Зыдтай йӕ?
Фыццаг ӕнусы-иу сауджынтӕ кувӕндоны нывӕндтӕ куы ’рхастой, уӕд-иу сын сӕ туг цы фӕкодтой?
РАГОН Израилы-иу сауджынтӕ кувӕндоны алы аз дӕр нывондӕн ӕрхастой мингай фос. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттаг историк Иосиф Флавий куыд ныффыста, афтӕмӕй-иу Куадзӕны бӕрӕгбоны нывондӕн ӕрхастой 250 000 уӕрыккӕй фылдӕр. Уӕдӕ-иу уыдонӕй бирӕ туг куыннӕ рацыдаид! (Лев. 1:10, 11; Ным. 28:16, 19). Ӕмӕ-иу уӕд уыцы туг цы фӕкодтой?
Археологтӕ, Ирод кӕй сарӕзта, уыцы кувӕндоны алыварс куы скъахтой, уӕд дзы ссардтой сыгъдӕггӕнӕн системӕ. (Ироды кувӕндон фӕлӕууыд нӕ эрӕйы 70-йӕм азы онг, цалынмӕ йӕ ромӕгтӕ нӕ ныппырх кодтой, уӕдмӕ.) Уыцы сыгъдӕггӕнӕн системӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй хъуыди, цӕмӕй-иу уый уылты нывӕндты туг кувӕндонӕй ӕддӕмӕ калдаид.
Уыцы сыгъдӕггӕнӕн системӕ куыд конд уыд?
Хуынчъытӕ нывондхӕссӕны фарсмӕ. Ми́шнӕйыa фыст ис, нывондхӕссӕнӕн йӕ хуссар-ныгуылӕн тигъы бынмӕ кӕй уыди дыууӕ хуынчъы. Уыцы хуынчъытӕм-иу калдысты нывӕндты туг ӕмӕ-иу нывондхӕссӕн кӕмӕй сыгъдӕг кодтой, уыцы дон. Туг ӕмӕ-иу дон иумӕ сӕмхӕццӕ сты ӕмӕ-иу къанауы уылты Кедроны дӕлвӕзмӕ калдысты.
Археологтӕ цы ссардтой, уый бӕлвырд кӕны, Мишнӕйы цы фыст ис, уый. Кувӕндоны раз цы сыгъдӕггӕнӕн системӕ ссардтой, уый тыххӕй иу энциклопедийы фыст ис: «Ӕвӕццӕгӕн-иу туг ӕмӕ дон кувӕндонӕй ӕддӕмӕ уый уылты калдысты» (The Cambridge History of Judaism).
Бирӕ дон. Цӕмӕй-иу нывондхӕссӕны бын ӕмӕ, туг ӕддӕмӕ кӕй уылты калд, уыцы къанау сыгъдӕг уыдаиккой, уый тыххӕй хъуыди бирӕ дон. Дон кувӕндонмӕ цыди горӕтӕй. Калди йӕм къанӕутты ӕмӕ акведукты уылты, ӕмбырд та кодта доны дзыхъхъыты ӕмӕ цадты. Археолог Иосиф Па́трик загъта: «Рагзаманты, ӕвӕццӕгӕн, ӕрмӕстдӕр уыцы кувӕндоны уыди ахӕм диссаджы хорз системӕ, цӕмӕй йӕм дон мидӕмӕ цыдаид, чъизи дон та ӕддӕмӕ калдаид».
a Мишнӕ у, дзуттӕгтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дзыхӕй-дзыхмӕ кӕй лӕвӕрдтой, уыцы ӕгъдӕутты ӕмбырдгонд. Арӕзт фӕци н. э. 3 ӕнусы райдианы.