӕмбаргӕйӕ пайда кӕной. Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд сӕ дӕ бон куыд у телефонӕй кӕнӕ планшетӕй раст пайда кӕнын ахуыр кӕнын?

Къам видеороликӕй «Дӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕн». Зӕринӕ денджызы был змисыл хуыссы ӕмӕ йӕ планшетмӕ кӕсы. Уыцы рӕстӕг йӕ фарсмӕ дельфин доны пуртийӕ хъазы, фӕлӕ йӕ уый нӕ уыны.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Дӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕн». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Телефонӕй кӕнӕ планшетӕй цас рӕстӕг пайда кӕндзыстӕм, уый цӕмӕн хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнын?

  • Цавӕр хъуыддӕгтӕн ма фӕхъӕуы рӕстӕг рахицӕн кӕнын?

Иннӕ ныййарджыты ма фӕзмут, фӕлӕ уӕ бинонтӕн Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕрфидар кӕнут (Га 6:5). Зӕгъӕм, ахъуыды кӕнут:

  • Бӕрӕг у, мӕ сывӕллон ӕмбаргӕ ӕмӕ хиуылхӕцгӕ кӕй у ӕмӕ йын мӕ бон у бар раттын, цӕмӕй мӕ телефонӕй пайда кӕна? Кӕнӕ йын мӕ бон у йӕхицӕн телефон балхӕнын? (1Кр 9:25).

  • Мӕ бон у мӕ сывӕллонӕн бар раттын, цӕмӕй мӕ телефонӕй пайда кӕна, иунӕгӕй куы уа, уӕд дӕр? (Ӕм 18:1).

  • Мӕ сывӕллоны кӕцы приложенитӕй кӕнӕ сайттӕй бауадздзынӕн пайда кӕнын ӕмӕ йӕ кӕцытӕй нӕ бауадздзынӕн пайда кӕнын? (Еф 5:3–5; Фп 4:8, 9).

  • Мӕ сывӕллонӕн телефонӕй кӕнӕ планшетӕй пайда кӕнынӕн цас рӕстӕг ратдзынӕн, цӕмӕй ма йын улӕфынӕн ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕн рӕстӕг уа? (Ек 3:1).

8. Ӕркӕсинаг фарстатӕ

(7 мин.)

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

(30 мин.) lfb 18, 19 сӕргӕндтӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 2 зарӕг ӕмӕ куывд

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын