Ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнӕм ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнӕм
ӔГАС ДУНЕЙЫ ДӔР
БӔСТӔТӔ 239
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 7 782 346
ЦАЛ САХАТЫ ХЪУСЫН КОДТАМ 1 748 697 447
АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 8 759 988
АФРИКӔ
БӔСТӔТӔ 58
ЦӔРДЖЫТӔ 968 989 710
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 1 312 429
АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 2 999 639
Аборт не скодта
Эфиопийы сӕйраг горӕт Аддис-Абебӕйы цӕры Сабӕ, ис ын йӕхи дукани. Иухатт ын нӕ хотӕ радтой журнал «Пробудитесь!», уыди дзы аборты тыххӕй статья. Сабӕ сӕ мидӕмӕ бахуыдта ӕмӕ сын кӕугӕйӕ загъта, кӕй хъавы аборт скӕнын. Йемӕ зӕрдӕбынӕй аныхас кодтой ӕмӕ ӕртӕйӕ дӕр фӕкуыдтой. Уыцы бон Сабӕ йӕхицӕн загъта, аборт кӕй не скӕндзӕн ӕмӕ уый тыххӕй йӕ лӕгӕн фидарӕй загъта. Цасдӕры фӕстӕ йын гыццыл рӕсугъд чызг райгуырд. Стӕй ма Сабӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын дӕр ӕмӕ донаргъуыд райста. Ныр пионерӕй лӕггад кӕны. Йӕ лӕг дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ не ’фсымӕр сси. 2012 азы апрелы та сӕ лӕппу ӕмӕ сӕ чызг дӕр донаргъуыд райстой.
«Нӕ бон у... йемӕ аныхас кӕнын?»
Эфиопийы иу районон цӕстдарӕг ӕфсымӕримӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодта. Иу хӕдзарӕй сӕм ракаст, ӕфснайӕгӕй дзы чи куыста, ахӕм сылгоймаг, ӕмӕ йӕ бафарстой, сӕ бон у хӕдзары хицауимӕ аныхас кӕнын ӕви нӕ. Сылгоймаг сын куы загъта, уый гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ, уӕд ӕй бафарстой, сӕ бон ын у литературӕ ныууадзын. Уый ацыд йӕ хицауы фӕрсынмӕ ӕмӕ куы раздӕхт, уӕд сын загъта, литературӕ фенын уал ӕй кӕй фӕнды.
Ӕфсымӕртӕ йӕм журнал радтой. Цалдӕр минуты фӕстӕ сӕм рацыд ӕмӕ загъта, йӕ хицау ӕй кӕй бакӕсдзӕн. Уӕд ӕй ӕфсымӕртӕ бафарстой: «Кӕд йӕ бон ӕддӕмӕ рацӕуын нӕу, уӕд ӕм нӕ бон у бацӕуын ӕмӕ йемӕ аныхас кӕнын?» Сылгоймаг та ацыд, цӕмӕй йӕ бафарстаид. Ӕрӕгмӕ куы цыди, уӕд ӕфсымӕртӕ ахъуыды кодтой, нал рацӕудзӕн, зӕгъгӕ. Ӕппынфӕстаг сӕм куы рацыд, уӕд сӕ мидӕмӕ бакодта. Ӕфсымӕртӕ базыдтой, хӕдзары хицау Йиргу ацӕргӕ кӕй у, дӕс азы сынтӕгӕй кӕй не сты ӕмӕ йӕ бон бадын дӕр кӕй нӕу. Сылгоймаг сӕм ӕрӕгмӕ уый тыххӕй цыд, ӕмӕ йын йӕ дзаумӕттӕ кӕнынӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ уат ӕфснайдта.
Ӕфсымӕртӕ йын хорз хабар радзырдтой. Йиргуйы зӕрдӕмӕ фӕцыд, цы фехъуыста, уый ӕмӕ сразы Библи ахуыр кӕныныл. Цалынмӕ ахуыр кодта, уӕдмӕ йе ’нӕниздзинад дӕр фӕхуыздӕр. Цасдӕры фӕстӕ йӕ бон уыд сынтӕгӕй стын ӕмӕ инвалиды коляскӕйы рацу-бацу кӕнын. Стӕй райдыдта ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ ӕрӕджы облӕстон конгрессы донаргъуыд райста.
Йӕ фыды чингуытӕ цы аргъуанӕй уыдысты, уый ссардта
Калвин цӕры Зимбабвейы. Цыппар азы йыл куы цыди, уӕд йӕ фыд амард ӕмӕ йын ницы ныууагъта, ӕрмӕстдӕр иу хызын. Йӕ мидӕг уыд «Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕмӕ «Пророчество Исаии – свет для всего человечества» (том 1). Стӕй ма йын бафӕдзӕхста: «Ацы чингуытӕ чи рауагъта, уыцы аргъуанмӕ-иу бацу. Рӕстдзинад уым ис».
Калвинӕн йӕ мад куы амард, уӕд ӕй йӕ мадымад йӕхимӕ акодта. Фараст азы дӕргъы Калвин нӕ куымдта, йӕ мадымад цы аргъуанмӕ цыд, уырдӕм. Дзырдта-иу, зӕгъгӕ, иу бон ссардзынӕн, мӕ фыд мын цы чингуытӕ ныууагъта, уыдон цы «аргъуанӕй» сты, уый.
Иубон йӕ мадымад нӕ хотӕй иуыл фембӕлд, фӕлӕ йӕ нӕ зыдта, Ӕвдисӕн кӕй у ӕмӕ йын рахъаст кодта, йӕ чызджы лӕппу хивӕнд кӕй у: хуыцаубоны йемӕ йӕ аргъуанмӕ нӕ фӕкомы, фӕлӕ ӕнӕхъӕн бон фӕкӕсы, йӕ фыд ын кӕй ныууагъта, уыцы чиныг. Хо йӕ бафарста чиныджы номӕй. Уый йын загъта, зӕгъгӕ, Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ницӕйаг чингуытӕй иу.
Хо йын загъта, уыцы лӕппуйы фенын ӕй кӕй фӕнды. Куы фембӕлдысты, уӕд Калвинӕн йӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд. Уыцы хо йемӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Стӕй ма лӕппу райдыдта алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын, кӕд йӕ мадымад йӕ ныхмӕ тынг карзӕй цыд, уӕддӕр. Калвин фидарӕй сфӕнд кодта, рӕстдзинадыл кӕй хӕцдзӕн, ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ мад ӕмӕ йӕ фыд кӕд райгас уыдзысты, уыцы рӕстӕгмӕ. 2012 азы августы Калвин донаргъуыд райста.
«Кӕмӕ кувыс, уыцы Хуыцау тыхджын у»
Каро цӕры Угандӕйы. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уымӕй иу мӕйы фӕстӕ йӕ лӕг Мартин, дӕсныфӕрсӕг, йӕ ныхмӕ карзӕй тох кӕнын райдыдта. «Дӕ чингуыты тыххӕй нӕ фыдӕлты удтӕ нӕ хӕдзармӕ нал цӕуынц»,– дзырдта-иу ын уый. Тынг ӕй ӕфхӕрдта ӕмӕ йӕм ӕртхъирӕн кодта, зӕгъгӕ, Библи ахуыр кӕнын куы нӕ ныууадзай, уӕд дӕ амардзынӕн. Стӕй бинонтӕн дӕр нал ӕххуыс кодта. Каро йын ницы дзырдта, ӕмӕ йӕ бинонты дардта, сӕ цӕхӕрадоны-иу цы ӕрзайын кодта, уымӕй, ӕмӕ дарддӕр Библи ахуыр кодта. Фӕстӕдӕр куы бамбӕрста, йӕ цардӕн ӕцӕгдӕр тӕссаг кӕй у, уӕд хӕдзарӕй алыгъд ӕмӕ фыдӕбон кодта, цӕмӕй йӕхи фӕдардтаид. Фӕлӕ стӕй фехъуыста, йӕ сывӕллӕттӕ кӕй фӕрынчын сты, ӕмӕ йӕм цы капеччытӕ уыд, уыдонӕй сын хостӕ балхӕдта.
Цасдӕры фӕстӕ Каромӕ йӕ лӕг телефонӕй фӕдзырдта: «Хӕдзармӕ раздӕх. Ӕз бамбӕрстон, кӕмӕн кувыс, уыцы Хуыцау тыхджын кӕй у ӕмӕ дын кӕй ӕххуыс кӕны. Стӕй, демӕ чи ахуыр кӕны, уыдонӕн зӕгъ, цӕмӕй мемӕ дӕр ахуыр кӕной. Ӕцӕгӕйдӕр мӕ фӕнды мӕ цард фӕивын». Мартин хынджылӕг нӕ кодта. Ныр бинонтӕ фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрынц. 2012 азы августы облӕстон конгрессы Мартин ӕмӕ Каро донаргъуыд райстой.
Иунӕг хъусынгӕнӕг дард горӕты
Кенийы иу нӕлгоймаг, Дейвид, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд цард йӕ хӕдзарӕй дард горӕты. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ’рыздӕхт йӕ райгуырӕн хъӕу Локичармӕ, Кенийы цӕгат-ныгуылӕн фарсмӕ. Ӕввахсдӕр ӕмбырд ӕм уыди горӕт Лодвары, хъуыди йӕм 165 километры цӕуын. Кӕд цыппар азы дӕргъы Дейвид Ӕвдисӕнтыл цалдӕр хатты йеддӕмӕ нӕ фембӕлд, уӕддӕр йӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ йӕ хиуӕттӕн дзырдта, Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы базыдта, уый. Иуӕй-иутӕ йӕм хорз хъуыстой ӕмӕ цалдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын дӕр райдыдта. 2007 азы Лодвары ӕфсымӕрты ссардта ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уырдӕм мӕй дыууӕ хатты цыди мотоциклыл, таксийыл ӕмӕ микроавтобусыл.
Дейвидӕн йӕ зонындзинӕдтӕ куыд фылдӕр кодтой, афтӕ ноджы зынгзӕрдӕйӕдӕр хъусын кодта. Донаргъуыд дӕр нӕма уыд, афтӕмӕй йӕ хӕдзары раз самандурӕй сарӕзта «Паддзахады зал», йӕ сӕр та йын хъӕмпӕй бамбӕрзта, ӕмӕ хорз хабармӕ чи хъуыста, уыдонӕн дзы ӕмбырдтӕ уагъта. Фӕлӕ хъӕуы цӕрджытӕй алкӕмӕн йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, Дейвид кӕй хъусын кодта, уый ӕмӕ йӕ дыууӕ азы дӕргъы ӕфхӕрдтой ӕмӕ-иу ӕй нӕмгӕ дӕр фӕкодтой. Иу хатт ӕй афтӕ фӕнадтой, ӕмӕ ницыуал ӕмбӕрста. Дзырдтой, зӕгъгӕ, адӕмы Хӕйрӕгӕн кувын кӕны. Фӕлӕ Дейвид сӕ окруджы хицаумӕ бахъаст кодта ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ничиуал хъыгдары ӕмӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕны. «Царды мын рӕстдзинадӕй зынаргъдӕр ницы ис,– загъта Дейвид,– ӕмӕ мӕ ничи бауромдзӕн».
2009 азы Дейвид донаргъуыд райста ӕмӕ ныр у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг пионер. Кӕм цӕрынц, уым йӕхи ӕмӕ йӕ 15-аздзыд лӕппуйы йеддӕмӕ хъусынгӕнджытӕ нӕй. Фӕлӕ Дейвид кӕй сарӕзта, уыцы залмӕ 2012 азы апрелы Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 60 адӕймаджы.
«Фыстады нын равдис, раст кӕй нӕ дзуры»
Джанет цӕры Ганӕйы, у ӕххӕстрӕстӕг пионер. Иухатт автобусы дард ранмӕ цӕугӕйӕ касти, Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг. Автобусмӕ схызт иу сауджын, Хуыцауы тыххӕй цыдӕртӕ радзырдта ӕмӕ стӕй бӕлццӕттӕн загъта, сӕ бон кӕй у мысайнаг раттын. Джанет ӕй бафарста: «Ды загътай, Йесо Хуыцау кӕй у. Фӕлӕ Йесо донаргъуыд куы иста, уӕд ӕм чи ӕрдзырдта?»
Сауджын загъта: «Уый ничи зоны».
Джанет йӕ чиныджы 4 сӕр байгом кодта, цалдӕр стихы дзы равзӕрста ӕмӕ бӕлццӕттӕй кӕмӕндӕрты загъта, цӕмӕй сӕ бакӕсой. Стӕй сын бамбарын кодта, Йесо ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ иу кӕй не сты.
«Ды хингӕнӕг куы дӕ»,– загъта йын сауджын.
Бӕлццӕттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Джанеты сӕрыл рахӕцыдысты: «Адӕймаджы ӕнӕхъуаджы цы ’фхӕрыс?! Уый бӕсты нын Фыстады равдис, раст кӕй нӕ дзуры, уый». Сауджын тынг смӕсты ӕмӕ иннӕ остановкӕйы автобусӕй рахызт. Джанеты цур цы ӕрыгон сылгоймаг бадт, уый йын загъта: «Ӕз афтӕ ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ Йегъовӕ у, Ӕвдисӕнтӕ кӕм фембырд кӕнынц, уыцы аргъуаны ном. Хуыцауы ном кӕй у, уый нӕ зыдтон, цалынмӕ уын сауджынимӕ уӕ ныхас нӕ фехъуыстон, уӕдмӕ».
Джанет ма йемӕ аныхас кодта, йӕ телефоны номыр ын райста ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йӕм бадзурдзӕн. Уыцы сылгоймаг хӕдзармӕ куы ӕрбацыд, уӕд хабар радзырдта йӕ мадымадӕн. Уый дӕр тынг бадис кодта, Йегъовӕ Хуыцауы ном кӕй у, ууыл. Фӕстӕдӕр Джанет Ӕвдисӕнтӕй кӕмӕндӕр загъта, цӕмӕй уыцы сылгоймаг ӕмӕ йӕ мадымадмӕ бацыдаиккой. Ныр дыууӕйӕ дӕр ӕмбырдтӕм цӕуынц.
АМЕРИКӔ
БӔСТӔТӔ 57
ЦӔРДЖЫТӔ 946 087 916
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 3 861 145
АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 4 196 922
Ӕнхъӕл кӕм нӕ уыд, уым рӕстдзинад ссардта
Боливийы ахӕстоны кусджытӕ ахӕстоны кӕртмӕ тыхӕй бакодтой 20-аздзыд Андреайы. Чызг хъӕр кодта, ӕвзӕр дзыхӕй дзырдта ӕмӕ ӕртхъирӕнтӕ кодта. Андреа мӕстыгӕр ӕмӕ тыхджын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы адӕм тарстысты. Уыцы рӕстӕг ахӕстоны ӕнаххосӕй бадти Лейди, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уый Андреайӕ нӕ тарст, фӕлӕ йын тӕригъӕд кодта. Лейди-иу алы райсом дӕр нӕ зарджыты чиныгӕй иу зарӕг хъӕрӕй бакасти. Андреа йӕ куы фехъуыста, уӕд ӕй бафарста: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕ?»
Лейди йын, о, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд Андреа радзырдта: «Мӕ мад дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн у ӕмӕ-иу ӕз дӕр йемӕ ӕмбырдтӕм цыдтӕн. Мемӕ Библи дӕр ахуыр кодта». Стӕй Андреа йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ ныккуыдта. Цалдӕр боны дӕргъы Лейди йемӕ Хуыцауы тыххӕй ныхас кодта. Андреайӕн тӕрхон куы кодтой, уӕд иумӕ Йегъовӕмӕ скуывтой ӕмӕ дзы ӕххуыс ӕмӕ разамынд ракуырдтой. Андреайы суӕгъд кодтой ӕмӕ дарддӕр Библи ахуыр кодта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг сси ӕмӕ ныр йӕхи донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ кӕны.
Лейди ахӕстоны ӕнаххосӕй кӕй бадти, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Цалынмӕ ахӕстонӕй нӕ рацыд, уӕдмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта 21 адӕймагимӕ. Ныр къуыри ӕртӕ хатты ахӕстонмӕ ’рбацӕуы, цӕмӕй семӕ дарддӕр ахуыр кӕна.
Сайт www.jw.org сын баххуыс кодта
2011 азы уалдзӕджы иу хуыцаубон Канадӕйы Паддзахады залмӕ бацыдысты аив конд лӕг ӕмӕ ус дыууӕ сывӕллонимӕ. Ӕмбырды ахъуыды кодтой, ӕндӕр горӕтӕй нӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрбацыдысты, зӕгъгӕ. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр Доминик ӕмӕ уыцы нӕлгоймаг уайтагъд кӕрӕдзи базыдтой. 17 азы размӕ Доминик йемӕ ахуыр кодта Библи. Фӕстаг дыууӕ азы дӕргъы-иу Марк-Андре ӕмӕ йӕ бинойнаг Жозе сайтӕй www.jw.org рафыстой ӕмӕ-иу кастысты журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Пробудитесь!». Афтӕмӕй бамбӕрстой, ӕгас бинонтӕй дӕр Паддзахады залмӕ кӕй хъуамӕ ацӕуой. Семӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой ӕмӕ ныр иу ӕмбырд дӕр нӕ уадзынц. Библи дыууӕ мӕйы йеддӕмӕ нӕ ахуыр кодтой, афтӕмӕй алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уадзын райдыдтой. Сӕ уырнындзинад фидар кодта ӕмӕ 2012 азы майы Жозейӕн Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы уыди фыццаг хӕслӕвӕрд.
Йӕ сихор ӕмӕ мын йӕ худ дӕр радта
2010 азы Чилийы облӕстон конгрессы 10-аздзыд Марсело бафиппайдта, йӕ фарсмӕ чи бадт, уыцы ацӕргӕ нӕлгоймагмӕ литературӕ кӕй нӕ уыд.
– Библи йӕм нӕй,– йӕ мады хъусы бадзырдта.
– Дӕ Библи йӕм авӕр,– сусӕгӕй йын загъта уый.
Марсело лӕгмӕ ӕввахсдӕр бабадт, йӕ Библи йӕм радта ӕмӕ иумӕ стихтӕм кастысты. Уыцы лӕг хуынди Виктор. Сихорафон Марсело йӕ мадӕн загъта: «Хӕринаг ӕм нӕй». Уый йын загъта, цӕмӕй йын йӕ сихорӕй фӕхай кодтаид. Марсело дӕр уыцы лӕгӕн бутерброд ӕмӕ тӕвд цай радта. Цалынмӕ Виктор хӕргӕ кодта, уӕдмӕ йын Марсело Библийы ӕвдыста, цы стихтӕ зыдта, уыдон.
Фӕссихор хур тынгдӕр тавын райдыдта. Марсело та йӕ мадӕн загъта: «Худ дӕр ӕм нӕй».
Мад ын загъта: «Дӕ худ ӕм авӕр». Уый дӕр афтӕ бакодта. Программӕйы фӕстӕ Марсело ӕмӕ Виктор кӕрӕдзийӕн хӕрзбон загътой.
Иннӕ аз облӕстон конгрессы Марсело ракӕс-бакӕс кодта, зӕгъгӕ, Виктор ӕрбацыд ӕви нӕ. Куыд бацин кодта, уым куы разынд ӕмӕ йын йӕ уӕлӕ галстук куы федта, уӕд! Виктор Марселойы куы ауыдта, уӕд загъта: «Абон ам ацы лӕппуйы фӕрцы дӕн. Фарон мын конгресмӕ хуынды гӕххӕтт радтой ӕмӕ ӕрбацыдтӕн. Ацы лӕппу мӕм йӕ Библи дӕр ӕмӕ йӕ худ дӕр радта, стӕй мын йӕ сихор дӕр радта. Ныр Библи ахуыр кӕнын!» Виктор сси ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг.
Журналист дзы раппӕлыд
Венесуэлӕйы иу зындгонд журналист йӕ статьяйы радзырдта, националон телефонты компанимӕ ӕххуысмӕ куы бадзырдта, уӕд ыл цы хабар ӕрцыд, уый. Оператор ын цыбыр ӕмӕ мӕсты дзуапп радта. Дыккаг хатт сӕм куы бадзырдта, уӕд ын дзуапп радта иу лӕппу, йӕхи схуыдта Мисаэль, йемӕ уӕзданӕй аныхас кодта ӕмӕ йын баххуыс кодта. Журналист ныффыста: «Уыцы лӕппу разынд хӕларзӕрдӕ, уӕздан, ӕнӕзивӕг ӕмӕ ӕххуысмӕ цӕттӕ. Бамбарын мын кодта, цы саразын мӕ хъӕуы, уый ӕмӕ ма мын хорз уынаффӕтӕ дӕр радта, ахӕм уавӕры цы кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл».
Ацы сылгоймаг дзы куы раппӕлыд, уӕд ын Мисаэль бамбарын кодта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у ӕмӕ кӕй архайы, цӕмӕй адӕммӕ кӕса, Йесо йӕ куыд ахуыр кӕны, афтӕ. Журналист Мисаэлӕн загъта, цӕмӕй йӕ йӕ хицауимӕ баиу кодтаид, ӕмӕ йын йӕ кусӕгӕй тынг раппӕлыд. Йӕ статьяйы фыста, Мисаэль кӕй у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ фӕзминаг венесуэлаг. Кӕронӕй ма ныффыста: «Адӕмимӕ чи кусы, уыдон се ’ппӕт дӕр хъуамӕ ацы лӕппуйы хуызӕн уой».
«Ӕгоммӕгӕс ма ут!»
2011 азы октябры Эквадоры, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл чи уыд, уыцы облӕстон конгрессы донаргъуыд райста 15-аздзыд Габриелӕ. Йӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд! Тынг тыхсти, къуырисӕры скъоламӕ куы ’рбацыд, уӕд. Йӕ ахуыргӕнӕгӕн загъта, йе ’мкъласонтӕн ӕй цыдӕр зӕгъын кӕй фӕнды. Ахуыргӕнӕг ын бар радта ӕмӕ Габриелӕ размӕ рацыд ӕмӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл загъта: «Ацы майрӕмбон, сабат ӕмӕ хуыцаубоны уыдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессы ӕмӕ донаргъуыд райстон. Фӕнды ма мӕ зӕгъын, ацы дунейы фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм. Бирӕ рӕстӕг ын нал баззад! Ӕмӕ уӕ фӕдзӕхсын, уӕ цард кӕй хъуамӕ фӕиват. Ӕгоммӕгӕс ма ут. Хуыцауӕй тӕрсут!» Йе ’мкъласонтӕ дисы бахаудысты.
Уыцы бон переменӕйы Габриелӕмӕ бацыд Катти, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, ахӕм Ӕвдисӕн, ӕмӕ йӕ конгрессӕй бафарста. Габриелӕ йын ӕргом загъта: «Тынг хорз уыди. Ныр донаргъуыд Ӕвдисӕн дӕн ӕмӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уон. Уымӕ гӕсгӕ де ’мбал нал уыдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды Библимӕ гӕсгӕ нӕ цӕрыс ӕмӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕз дӕр Йегъовӕйӕ адард уон. Дӕ цард дӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы фӕивын. Уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувай ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнай. Ӕз ӕй зонын, дӕ бон кӕй у хуыздӕрырдӕм фӕивын». Габриелӕ ӕргом, фӕлӕ уӕздан ныхас кӕй кодта, уый фӕрцы Катти хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацыд. Уыдон ын баххуыс кодтой ӕмӕ та ныр Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕны.
Йӕ ахуыргӕнӕджы ноутбукӕй спайда кодта
Америкӕйы Иугонд Штатты 16-аздзыд хойы йе ’мкъласонтӕ йӕ динӕй бафарстой, фӕлӕ йӕм нӕдӕр литературӕ уыд, нӕдӕр Библи. Цӕмӕй сын сӕ фарстатӕн дзуапп радтаид, уый тыххӕй йӕ стихтӕ бакӕсын фӕндыд ӕмӕ сӕ ахуыргӕнӕджы ноутбукы бакодта сайт www.jw.org. Хо сын ӕрмӕст сӕ фарстатӕн нӕ радта дзуапп, фӕлӕ ма сын равдыста, сайтӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый дӕр. Загъта сын, Библийӕ сӕм фарстатӕ куы фӕзына ӕмӕ сӕм Ӕвдисӕнтӕй ӕввахс куы ничи уа, уӕд дӕр сӕ бон кӕй у нӕ сайт бакӕнын ӕмӕ дзы дзуапп ссарын. Бонтӕ куыд цыдысты, афтӕ бафиппайдта, йе ’мкъласонтӕ йӕм раздӕрау бирӕ фарстатӕ кӕй нал лӕвӕрдтой. Уый тыххӕй сӕ куы бафарста, уӕд ын иуӕй-иутӕ загътой, алы бон дӕр сӕ телефонты нӕ сайтмӕ кӕй бацӕуынц. Суанг ма сӕ ахуыргӕнӕг дӕр афтӕ кодта!
АЗИ ӔМӔ ӔВВАХС СКӔСӔН
БӔСТӔТӔ 48
ЦӔРДЖЫТӔ 4 222 869 785
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 674 608
АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 662 736
Хъӕу фыдбылызӕй аирвӕзт
Индонезийы иу гыццыл хъӕуы уылты Ӕвдисӕнты къорд зианмӕ фӕцӕйцыд. Иу пионер фӕндагыл цалдӕр ӕрыгон лӕппуйы федта. Семӕ аныхас кодта ӕмӕ сын ныууагъта брошюрӕ «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай». Фӕстӕдӕр иу хо хӕдзармӕ ууылты фӕцӕйцыд ӕмӕ йыл иу нӕлгоймаг амбӕлд, йӕ къухы уыди брошюрӕ «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай». Уый хойы баурӕдта, бузныгтӕ йын фӕдзырдта, Ӕвдисӕнтӕ йын йӕ лӕппутӕн ацы брошюрӕ кӕй радтой, уый тыххӕй ӕмӕ загъта: «Уый фӕрцы мӕ лӕппутӕ фыдбылызӕй аирвӕзтысты!» Хо нӕ бамбӕрста, цӕй кой кодта, уый ӕмӕ йӕ бафарста, цы ’рцыд, зӕгъгӕ. Нӕлгоймаг ын бамбарын кодта, йӕ кӕстӕр фырттӕ кӕй фӕнд кодтой иу хъӕумӕ бабырсын. Бынӕттон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕ маст систаиккой, се ’мбалы сын чи бафхӕрдта, уыдонӕй. Фӕлӕ лӕппутӕ брошюрӕ куы бакастысты, уӕд базыдтой, иннӕтимӕ чи хыл кӕны, уыдон кӕй нӕ цӕрдзысты, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй ӕвӕры, уыцы Дзӕнӕты. Уый фӕрцы ӕрсабыр сты, сӕ фӕнд ныууагътой ӕмӕ хӕдзармӕ раздӕхтысты. Брошюрӕйы фӕрцы хъӕу фыдбылызӕй аирвӕзт.
Трансвестит йӕ цард фӕивта
Рек схъомыл Камбоджӕйы хорз бинонты ’хсӕн. Фӕлӕ йӕм йӕ фаззон ӕфсымӕримӕ сӕ гыццылӕй нырмӕ афтӕ каст, цыма чызджытӕ сты. Куклатӕй хъазыдысты ӕмӕ уарзтой чызджы дзаумӕттӕ кӕнын. Йӕ мадмӕ уый тынг худинаг каст, фӕлӕ сын цы бакодтаид, уый нӕ зыдта. Скъоламӕ-иу лӕппуйы дарӕсы рацыдысты, фӕлӕ-иу куыддӕр уырдӕм бахӕццӕ сты, афтӕ-иу чызджы дарӕс скодтой. Фаззӕттыл 16 азы куы цыди, уӕд ацыдысты, трансвеститтӕй рӕсугъддӕр чи у, уый кӕм ӕвзӕрстой, уыцы конкурсмӕ. Уым сыл сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ райдыдтой телеуынынады алыхуызон телешоутӕм ӕмӕ комедион программӕтӕм хонын. Фӕстӕдӕр Рек сси гомосексуалист ӕмӕ йӕ рӕстӕг ӕрвыста иннӕ трансвеститтимӕ.
Лӕппуты мад райдыдта аргъуанмӕ цӕуын ӕмӕ иу хатт Рекы дӕр йемӕ акодта. Йӕ мадӕн сразы, цӕмӕй нӕлгоймаджы дзаумӕттӕ скодтаид, фӕлӕ йӕ даргъ дзыккутӕ акъуырын нӕ бакуымдта. Аргъуаны пастор йӕ раныхасы Рекӕн цалдӕр хатты бафидис кодта йӕ цардыуаджы тыххӕй ӕмӕ йыл худти. Фӕлӕ уӕддӕр Рек йӕхицӕн загъта, кӕй бацархайдзӕн, цӕмӕй ацы аргъуаны Библи ахуыр кӕнын райдайа. Фыццаг къуыри райсомӕй раджы сыстад ӕмӕ велосипедыл цалдӕр километры аргъуанмӕ фӕцыд, фӕлӕ йын пастор загъта, демӕ мӕм Библи ахуыр кӕныны зӕрдӕ нӕй, зӕгъгӕ. Рекӕн аргъуан бынтондӕр фенад, дыккаг къуыри йӕм пастор кӕсгӕ дӕр куы нӕ ракодта, уӕд.
Фӕлӕ Рек хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд ын йӕ фаззон ӕфсымӕр загъта, иу сылгоймаг сӕм кӕй уыд ӕмӕ Библи лӕвар ахуыр кӕныны тыххӕй кӕй дзырдта. Уыцы сылгоймаг сын ныууагъта, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм чиныг. Уыцы хо ӕмӕ йӕ лӕг фаззӕттимӕ ахуыр кӕнын райдыдтой. Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ Рекы ’фсымӕр загъта, йӕ бон кӕй нӕу йӕ цардыуаг фӕивын ӕмӕ нал ахуыр кодта. Фӕлӕ Рекӕн йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдтой 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10 ныхӕстӕ ӕмӕ бамбӕрста, цы саразын ӕй хъуыд, уый. Библи алы бон дӕр кӕй касти ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг кӕй ахуыр кодта, Хуыцаумӕ кӕй куывта ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй цыди, уый фӕрцы йӕ бон сси йӕ цард фӕивын. Рекы мад дӕр Библи ахуыр кӕны ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕны. Рек донаргъуыд куы райста, уӕд йӕ мадӕн йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ загъта: «Куыд амондджын дӕн, мӕ лӕппу донаргъуыд кӕй райста, ӕмӕ йӕхи нӕлгоймагыл кӕй нымайы». Ныр Рек лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй.
Дӕсныфӕрсӕг йӕ цард фӕивта
Израилы горӕт Хайфӕйы цӕры иу сылгоймаг Ор-Я. Раздӕр уыди дӕсныфӕрсӕг, рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ-иу адӕймагӕн йӕ фидӕн дӕр радзырдта. Иухатт ын йӕ дуар бахостой, сӕрмагонд пионертӕй чи лӕггад кодта, ахӕм лӕг ӕмӕ ус. Ор-Я сӕм куы ракаст, уӕд сын загъта: «Кӕд Хуыцауы тыххӕй дзурут, уӕд мидӕмӕ рахизут!» Йӕ хӕдзар йедзаг уыд хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст дзауматӕй. Уый радзырдта, зӕгъгӕ йын Хуыцау цыдӕр хабӕрттӕ фехъусын кӕны, стӕй ма йӕм ӕрбарвиты мард раввины «уд» дӕр.
Ор-Я сразы Библи ахуыр кӕныныл. Ацы дыууӕ Ӕвдисӕны йӕм куы ’рбацыдысты, уымӕй дыууӕ боны размӕ Ор-Я Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй йын исчи ӕнӕ раввинты амындтӕй Библи бамбарын кодтаид. Иу мӕйы фӕстӕ сӕ бафарста: «Сымах цӕуыл ахуыр кӕнут, ууыл ма исчи ӕууӕнды». Ор-Я ӕмбырдмӕ куы ’рбацыд, уӕд ын йӕ зӕрдӕ бацагайдта, Ӕвдисӕнтӕ йыл куыд тынг бацин кодтой, уый. Уӕдӕй фӕстӕмӕ иу ӕмбырд дӕр нӕ фӕцух кодта.
«Зонут, дыууӕ мӕйы йеддӕмӕ уын кӕй нӕ баззад, цӕмӕй мӕ донаргъуыдмӕ бацӕттӕ кӕнат!»
Дыууӕ мӕйы фӕстӕ Ор-Я бафарста, тагъд цы конгресс хъуамӕ уыдаид, уымӕй: «Мыййаг дзы донаргъуыд фӕисынц? Кӕд о, уӕд ӕй зонут, дыууӕ мӕйы йеддӕмӕ уын кӕй нӕ баззад, цӕмӕй мӕ донаргъуыдмӕ бацӕттӕ кӕнат!» Фыццаджыдӕр аппӕрста хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст зынаргъ дзауматӕ ӕмӕ дӕсны дӕр нал фарста. Стӕй райдыдта иннӕтӕн хъусын кӕнын ӕмӕ йӕ раздӕры клиенттӕн лӕвӕрдта нӕ чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ. Куы фӕрынчын, уӕд йӕхи нал дзӕбӕх кодта, раздӕр цы мадзӕлттӕй пайда кодта, уыдонӕй. Йӕ куыст кӕй ныууагъта, уый тыххӕй йӕм цыппар мӕйы дӕргъы ӕхца нал ӕфтыд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхицӕн агуырдта, къуыри цыппар боны, бон ӕхсӕз сахаты кусын кӕм хъӕуа, ӕрмӕстдӕр ахӕм куыст, цӕмӕй йын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уыдаид. Ӕмӕ иу бон ахӕм куыст ссардта. Уый фӕстӕ йе стыр хӕдзар ауӕй кодта ӕмӕ гыццыл фатер баххуырста.
Цасдӕры фӕстӕ Ор-Я донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ уыд, фӕлӕ ма конгресмӕ иу къуыри куы хъуыди, уӕд йӕ къах асасти. Фӕлӕ кӕд йӕ къах гипсы уыд, уӕддӕр донаргъуыд райста. Ныр Ор-Я зӕрдиагӕй хъусын кӕны йӕ раздӕры клиенттӕн ӕмӕ йын ис Библийы ахуыртӕ.
Сектӕйы чи уыд, уый рӕстдзинад базыдта
Филиппинты иу дард хӕххон хъӕуы, Ӕвдисӕнтӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой, хъусӕй чи нӕ хъуыста, дыууӕ ахӕм фаззон ӕфсымӕримӕ. Цы сектӕйы уыдысты, уым сӕ ахуыр кодтой, зӕгъгӕ, адӕймаг цавӕрдӕр амулеттӕ ӕмӕ бӕттӕнтӕ куы дара, уӕд ын хӕцӕнгарзӕй тӕссаг нӕу. Фаззӕтты сахуыр кодтой кӕрдтӕй, хъаматӕй ӕмӕ дамбацатӕй пайда кӕнын, ӕмӕ-иу хӕхбӕсты змӕнтджыты ныхмӕ тох кодтой. Библи ахуыр кӕныны бар сын радтой, кӕд сын Ӕвдисӕнтӕ сектӕйӕ ацӕуыны тыххӕй нӕ дзырдтаиккой, уӕд.
Не ’фсымӕртӕ сӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, разӕнгард кодтой, цӕмӕй, Библийӕ цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ уынаффӕтӕ сӕхӕдӕг хастаиккой. Фаззӕттӕй иу бамбӕрста, йӕ бон кӕй нӕу Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрын. Фӕлӕ иннӕ йӕ ахуыр нӕ ныууагъта. Йемӕ чи ахуыр кодта, уыцы ӕфсымӕр ӕй цӕмӕй бафидар кодтаид, уый тыххӕй йын Библи бакодта ӕмӕ йын къухӕйамонгӕ ӕвзагыл загъта: «Дӕ ном, Самуил, ис Библийы дӕр. Ӕмӕ дзы цы Самуилы кой цӕуы, уый йӕ зӕронды бонтӕм лӕггад кодта ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын». Уыцы хъуыды Самуилы зӕрдӕмӕ арф бахъардта ӕмӕ ахъуыды кодта: «Кӕд мӕ ном Библийы ис, уӕд ӕз дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы фарс уон». Стӕй йӕ сектӕйы загъта, уыцы хӕхбӕстӕйӕ кӕй цӕуы, йӕ амулеттӕ ӕмӕ йын мӕнг динимӕ цыдӕриддӕр баст уыд, уыдӕттӕ басыгъта ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Фӕстӕдӕр донаргъуыд райста ӕмӕ ныр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны ӕмӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕмӕн Библийы рӕстдзинад базонынӕн зынгзӕрдӕйӕ ӕххуыс кӕны.
Сывӕллон сӕмбӕлд стыр фӕлварӕныл
Раджив цӕры цӕгат Индийы иу дард хъӕуы. Фараст азы йыл куы цыд ӕмӕ цыппӕрӕм къласы куы ахуыр кодта, уӕд сӕ йӕ ахуыргӕнӕг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ахуыр кодта чиныгӕй «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ». Раджив йӕ зӕрдӕмӕ арф айста, цы хъуыста, уый ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрыныл архайдта. Йӕ ахуыргӕнӕгӕн радзырдта, сайгӕ кӕй нал кӕны ӕмӕ йе ’мкъласонтимӕ дӕр кӕй нал хыл кӕны, стӕй сихор кӕмӕ нӕ вӕййы, уыдонӕн дӕр йӕ хӕринагӕй кӕй фӕхай кӕны.
«Ды мын ацы цырты раз мӕ сӕр тыхӕй ӕркъул кӕнын кодтай, фӕлӕ мын мӕ зӕрдӕ никуы ӕркъул кӕнын кӕндзынӕ»
Зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй фылдӕр куы базыдта, уӕд хорз хабар дзурын райдыдта йӕ хъӕуы цӕрджытӕн ӕмӕ-иу поезды кӕимӕ цыд, уыдонӕн. Радживмӕ йӕ ныййарджытӕ мӕсты кодтой ӕмӕ сӕм худинаг дӕр касти. Уыдон ын дзырдтой, цӕмӕй Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй мауал дзырдтаид. Фӕлӕ сӕм лӕппу нӕ хъуыста, ӕмӕ-иу ӕй фӕнадтой. Скъолайӕ-иу куы ’рбацыд, уӕд-иу ын йӕ мад йӕ дзаумӕттӕ бамбӕхста, цӕмӕй макуыдӕм цыдаид ӕмӕ хорз хабар макӕмӕн дзырдтаид. Йӕ ныййарджытӕ-иу ӕй йӕ сынтӕджы фынӕй кӕнын нӕ уагътой ӕмӕ йын фаг хӕринаг дӕр нал лӕвӕрдтой. Фӕлӕ сын уыдӕттӕй куы ницы рауад, уӕд сауджынмӕ фӕдзырдтой, цӕмӕй лӕппуйы зондахаст аивтаид.
Сауджын сӕм цалдӕр боны баззад ӕмӕ архайдта, цӕмӕй Раджив мӕнг хуыцауы цыртӕн бакуывтаид. Раджив ын загъта, уый удӕгас хуыцау кӕй нӕу, фӕлӕ дур. Уӕд ын сауджын загъта: «Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма удӕгас у. Ӕрмӕстдӕр дӕ афтӕмӕй „бауырндзӕн“, уыцы цырт хуыцау кӕй у». Уӕд Раджив гӕххӕтты гӕбаз райста ӕмӕ йыл афыста «100 рупийы». Сауджынмӕ йӕ радта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй дзы шоколад балхӕна ӕмӕ ма йӕм цы ӕхца баззайа, уый йӕм ӕрбахӕсса. Сауджын ын загъта, зӕгъгӕ мӕ ӕдылыйыл нымайыс, уый цӕй ӕхца у, гӕххӕтты гӕбаз йеддӕмӕ куы ницы у. Раджив ын загъта: «Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ӕцӕг ӕхца у, ӕмӕ дӕ уӕд бауырндзӕн». Сауджын рамӕсты ӕмӕ лӕппуйы сӕр цырты раз тыхӕй ӕргуыбыр кодта. «Ды мын ацы цырты раз мӕ сӕр тыхӕй ӕркъул кӕнын кодтай, фӕлӕ мын мӕ зӕрдӕ никуы ӕркъул кӕнын кӕндзынӕ»,– загъта йын Раджив. Сауджын сӕм бирӕ нал бафӕстиат, ӕмӕ куы цыди, уӕд загъта, зӕгъгӕ, ацы лӕппуйы ницы сраст кӕндзӕн ӕмӕ ма ам куы баззайон, уӕд мӕхӕдӕг дӕр ницӕуыл уал ӕууӕнддзынӕн. Уый фӕстӕ Радживы йӕ ныййарджытӕ ӕндӕр скъоламӕ ракодтой. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы ӕмӕ Дзӕнӕты тыххӕй фӕдзуры, чи йӕм фӕхъусы, уыдонӕн. Ныр ыл дӕс азы цӕуы, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕнды, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ уырнындзинад ма фӕцуда.
Кӕй агуырдта, уыцы Библи ссардта
Сомихы Ларисӕ хъусын кодта чингуыты дуканийы уӕйгӕнӕгӕн. Уыцы рӕстӕг дуканимӕ иу сылгоймаг ӕрбацыд ӕмӕ загъта, Библи йӕ «Ног дунейы» тӕлмацӕй кӕй хъӕуы. Уӕйгӕнӕг ын загъта, ахӕм Библи сӕм кӕй нӕй, фӕлӕ сӕм кӕй ис сомихаг ӕвзагыл ӕндӕр тӕлмац. Сылгоймаг ӕй бафарста: «Ӕнцонӕмбарӕн у?» Уӕйгӕнӕг дзы цалдӕр стихы бакасти ӕмӕ загъта: «Цыма зын бамбарӕн не сты». Сылгоймаг ыл нӕ баууӕндыд ӕмӕ загъта, ӕрмӕстдӕр ӕй «Ног дунейы» тӕлмац кӕй хъӕуы. Ларисӕйӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, йӕ сумкӕйы сомихаг ӕвзагыл Библи кӕй уыд. Сылгоймагӕн ӕй равдыста ӕмӕ йын йӕ ном бакӕсын кодта. Уый бакасти: «Ног дунейы тӕлмац». Кӕй агуырдта, уыцы Библи ссардта!
Сылгоймаг загъта, йӕ чызг ӕмӕ йӕ сиахс Грецийы кӕй сты ӕмӕ уым Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдтой. Грекъаг ӕвзаг кӕй нӕма зонынц, уымӕ гӕсгӕ йын загътой, цӕмӕй сын иннӕ хатт сомихаг ӕвзагыл «Ног дунейы тӕлмац» ӕрласа. Нӕ хо йын Библи радта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ратт сын ӕй ӕмӕ сын зӕгъ, уый сын Йегъовӕйы лӕвар кӕй у». Ларисӕ йын куы загъта, йӕ бон кӕй у йемӕ Библи ахуыр кӕнын, уӕд сылгоймаг тынг бацин кодта. Кӕрӕдзимӕ сӕ телефоны номыртӕ радтой, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдтаиккой, Грецийӕ куы ӕрыздӕхтаид, уӕд.
ЕВРОПӔ
БӔСТӔТӔ 47
ЦӔРДЖЫТӔ 738 679 198
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 1 595 888
АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 841 260
Ӕхцадон йӕ хицауӕн радта
Нинӕ Боснийы лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй ӕмӕ Библи ахуыр кӕны цигайнаг бинонтимӕ. Иу бон сӕ 10-аздзыд чызг уынджы ссардта ӕхцадон, уыди дзы ӕхца, кредитон картӕтӕ ӕмӕ документтӕ. Цалынмӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ йӕ зынаргъ лӕварыл банымадтаид, фӕлӕ йӕ мадимӕ куы аныхас кодта, уӕд сфӕнд кодта, пъӕлицӕмӕ йӕ кӕй ахӕсдзӕн. Уый стыр хъуыддаг уыд, уымӕн ӕмӕ бинонтӕ мӕгуыр уыдысты ӕмӕ сӕм дзулы ӕхца дӕр нӕ уыд. Мад ӕмӕ чызг ӕхцадон пъӕлицӕмӕ куы бахастой, уӕд сыл тынг бадис кодтой. Дыууӕ сахаты фӕстӕ сӕм фӕдзырдтой, цӕмӕй фӕстӕмӕ пъӕлицӕмӕ бацыдаиккой. Уыцы ӕхцадоны хицау сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, цӕмӕй сын бузныг загътаид ӕмӕ сын радта 30 доллӕры бӕрц, уый уыди дыууӕ боны мызд.
Статьяйы ном ӕй бацымыдис кодта
Нихад цӕры Боснийы. Иу бон уацамынды фӕстӕ йӕ машинӕйы раз иу нӕлгоймаджы лӕугӕ баййӕфта. Нихадӕн салам радта ӕмӕ йын загъта: «Бахатыр кӕн, дӕ машинӕйы цы журнал ис, уым бакастӕн статьяйы ном „Хорз фыд цавӕр хъуамӕ уа?“. Мӕн дӕр ахӕм журнал хъӕуы. Ныр дӕм сахат ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Нӕ мын ӕй ратдзынӕ?» Нихад ын ӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, радта ӕмӕ ма йын Хуыцауы тыххӕй дӕр радзырдта.
Танкеры командӕ удӕнцой ссардта
Нидерландты, горӕт Роттердамы лӕг ӕмӕ ус хъусын кодтой наулӕууӕны. Иу танкермӕ схызтысты ӕмӕ йын йӕ командӕйы тынг мӕстыйӕ баййӕфтой. Сӕ сӕйраг инженер сын кӕуынхъӕлӕсӕй радзырдта, сӕ нау цалдӕр бӕллӕхы кӕй бахауд, стӕй ма йӕхи цӕуылдӕр кӕй скъуырдта ӕмӕ йӕ цалцӕг кӕнын кӕй хъӕуы. Стӕй сын загъта: «Уӕ бон у мах тыххӕй Хуыцаумӕ скувын?» Уыдон ын загътой, кӕд сӕ фӕнды, уӕд сын Библийӕ ныфсдӕттӕг раныхас кӕй радзурдзысты. Иннӕ бон изӕры авд сахатыл танкермӕ ӕрбацыд ӕртӕ къайы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Командӕйы уыди 16 адӕймаджы ӕмӕ дзы раныхасмӕ 15 ӕрбацыдысты. Куывды фӕстӕ ӕфсымӕр радзырдта раныхас «Цымӕ бӕллӕхтӕ Хуыцауӕй сты?». Командӕйӕн йӕ бон уыд Библийы стихтӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ сын ӕфсымӕртӕ Библитӕ байуӕрстой ӕмӕ сын ӕххуыс кодтой стихтӕ агурынӕн. Раныхасы фӕстӕ куы скуывтой, уӕд дӕр командӕ нӕ ацыд ӕмӕ ӕфсымӕртӕм фарстатӕ лӕвӕрдта. Командӕйы ныфс бацыд ӕмӕ сын фӕарфӕтӕ кодта. Сӕ иу загъта: «Нӕ куывдтытӕн дзуапп фехъуыстам». Библитӕй уӕлдай ма командӕйӕн радтой 20 чиныджы ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕ дӕр. Капитан сын литературӕйы тыххӕй 200 доллӕры мысайнаг радта.
Куывта, цӕмӕй йӕ бон суыдаид искӕмӕн баххуыс кӕнын
Иренӕ цӕры Швецийы. Уый ныффыста: «80 азы мыл цӕуы ӕмӕ мӕ низы тыххӕй мӕ бон нӕу уацамынды цӕуын. Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй мӕ бон уыдаид, раздӕр кӕмӕн хъусын кодтон, уыдонӕй искӕимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ йӕ бӕрӕг кӕнын.
Иу бон нӕм иу сылгоймаг телефонӕй бадзырдта ӕмӕ йын мӕ сӕрыхицау дзуапп радта. Сылгоймаг загъта: „Бахатыр кӕн, ӕрмӕстдӕр сымах ӕрхъуыды кодтон. Дӕ бинойнагӕн йӕ бон у, цӕмӕй мӕм ӕрбацӕуа ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы тыххӕй аныхас кӕнӕм? 15 ӕви 20 азы размӕ Библи ахуыр кодтон, фӕлӕ мӕ мӕ сӕрыхицау нӕ уагъта ӕмӕ мӕ ахуыр ныууагътон“.
Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы сылгоймагмӕ кӕй уыдтӕн, йемӕ чи ахуыр кодта, уыцы хоимӕ. Тынг диссаг мӕм фӕкаст, мӕн кӕй ӕрхъуыды кодта, уый ӕмӕ бацин кодтон, фембӕлыныл куы баныхас кодтам, уӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ алы къуыри дӕр Библи фӕахуыр кӕнӕм. Уыцы сылгоймаг ӕрбацыд Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕмӕ сӕрмагонд раныхасмӕ. Стӕй ӕмбырдтӕм дӕр цӕуы. Йегъовӕйӕн алы бон дӕр бузныг дзурын, мӕ куывдӕн мын дзуапп кӕй радта, уый тыххӕй».
Шоколад мысайнӕгты асыччы ныппарӕн нӕй
Астаздзыд Серджо цӕры Италийы, ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгты бауырныдтаид, йӕ бон кӕй у ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕгӕй лӕггад кӕнын. Иухатт ӕй йӕ фыд йемӕ акодта, 70 азы бӕрц кӕуыл цӕуы, ахӕм лӕг ӕмӕ усӕн сӕ дуары гуыдыр аразынмӕ. Серджо йемӕ журналтӕ рахаста. «Цалынмӕ мӕ фыд кусгӕ кодта, уӕдмӕ лӕгӕн журналтӕ радтон,– загъта Серджо.– Уый тынг бадис кодта ӕмӕ йӕ усмӕ фӕдзырдта ӕмӕ сӕ уымӕн дӕр равдыста. Уый фӕстӕ сылгоймаджы бафарстон сӕ нӕмттӕ, сӕ адрис ӕмӕ сӕ телефоны номырӕй ӕмӕ сӕ ныффыстон, цӕмӕй сӕм дыккаг хатт ӕрбацыдаин. Стӕй мын стыр шоколад дӕр радта». Цалдӕр боны фӕстӕ сӕм Серджо иу хистӕр нӕлгоймагимӕ ногӕй бацыд. Серджо дуар бахоста ӕмӕ йӕм сылгоймаг ракаст. Лӕппу йын радта, Библи кӕй фӕрцы ахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг. Сылгоймаг ӕй ӕхсызгонӕй райста ӕмӕ та йын шоколад радта. Серджо загъта: «Мӕ бон нӕ уыд шоколад мысайнӕгты асыччы ныппарын, уымӕ гӕсгӕ йӕ бахордтон. Ӕппынфӕстаг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бамбӕрстой, куыд тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг суыдаин».
Пасторы фӕндыд фылдӕр базонын
Болгарийы гыццыл горӕт Гурковойы аргъуаны Симеон куыста пасторӕй. Уыцы горӕты Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыд. Симеон Библи кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы бамбӕрста, Библийы ахуырӕдтӕ ӕмӕ аргъуаны ахуырӕдтӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый. Иу бон поезды куы фӕцӕйцыд, уӕд ын чидӕр нӕ журналтӕ радта. Тынг бадис кодта, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ Троицӕ кӕй нӕй, уый куы базыдта, уӕд. Фылдӕр базонын ӕй бафӕндыд ӕмӕ ныффыста нӕ филиалмӕ ӕмӕ цыдӕриддӕр аргъуантӕ зыдта, уыдонмӕ дӕр. Ӕрмӕстдӕр ӕм иу аргъуанӕй ныффыстой, зӕгъгӕ, ахӕм «ницӕйаг хъуыддӕгты» тыххӕй дӕ сӕр ма риссын кӕн. Филиал та йӕм дыууӕ Ӕвдисӕны арвыста, Казанлыкӕй сӕ бахъуыди 35 километры бӕрц цӕуын. Уыдон Симеон ӕмӕ йӕ бинонтимӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын. Симеоны зӕрдӕмӕ тынг цыди, цы ахуыр кодта, уый ӕмӕ-иу йӕ сыхӕгты ӕмӕ йе ’мбӕлтты дӕр фӕхуыдта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Библийы ахуырмӕ алы къуыри дӕр цӕуын райдыдта 25 адӕймаджы. Йӕ сыхаг, 75 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм сылгоймаг фыццаг хатт Библийы ахуырмӕ куы ӕрбацыд, уӕд йӕ цӕстытӕ доны разылдысты, афтӕмӕй загъта: «Иу сахатмӕ цы базыдтон, уый 30 азмӕ аргъуаны нӕ базыдтон». Ныр Казанлыкӕй ӕфсымӕртӕ Гурковомӕ цӕуынц ӕмӕ алы мӕй дӕр ӕмбырдтӕ уадзынц 60 адӕймагӕн, Ӕрымысӕн изӕрмӕ та ӕрбацыд 79 адӕймаджы.
«Иу сахатмӕ цы базыдтон, уый 30 азмӕ аргъуаны нӕ базыдтон»
«Дӕ хорзӕхӕй, уыцы фӕндаг ма ныууадз»
Украинӕйы 15-аздзыд хо Валя федта, йӕ ахуыргӕнӕг сауты кӕй ӕрбацыд ӕмӕ бӕрӕг уыд, кӕугӕ кӕй кодта. Куы базыдта, йӕ мад кӕй амард, уӕд сфӕнд кодта, цӕмӕй йын райгасдзинады тыххӕй стихтӕ бакастаид ӕмӕ йӕ бафидар кодтаид. Йемӕ ахаста Библи ӕмӕ дыууӕ брошюрӕйы «Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?» ӕмӕ «Куы амӕлы дӕ зӕрдиаг адӕймаг», цӕмӕй урокты фӕстӕ йӕ ахуыргӕнӕгмӕ бацыдаид. Валя радзырдта: «Ахуыргӕнджыты уаты дуары раз ӕм куы ӕнхъӕлмӕ кастӕн, уӕд тынг стыхстӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ скуывтон».
Валя мидӕмӕ куы бахызт, уӕд ӕй ахуыргӕнӕг бафарста:
– Исты дӕ хъуыди?
– Мӕн фӕнды, цӕмӕй дын ныфсы ныхӕстӕ зӕгъон, уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, куыд зын дын у, уый. Цалдӕр азы размӕ мӕнӕн дӕр мӕ мады фыд фӕзиан.
Ахуыргӕнӕгӕн ӕхсызгон уыд, Валя йӕм кӕй бацыд. Кӕуынхъӕлӕсӕй йын загъта, йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ йыл йе ’мкусджытӕй иу адӕймаг дӕр афтӕ кӕй нӕ батыхст. Валя йын бакаст ӕмӕ бамбарын кодта Раргомады 21:3, 4. Уый фӕстӕ ахуыргӕнӕг брошюрӕтӕ райста ӕмӕ загъта: «Ды иннӕ сывӕллӕттӕй тынг хицӕн кӕныс».
Валя йын бамбарын кодта: «Ӕз архайын, цӕмӕй Библи кӕсон ӕмӕ цы базонын, уымӕ гӕсгӕ цӕрон ӕмӕ мӕ ныййарджытӕм хъусон».
Ахуыргӕнӕг Валяйӕн загъта, цӕмӕй йын ӕрбахастаид Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, ахӕм чиныг. Стӕй ма иу хатт Валяйӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ дин раст дин у, стӕй дын тынг хорз ныййарджытӕ ис, уымӕн ӕмӕ дӕ ахуыр кӕнынц, раст цы у, ууыл. Дӕ хорзӕхӕй, уыцы фӕндаг ма ныууадз».
Ӕндӕр номырмӕ фӕдзырдта
2011 азы Грецийы, Малакасы облӕстон конгрессы фыццаг бон Натали йӕ фыдмӕ фӕдзырдта, цӕмӕй йын загътаид, конгресмӕ цы автобус цӕуы, уый. Фӕлӕ фӕрӕдыд ӕмӕ ӕндӕр номырмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын дзуапп ничи радта. Гыццыл фӕстӕдӕр ӕм уыцы номырӕй иу нӕлгоймаг ӕрбадзырдта. Фӕлӕ уӕдмӕ конгрессы программӕ райдыдта ӕмӕ Наталийы фӕндыд йӕ телефон ахуыссын кӕнын, фӕлӕ афтӕ рауад, ӕмӕ дзуапп кӕмӕй фӕдӕттынц, уыцы кънопкӕйыл ныххӕцыд. Зонгӕ дӕр ӕй нӕ кодта, афтӕмӕй уыцы нӕлгоймаг сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕры раныхасмӕ телефонӕй иугыццыл байхъуыста ӕмӕ йӕ фылдӕр базонын бафӕндыд.
Фӕстӕдӕр ӕм уыцы нӕлгоймаг смс ныффыста: «Чи дӕ? Сауджын дӕ?» Сихорафон ӕм Натали дзуапп ныффыста: «Ӕз сауджын нӕ дӕн, фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ облӕстон конгрессы дӕн».
Сабаты та йӕм уыцы нӕлгоймаг фӕдзырдта ӕмӕ йӕ бафарста, конгресс ма цӕуы ӕви нӕ. Наталийы фыд йемӕ куы аныхас кодта, уӕд уыцы нӕлгоймаг загъта: «Уыцы раныхасмӕ цалдӕр минуты йеддӕмӕ нӕ байхъуыстон, фӕлӕ мӕ цы фарстатӕ тыхсын кодта, уыдонӕн дзуапп базыдтон». Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыцы нӕлгоймаджы бинонты хӕйрӕджытӕ тыхсын кодтой, фӕлӕ афтӕ цӕмӕн уыд, уый не ’мбӕрстой. Лӕг загъта: «Абоны онг мӕ никуы фӕндыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ныхас кӕнын, фӕлӕ кӕд гӕнӕн ис, уӕд мӕ фӕнды, раныхас кӕмӕн уыд, уыцы адӕймагимӕ аныхас кӕнын».
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый гӕнӕн уыди. Уыцы нӕлгоймаг хуыцаубоны конгресмӕ ӕрбацыд ӕмӕ бадис кодта, куы федта уыйбӕрц аив конд ӕмӕ амондджын адӕмы, уӕд. Иу бырон дӕр никуы уыд, ӕвзӕр дзыхӕй дӕр ничи дзырдта ӕмӕ тамако дӕр ничи дымдта. «Уый ӕнхъӕл никуы уыдтӕн ӕмӕ зӕххыл ахӕм адӕм ис!– загъта уый.– Раст цыма ӕндӕр планетӕмӕ бахаудтӕн». Наталийы фыд ӕй бакодта конгрессы сӕрдариуӕггӕнӕг ӕфсымӕрмӕ. Конгресс ӕмӕ дзы цы дзуаппытӕ фехъуыста, уыдон ын йӕ зӕрдӕ бацагайдтой. Радтой йын, Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг, Библи ӕмӕ цалдӕр журналы, стӕй баныхас кодтой, цӕмӕй ногӕй фембӕлой.
ОКЕАНИ
БӔСТӔТӔ 29
ЦӔРДЖЫТӔ 38 495 300
ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 94 924
АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 59 431
«Ахӕм рӕсугъд зарӕг никуыма фехъуыстон»
Самоӕйы Савайы сакъадахы скъолаты алы райсом дӕр сывӕллӕтты ӕрӕмбырд кӕнынц ӕмӕ гимн фӕзарынц. Фӕлӕ 5-аздзыд Селинӕ ӕмӕ 6-аздзыд Леваай сӕ директорӕн уӕзданӕй загътой, гимн кӕй нӕ азардзысты, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты. Уый тыххӕй сӕ карзӕй дӕр бафхӕрдтаиккой. Фӕлӕ директоры фӕндыд, цӕмӕй сывӕллӕттӕ фефсӕрмы уыдаиккой ӕмӕ гимн азарыдаиккой, уымӕ гӕсгӕ сын загъта: «Хорз, кӕд уӕ бон нӕу нӕ зарӕг зарын, уӕд уӕхи зарӕг азарут». Селинӕ ӕмӕ Леваай азарыдысты 111-ӕм зарӕг «Уый фӕдзурдзӕн», ӕрӕджы йӕ бинонты ахуыры рӕстӕг сахуыр кодтой. Зард куы фесты, уӕд директорӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты ӕмӕ загъта: «Ахӕм рӕсугъд зарӕг никуыма фехъуыстон. Уӕ хорзӕхӕй, иу хатт-ма йӕ азарут». Уыдон дӕр ӕй азарыдысты. Стӕй сын загъта: «Абонӕй фӕстӕмӕ нын уӕ зарджытӕ зардзыстут».
«Абонӕй фӕстӕмӕ нын уӕ зарджытӕ зардзыстут»
Цӕрӕнбонты Йесомӕ куывта
Фиджийы иу аргъуаны сауджынӕн йӕ зонгӕтӕй чидӕр Библи ахуыр кодта, ӕмӕ уый дӕр йемӕ йӕ ахуырмӕ ацыд. Уым фехъуыста, Йесо Хуыцау кӕй нӕу. Уыцы хъуыды йӕ мӕты афтӕ бафтыдта, ӕмӕ йӕ бон фынӕй кӕнын дӕр нал уыд. Куыд тыхсы, уый йӕ бинойнаг куы федта, уӕд ын загъта: «Уыцы адӕммӕ мауал ацу!» Фӕлӕ цы фехъуыста, уый ферох кӕнын йӕ бон нӕ уыд, ӕмӕ та иннӕ къуыри дӕр Библийы ахуырмӕ ацыд. Дыккаг ахуырӕй цалдӕр боны куы рацыд, уӕд йӕ аргъуаны загъта, йӕ куыст кӕй уадзы, афтӕмӕй йӕхӕдӕг Библи нӕма ахуыр кодта. Йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ аргъуанмӕ цӕуджытӕ дисы бафтыдысты ӕмӕ йӕм смӕсты сты. Уый ӕрмӕст аргъуан нӕ ныууагъта, фӕлӕ хорз мызд кӕм иста, ахӕм куыст дӕр. Библийӕ Йесойы тыххӕй рӕстдзинад базыдта, фӕлӕ йын Йегъовӕмӕ кувын зын уыд, уымӕн ӕмӕ цӕрӕнбонты Йесомӕ куывта. Бирӕ мӕйтӕ рацыд ӕмӕ ӕппынфӕстаг йӕ бон сси Йегъовӕмӕ кувын. Ныр адӕмӕн хорз хабар дзуры ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй базоной ӕмӕ йӕ бауарзой.
Сакъадахы цӕрджытӕ рӕстдзинад базыдтой
Сабыр океаны хуссар сакъадах Макатеайы 62 адӕймаджы йеддӕмӕ нӕ цӕры. Ацы сакъадахмӕ йӕ хъус дары Таитийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырд. Фараст адӕймагимӕ дзы телефонӕй Библи ахуыр кӕнынц. 15 адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд вӕййы, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй иу нӕлгоймаджы хӕдзары ӕмӕ фӕхъусынц, Таитийы ӕмбырдӕй сын цы трансляци вӕййы, уымӕ. Библи ахуыр кӕнын ма райдыдта, аргъуаны зӕрдиагӕй чи архайдта ӕмӕ диакъонӕй кӕй хъуамӕ сӕвӕрдтаиккой, ахӕм ӕрыгон сылгоймаг дӕр. Ӕрӕджы аргъуанмӕ ацыд ӕмӕ сын бамбарын кодта, цӕуылнӕуал сӕм цӕуы, уый. Библийы сын равдыста, сылгоймагӕн ӕмбырды ахуыр кӕныны бар цӕуылнӕ ис, уый. Стӕй ма бамбарын кодта, Йесо Чырысти цы бынат ахсы ӕмӕ Хицауы Ӕхсӕвӕр алы хуыцаубоны нӕ, фӕлӕ афӕдз иу хатт бӕрӕг кӕнын кӕй хъӕуы. Уымӕй уӕлдай ма сын бамбарын кодта, ӕрмӕст 144 мины кӕй уыдзысты Чырыстиимӕ уӕлӕрвты ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдон кӕй хъуамӕ аходой Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй. Уымӕ кӕсгӕйӕ ӕндӕр сылгоймаг дӕр аргъуан ныууагъта ӕмӕ ныр Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕны.
Бинонтӕ хуынды гӕххӕтт райстой
Соломоны сакъадӕхты дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуыдтой, рагӕй чи нӕ хъусын кӕны, уыдоны ӕмӕ Джошуайы дӕр бабӕрӕг кодтой. Уый 1998 азӕй ӕмбырды нал уыд. Джошуа йӕ бинонтӕй 20 адӕймагимӕ дыууӕ сахаты фӕцыд, Ӕрымысӕн изӕр кӕм бӕрӕг кодтой, уырдӕм. Ӕмбырды сыл афтӕ тынг бацин кодтой, ӕмӕ Джошуайӕн йӕ зӕрдӕ суынгӕг. Йӕ бинонтӕй бирӕтӕ ӕрбацыдысты сӕрмагонд раныхасмӕ дӕр. Уый фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загътой, Библи ахуыр кӕнын сӕ кӕй фӕнды. 15 адӕймагимӕ дзы райдыдтой ахуыр кӕнын.
Уый дзуапп зыдта
Гуамы филиалы территорийы ис 1 000 сакъадахӕй ӕмӕ атоллӕй фылдӕр, цӕрджытӕ дзы ис 100 фылдӕрыл. Фӕлӕ ӕмбырдтӕ ис ӕрмӕст 13 сакъадахыл. Сакъадӕхтӕн сӕ фылдӕры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ никуы хъусын кодтой ӕмӕ ӕфсымӕртӕ архайынц, цӕмӕй сӕ бабӕрӕг кӕной. 2012 азы апрелы хъусынгӕнджыты къорд лодкӕйыл ацыдысты Пулуватмӕ – у ӕппӕты дарддӕр сакъадӕхтӕй сӕ иу. Уыцы сакъадахмӕ цивилизаци нӕма бахӕццӕ. Нӕлгоймӕгтӕ сӕ уӕлӕ ницы дарынц, ӕрмӕст сӕ астӕутыл хъуымацы гӕбаз абӕттынц, аразынц каноэтӕ ӕмӕ кӕнынц зӕххы куыст.
Иу бон не ’фсымӕр иу ӕрыгон нӕлгоймаджы бафарста:
– Адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма искуы фӕцӕры?
– Уыцы фарстайӕн ӕз дзуапп зонын!– загъта уый. Фӕгӕпп кодта ӕмӕ полкӕйӕ раскъӕфта чиныг «Ты можешь жить вечно в раю на земле» чуук ӕвзагыл, бакодта сӕргӕндтӕ, бацамыдта 8 сӕрмӕ, «Что происходит при смерти?», ӕмӕ зӕрдиагӕй радзырдта, цы базыдта, уый.
Фӕлӕ йын цымӕ уыцы чиныг кӕм уыд? 2009 азы стыр сакъадах Чуукы был хъусынгӕнджытӕ хъусын кодтой, дард сакъадӕхтӕм чи цыд, уыдонӕн ӕмӕ сын лӕвӕрдтой чингуытӕ «Жить вечно». Пулуватмӕ чи цыди, иу ахӕм лӕг сразы чингуыты къопп аласыныл, цӕмӕй сӕ йӕ сыхӕгтӕн байуӕрстаид. Уыдонӕй иу уыд ацы ӕрыгон нӕлгоймаг.
Пулуватӕй ацӕуыны размӕ ӕфсымӕртӕ уыцы ӕрыгон нӕлгоймаджы цалдӕр хатты бабӕрӕг кодтой, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаиккой ӕмӕ йын равдыстаиккой, куыд ис Библи ахуыр кӕнӕн. Бацамыдтой ма йын, стихтӕ куыд агургӕ сты ӕмӕ сӕйраг хъуыдытӕ чиныджы фӕрстыл фыссӕн куыд ис, уый дӕр.
Куыд ӕхсызгон у, суанг ахӕм дард сакъадӕхтыл дӕр, телевизор, радио, газеттӕ ӕмӕ Интернет кӕм нӕй, уым дӕр, нӕ литературӕйы фӕрцы адӕмӕн сӕ бон кӕй у рӕстдзинад сӕ мадӕлон ӕвзагыл базонын!
Ӕртӕ нӕмыджы, ӕртӕ аххосаджы
Папуӕ – Ног Гвинейы сакъадах Бугенвилы граждайнаг хӕст куы стынг, уӕд Аннӕйыл цыди 20 азӕй гыццыл фылдӕр ӕмӕ уыди ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг. 1991 азы Аравӕйы ӕмбырдӕй Ӕвдисӕнты къорд, ӕхсӕз ӕрыгон адӕймаджы ӕмӕ авд сывӕллоны, хъӕдмӕ алидзын бахъуыд ӕмӕ семӕ, зӕгъӕн ис, ницы ахастой. Се ’хсӕн уыд Аннӕ дӕр. Дыууӕ азы фӕцардысты кӕйдӕр афтид хӕдзӕртты ӕмӕ сӕхӕдӕг амал кодтой хӕринаг. Ӕмбырдтӕ уадзынӕн сын уыд ӕрмӕст дыууӕ чиныджы – Аннӕйы Библи ӕмӕ «Объеденены в поклонении единому истинному Богу». Иумӕ-иу куывтой, Паддзахады зарджытӕ-иу зарыдысты ӕмӕ хъусын кодтой, кӕуыл-иу ӕмбӕлдысты, уыцы адӕмӕн.
Салдӕттӕй сӕ чидӕртӕ ссардтой ӕмӕ сӕ бафӕндыд къордӕй дыууӕ ӕфсымӕры се ’фсадмӕ акӕнын, фӕлӕ Ӕвдисӕнтӕ политикӕйы кӕй нӕ архайынц, уый сӕ зӕрдӕмӕ цыди ӕмӕ сӕ ныууагътой. Салдӕттӕй иу Аннӕйӕн ӕртӕ нӕмыджы равдыста ӕмӕ йын загъта: «Баком мын, кӕннод дӕ амардзынӕн». Цӕуылнӕ йӕм смой кӕндзӕн, уымӕн ын Аннӕ ӕрхаста ӕртӕ аххосаджы – алы нӕмыгӕн дӕр иу. Уыдонӕй сӕйрагдӕр уыд, Библи афтӕ кӕй дзуры, зӕгъгӕ, мой кӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕгмӕ» (1 Кор. 7:39). Нӕлгоймаг дӕр ницыуал загъта, разылд ӕмӕ ацыд.
«Йегъовӕйы хъуыддаг ницы бауромдзӕн, суанг хӕст дӕр»
2012 азы ӕмбырды фехъусын кодтой, Аравӕйы хъусынгӕнджытӕ кӕй нӕ фаг кӕны ӕмӕ Аннӕ, ныр лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй, йе ’мбал пионеримӕ уырдӕм ацыд, цӕмӕй дзы къорд саразынӕн баххуыс кодтаиккой. Куы йӕ бафарстой, зын ын нӕ уыди, хӕсты рӕстӕг тынг бирӕ тугкалд кӕм федта ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕм бавзӕрста, уырдӕм ӕрцӕуын, уӕд загъта: «Ардӕм кӕй ӕрцыдтӕн, уый мын ӕхсызгон у. Йегъовӕйы хъуыддаг ницы бауромдзӕн, суанг хӕст дӕр».
[Ныв 42, 43 фӕрстыл]
Мэн (АИШ): Йесойау не ’фсымӕртӕ дӕр сты «адӕмахсджытӕ»
[Ныв 44 фарсыл]
Каоколенд (Намиби): нӕ публикацитӕ алы кары адӕмы зӕрдӕмӕ дӕр цӕуынц. Брошюрӕ «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай» ныр ис 452 ӕвзагыл!
[Ныв 50 фарсыл]
Перу: хъусын кӕнынц Уткубамбӕйы дӕлвӕзы
[Ныв 54 фарсыл]
Мехико (Мексикӕ): ацы бӕстӕйы Библи ахуыр кӕны иу милуан адӕймагӕй фылдӕр ӕмӕ уыдонӕй бирӕтӕ ахуыр кӕнын райдыдтой, уынджы сын кӕй хъусын кодтой, уый фӕрцы
[Ныв 56 фарсыл]
Саукэйвань (Гонконг): ӕрыгон сылгоймагӕн базары хъусын кӕнынц
[Ныв 61 фарсыл]
Эрдэнэт (Монголи): Библи ахуыр кӕнынц, быдыры чи цӕры, уыцы сылгоймагимӕ
[Ныв 64 фарсыл]
Джегв (Фареры сакъадӕхтӕ): 2012 азы ацы сакъадӕхтыл уыди 118 хъусынгӕнӕджы
[Ныв 68 фарсыл]
Гуырдзыстон: хъусын кӕнынц сӕнӕфсирдоны
[Ныв 71 фарсыл]
Питтенвим (Шотланди): хъусын кӕнынц наулӕууӕны
[Ныв 72 фарсыл]
Тимор-Лесте: раздӕр хӕст цы бӕстӕйы уыд, уым хъусынгӕнджытӕ фӕфылдӕр сты 9 проценты
[Ныв 75 фарсыл]
Кингстон (Норфолкы сакъадах): хъусын кӕнынц сӕйраг уынджы, Куалити-Роу