Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwex 9 статья
  • Сауджын йӕ фарстатӕн дзуапп базыдта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сауджын йӕ фарстатӕн дзуапп базыдта
  • Хабӕрттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цардӕй
Хабӕрттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цардӕй
ijwex 9 статья
Сылгоймаг сауджынӕн Библийӕ стих кӕсы; сауджын кӕуы

Сауджын йӕ фарстатӕн дзуапп базыдта

Элисо, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, иу сылгоймагимӕ Библи ахуыр кодта. Иубон Библийы ахуыры рӕстӕг сылгоймагмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы уазджытӕ ӕрбацыд. Уыдон уыдысты сауджын ӕмӕ йӕ бинойнаг. Элисо фехъуыста, ӕрӕджы сӕ иунӕг фырт кӕй амард.

Элисо сын тӕфӕрфӕс ракодта, ӕмӕ лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр кӕуын райдыдтой. Стӕй сауджын уыцы мӕстыйӕ загъта: «Нӕ йӕ ’мбарын, Хуыцау ахӕм бӕллӕх цӕмӕн ӕруагъта. Мӕ иунӕг фырты мын цӕмӕн байста? Ныр ын 28 азы лӕггад кӕнын, ӕмӕ цӕрӕнбонты хорз йеддӕмӕ ӕвзӕрӕй никуы ницы ракодтон. Ӕмӕ мын мӕ хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафыста? Мӕ хъӕбулы мын цӕмӕн амардта?»

Элисо сын бамбарын кодта, сӕ фырт кӕй амард, уый Хуыцауы аххос кӕй нӕу. Стӕй ма семӕ аныхас кодта, Чырысти йӕ цард цӕмӕн радта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ Хуыцау ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕуын цӕмӕн уадзы, ууыл. Сауджын ӕмӕ йӕ ус Элисойӕн загътой, Хуыцаумӕ кӕй куывтой, цӕмӕй сын сӕ фарстатӕн дзуапп радтаид ӕмӕ сын абон дзуапп кӕй базыдтой.

Иннӕ къуыри та Элисо уыцы сылгоймагмӕ ӕрбацыд. Библи ахуыр кодтой чиныджы фӕрцы «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» ӕмӕ ныхас кодтой 7 сӕрыл, «Чи нын амард, уыдон райгас уыдзысты», зӕгъгӕ. Ацы хатт семӕ уыдысты сауджын ӕмӕ йӕ ус дӕр. Уыдон фарстатӕн зӕрдиагӕй дзуапп лӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ дзырдтой.

Фӕстӕдӕр сӕ дыууӕ дӕр уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрмагонд регионалон конгрессы Тбилисийы. Сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи куыд тынг уарзынц ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уый. Уыдон сӕхӕдӕг дӕр бирӕ азты дӕргъы архайдтой, цӕмӕй, сӕ аргъуанмӕ чи цыд, уыдоны ’хсӕн дӕр ахӕм уарзондзинад ӕмӕ иудзинад уыдаид, фӕлӕ сын ницы рауад.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын