Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w23 ноябрь 31 ф.
  • Хульдӕйӕн йӕ нысан йӕ къухы бафтыд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хульдӕйӕн йӕ нысан йӕ къухы бафтыд
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Афтӕ мӕ никуы ничи уарзта»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
w23 ноябрь 31 ф.

Хульдӕйӕн йӕ нысан йӕ къухы бафтыд

ЦАЛДӔР азы размӕ Индонезимӕ, гыццыл сакъадах Сангихемӕ, куы ’рцыдаис, уӕд былгӕрон нӕ хотӕй ӕртӕйы федтаис. Уыцы сакъадахыл сӕ адӕм хорз зонынц, уымӕн ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц Библи хуыздӕр бамбарынӕн. Фӕлӕ уӕд хотӕ ӕндӕр цыдӕр арӕзтой.

Индонезийы ӕмӕ, йӕ алыварс чи ис, уыцы бӕстӕты картӕ. Гыццыл нывы ӕвдыст ис гыццыл сакъадах Сангихе.

Сакъадах Сангихе (Индонезийы цӕгат хай)

Фыццаг уал-иу денджызмӕ бацыдысты ӕмӕ-иу былмӕ стыр дуртӕ рахастой. Иуӕй-иу дуртӕ уыдысты футболы пуртийы йас. Стӕй-иу гыццыл хъӕдын бандӕттыл сбадтысты ӕмӕ-иу дзӕбугӕй дуртӕ хойын райдыдтой. Ӕмӕ-иу сӕ афтӕ ныцъцъӕл кодтой, цӕмӕй-иу дуры сӕстытӕ карчы айкӕй къаддӕр уыдаиккой. Уый фӕстӕ-иу сӕ пластик ведраты ныккалдтой, денджызы былӕй-иу сӕ асинты онг бахастой, асинтыл-иу схызтысты ӕмӕ-иу сӕ хӕдзармӕ ахастой. Уым-иу сӕ стыр голджыты ныккалдтой. Стӕй-иу сӕ стыр уӕзласӕн машинӕтӕ фӕндӕгтӕ аразынӕн аластой.

Хульдӕ былгӕрон дуртӕ ӕмбырд кӕны

Уыцы хотӕй иу уыди Хульдӕ. Цы ’хцатӕ-иу бакуыста, уыдонӕй йӕ бинонты дардта. Фӕлӕ иуафон фылдӕр рӕстӕг кусын райдыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ разы сӕвӕрдта нысан. Йӕ уавӕртӕ йын амыдтой, цӕмӕй иннӕтӕй фылдӕр куыстаид. Хульдӕйы фӕндыд планшет балхӕнын, цӕмӕй йӕм уыдаид приложени JW Library®. Хульдӕ зыдта, уыцы приложенийы цы видеороликтӕ ӕмӕ ӕрмӕг ис, уыдон ын кӕй баххуыс кӕндзысты арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнынӕн ӕмӕ Библи хуыздӕр ӕмбарынӕн.

Мӕй ӕмӕ ’рдӕг Хульдӕ алы райсом дӕр дыууӕ сахаты фылдӕр куыста. Уыйбӕрц дуртӕ ныссаста, ӕмӕ дзы гыццыл уӕзласӕн машинӕ байдзаг уыдаид. Гъемӕ йӕм ӕппынфӕстаг планшеты фаг ӕхца ӕрӕмбырд.

Хульдӕ йӕ планшетимӕ

Хульдӕ загъта: «Дур сӕттын ӕнцон куыст нӕу. Тынг-иу бафӕлладтӕн ӕмӕ-иу мӕ буар иууылдӕр рысти. Фӕлӕ мӕ ног планшет мӕ къухмӕ куы райстон, уӕд мӕ мӕ рыстытӕ уайтагъд айрох сты. Ныр мӕ бон у арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын, стӕй мын ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын дӕр ӕнцондӕр у». Ноджыдӕр ма загъта, планшет ын стыр ӕххуыс кӕй фӕци пандемийӕйы рӕстӕг дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕ видеоконференцийы фӕрцы уагътам. Мах дӕр Хульдӕимӕ тынг цин кӕнӕм, йӕ нысан йӕ къухы кӕй бафтыд, ууыл!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын