Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwex 17 статья
  • Донивылд хорз хабар ӕрласта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Донивылд хорз хабар ӕрласта
  • Хабӕрттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цардӕй
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Наусӕфт сакъадахмӕ ӕввахс
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Хуыцауы Паддзахад зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый фын нӕу
    2015 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг
Хабӕрттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цардӕй
ijwex 17 статья
Доны бын чи фӕци, уыцы хъӕуы цӕрджытӕй иуӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕтты журнал «Райхъал ут!», хуыйны «Ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕх куы ӕрцӕуа, уӕд цы ис саразӕн»

Донивылд хорз хабар ӕрласта

2017 азы Никарагуайы Москитойы (Мискито) доныбылӕй араст лодкӕ дыууадӕс Йегъовӕйы Ӕвдисӕнимӕ. Лодкӕ хуынди «Стури Ямни». Уыцы Ӕвдисӕнтӕй иу, Стивен, радзырдта: «Нӕ нысан уыд, дард ран чи цард, уыцы Ӕвдисӕнты бафидар кӕнын ӕмӕ сын се стыр территорийы хорз хабар хъусын кӕнынӕн баххуыс кӕнын».

Сӕ балц райдыдта Лагуна-де-Перласы. Цӕугӕдон Рио-Гранде-де-Матагальпӕйыл сӕ хӕрдмӕ ацӕуын хъуыди 200 километры. Сӕ лодкӕйы ном ӕвзаг мискитойыл нысан кӕны «хорз хабар». Ӕвдисӕнтӕй уый ӕнхъӕл ничи уыди, ӕмӕ лодкӕ адӕмӕн ӕрмӕст хорз хабар не ’рхӕсдзӕн. Иу-12 сахаты фӕстӕ (бахсӕвиуат кӕнынӕн сын цы рӕстӕг ацыд, уый ма банымай, афтӕмӕй) бахӕццӕ сты Ла-Крус-де-Рио-Грандемӕ – цы хъӕумӕ цыдысты, уырдӕм. Уым чи цард, уыцы ӕхсӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕны сыл тынг бацин кодтой.

Ӕхсӕвы уарын райдыдта. Арв ӕмӕ зӕхх кӕрӕдзи хостой. Цалдӕр сахатмӕ цӕугӕдон Рио-Гранде-де-Матагальпӕ раивылд, ӕмӕ дыууӕ боны дӕргъы дон фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Ла-Крусы Паддзахады зал ӕмӕ бирӕ хӕдзӕрттӕ доны бын фесты. Ӕфсымӕртӕ хъӕуы цӕрджыты ӕдас бынатмӕ ластой. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕн уыд дыууӕуӕладзыгон хӕдзар, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр дыууӕ ӕхсӕвы уым арвыстой.

Ла-Крусы Паддзахады зал. Дон йӕ рудзгуыты онг схӕццӕ, йӕ алыварс цы забор ис, уый ма донӕй иугыццыл зын

Ла-Крусы Паддзахады зал доны бын фӕци

Ӕртыккаг бон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм ӕрбацыд Ла-Крусы мэр ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй сын баххуыс кодтаиккой. Уыцы абухгӕ цӕугӕдоны ӕрмӕстдӕр сӕ лодкӕ ацыдаид. Ӕмӕ мэры фӕндыд, цӕмӕй ирвӕзынгӕнджыты иннӕ хъӕутӕм аластаиккой. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уайтагъд сразы сты.

Дыккаг бон райсомӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕртӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ лодкӕйы сбадтысты ӕмӕ иннӕ хъӕутӕм ацыдысты. Стивен радзырдта: «Цӕугӕдон знӕт сырды хуызӕн уыди! Богъ кодта ӕмӕ стыр бӕлӕстӕ ӕд уидӕгтӕ йӕ разӕй хаста. Кӕмдӕрты гуылфӕнтӕ кодта. Сахатмӕ цыд 18 километры!» Кӕд сӕ фӕндаг ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр ӕртӕ хъӕумӕ бацыдысты.

Уыцы ӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны фадатӕй спайда кодтой, цӕмӕй адӕмы ӕрсабыр кодтаиккой ӕмӕ сӕ ныфс бауагътаиккой. Стӕй адӕмӕн лӕвӕрдтой 2017 азы «Райхъал ут!»-ы номыр «Ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕх куы ӕрцӕуа, уӕд цы ис саразӕн». Журнал уыд йӕ тӕккӕ афоныл!

Уыцы хъӕуты цӕрджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй тынг фӕбузныг сты, кӕй сын баххуыс кодтой ӕмӕ сӕ Библийы фӕрцы ныфс кӕй бауагътой, уый тыххӕй. Чидӕртӕ сӕ загътой: «Зын рӕстӕг баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ сты». Иннӕтӕ та дзырдтой: «Адӕмы ӕцӕгдӕр уарзынц». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’мчырыстӕттӕн ӕмӕ иннӕтӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый фенгӕйӕ бирӕтӕ зӕрдиагдӕрӕй байхъуыстой, Библийы цы хабар ис, уымӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын