СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ
Плакеткӕтӕ сын уыдысты паспортты бӕсты
«1987 азы Гвинейы горӕт Гекедуйы облӕстон конгрессы „Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл“ уыди иу мин адӕймагӕй фылдӕр. Конгресс уыди Сьерра-Леоне ӕмӕ Либерийы арӕнтӕм ӕввахс. Уыцы бӕстӕтӕй конгресмӕ чи цыди, уыдонӕй бирӕтӕ сфӕнд кодтой, алы бон дӕр хӕдзарӕй кӕй цӕудзысты. Фӕлӕ сӕм фӕсарӕнтӕм ацӕуынӕн паспорттӕ нӕ уыди. Бӕрнон ӕфсымӕртӕ таможнӕйы хицауадимӕ аныхас кодтой, ӕмӕ сын уыдон сӕ курдиатӕн разыйы дзуапп радтой. Конгресдзауты хъуыди ӕрмӕстдӕр иу документ – конгрессы плакеткӕтӕ! Таможнӕйы кусджытӕ-иу конгресдзаутыл бур-бурид плакеткӕтӕ куы федтой, уӕд-иу сӕ ӕвӕстиатӕй ауагътой»,– радзырдта Эверетт Берри, раздӕр уыди миссионер.
Ацы конгрессы ӕфсымӕртӕ иумӕ адджынӕн хӕрынц