Гуырдзыстон
ЧЫРЫСТИЙЫ фӕсномыг ныхас ӕнхъизӕны тыххӕй хорз ӕвдисы, хорз хабар Гуырдзыстоны куыд парахат кодта, уый (Матф. 13:33). Ӕнхъизӕн хыссӕ куыд фенхъизын кӕны, уый куыд нӕ фӕзыны, афтӕ фыццаг бӕрӕг нӕ уыд, рӕстдзинад адӕмы зӕрдӕты кӕй фидар кодта, уый дӕр. Фӕлӕ цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар тынг апарахат ӕмӕ бирӕты цард аивта.
Хуыцауы адӕм Гуырдзыстоны равдыстой стыр уарзондзинад, уырнындзинад, иузӕрдиондзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад, «ӕнцон куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уыд, уӕд дӕр» (2 Тим. 4:2). Бакӕсут уыцы диссаджы хабӕртты тыххӕй.