Нӕлгоймаг уӕвгӕйӕ, мӕ зӕрдӕ ӕхсайы нӕлгоймӕгтӕм. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ гомосексуалист дӕн?
Ӕнӕмӕнг нӕ.
Хабар ӕцӕгӕй афтӕ у, ӕмӕ нӕлгоймагӕн йӕ зӕрдӕ нӕлгоймӕгтӕм кӕй фехсайыa, уый вӕййы ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕг.
Раст афтӕ уыди йӕ хабар 16-аздзыд чызг Лизеттӕн дӕр. Иуафон йӕ зӕрдӕ чызджытӕм ӕхсайдта. Лизетт афтӕ загъта: «Скъолайы биологийы уроктӕй базыдтой, рӕзгӕ кары ӕрыгон адӕймаджы буары стыр ивындзинӕдтӕ кӕй фӕцӕуы. Ӕмӕ йӕ уӕд бамбӕрстон, ӕрыгӕттӕ цас фылдӕр зоной, сӕ буар куыд конд у, уый тыххӕй, уыйас сын ӕнцондӕр уыдзӕн, чызджытӕн сӕ зӕрдӕ чызджытӕм кӕй ӕхсайы (лӕппутӕн та – лӕппутӕм), уый рӕстӕгмӕ кӕй у, ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ кӕй нӕ хъӕуы хъуыды кӕнын, ӕмӕ хъуамӕ гомосексуалисттӕ суой».
Ӕрыгӕтты се ’ппӕты дӕр хъӕуы равзарын – ацы дунейы хӕлд зондыл цӕудзысты ӕви сӕ цард араздзысты, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ
Фӕлӕ рӕстӕг куы цӕуа, ӕмӕ дын уыцы хъуыдытӕ уӕддӕр ӕнцой куы нӕ дӕттой, уӕд та? Хуыцау ахӕм адӕймӕгтӕн уый бар кӕй нӕ дӕтты, цӕмӕй гомосексуалисттӕ суой, уый ӕгъатырдзинад нӕу?
Кӕд ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс, уӕд хъуамӕ зонай, бирӕтӕ ахӕм рӕдыд зондыл хӕст цӕмӕн сты, уый. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, дам, адӕймаг хъуамӕ цӕуа йӕ зӕрдӕйы монцты фӕдыл. Фӕлӕ нын Библи та дзуры, алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй у, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы цы чъизи монцтӕ фӕзыны, уыдоны фӕдыл ма цӕуа (Колоссӕгтӕм 3:5).
Библи адӕймагӕй, йӕ бон цы нӕу, уый никуы фӕдомы. Йӕ фӕдзӕхстытӕ сты хуымӕтӕг. Нӕлгоймаг уӕвгӕйӕ, йӕ зӕрдӕ нӕлгоймӕгтӕм кӕмӕн ӕхсайы, уыдоны дӕр разӕнгард кӕны, иннӕ адӕмы цӕмӕ разӕнгард кӕны, уымӕ. Фыст дзы ис: «Хӕтындзинадӕй дард лидзут» (1 Коринфӕгтӕм 6:18). Гомосексуалисттӕ чи не сты, уыдонӕй бирӕты, хъӕуы сӕхиуыл хӕцын ӕмӕ цыфӕнды уавӕры дӕр фидар лӕууын, цӕмӕй сӕ монцты фӕдыл ма ацӕуой – ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй у сӕ бон сӕ цард Библимӕ гӕсгӕ аразын. Ӕмӕ гомосексуалистты миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыдоны дӕр афтӕ хъӕуы тох кӕнын, кӕд сӕ Хуыцауы хорзӕх ссарын ӕцӕгдӕр фӕнды, уӕд (Дыккаг закъон 30:19).
a Ацы статьяйы хъуыдытӕ хауынц, сылгоймаг уӕвгӕйӕ йӕ зӕрдӕмӕ сылгоймӕгтӕм кӕмӕн ӕхсайы, уыдонмӕ дӕр.