Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 17 радз.
  • Фаззӕттӕ – ӕмхуызон не сты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фаззӕттӕ – ӕмхуызон не сты
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Исавы бынтӕ Иаковмӕ ӕрхаудысты
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Иаков ӕмӕ Исав бафидыдтой
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Зондджын уынаффӕтӕ хӕсс ӕмӕ дын Хуыцау цы бынтӕй хай кӕны, уыдон хъахъхъӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Йегъовӕ – «фарндӕттӕг Хуыцау»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 17 радз.
Ӕрыгон Иаков фысмӕ зилы

17 РАДЗЫРД

Фаззӕттӕ – ӕмхуызон не сты

АЦЫ дыууӕ лӕппумӕ бынтондӕр ӕмхуызонӕй ницы ис, афтӕ нӕу? Чи сты, уый зоныс? Цуангӕнӕг у Исав, фыстӕ цы лӕппу хизы, уый та – Иаков.

Исав ӕмӕ Иаков уыдысты Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйы фаззон фырттӕ. Фыд тынг уарзта Исавы, уымӕн ӕмӕ уый уыд хорз цуанон, ӕмӕ бинонты сырды фыдӕй цух нӕ уагъта. Ревеккӕ та фылдӕр Иаковы уарзта, уымӕн ӕмӕ уый уыд сабыр сывӕллон, никуы никӕй бахъыгдардта.

Ӕрыгон Исав йӕ фат ӕмӕ йе ’рдынӕй кӕдӕмдӕр ныхъхъавыд

Уӕд ма сӕ фыдыфыд Авраам дӕр ӕгас уыд. Ӕмӕ ма ахъуыды кӕн, Иаковӕн-иу Иегъовӕйы тыххӕй куы дзырдта, уӕд-иу ӕм куыд зӕрдӕбынӕй хъуыста! Авраам амард 175-аздзыдӕй (сӕдӕ ӕвдай фондзаздзыдӕй), фаззӕттыл фынддӕсгай азтӕ куы цыд, уӕд.

Исавыл дыууиссӕдз азы куы цыд, уӕд Ханааны бӕстӕй йӕхицӕн дыууӕ усы ӕрхаста. Исахъ ӕмӕ Ревеккӕ ууыл тынг фӕмаст кодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы сылгоймӕгтӕ Иегъовӕйӕн нӕ куывтой.

Иухатт Исав тынг смӕсты йе ’фсымӕр Иаковмӕ. Ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй Исахъ йӕ хистӕр фыртӕн раарфӕ кодтаид. Исав Иаковӕй хистӕр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ уыцы арфӕдзинад уый райсдзӕн. Фӕлӕ уӕдмӕ уый йӕ арфӕдзинад райсыны бар Иаковӕн баивта хӕринагыл. Куы райгуырдысты, уӕд Хуыцау йӕхӕдӕг дӕр загъта, арфӕдзинад Иаков кӕй райсдзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ раст афтӕ рауад. Исахъ раарфӕ кодта йӕ фырт Иаковӕн.

Исав уый куы базыдта, уӕд Иаковмӕ афтӕ тынг смӕсты, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ йӕ удӕгас нӕ ныууадздзынӕн. Уый мӕты бафтыдта Ревеккӕйы, ӕмӕ иу бон йӕ лӕг Исахъӕн загъта: «Иаков дӕр ма ханаайнаг ус куы ракура, уӕд ӕз уый нал сфӕраздзынӕн».

Уӕд Исахъ йӕ фырт Иаковмӕ фӕдзырдта, ӕмӕ йын афтӕ зӕгъы: «Ханаайнаг ус ма ракур. Ацу Харранмӕ, дӕ мады фыд Вафуилы хӕдзармӕ, ӕмӕ йын йӕ фырт Лаваны чызджытӕй искӕй ракур».

Иаков байхъуыста йӕ фыдмӕ ӕмӕ уыцы тӕккӕ араст дард Харранмӕ, йӕ хӕстӕджытӕ кӕм цардысты, уырдӕм.

Уӕвынад 25:5–11, 20–34; 26:34, 35; 27:1–46; 28:1–5; Дзуттытӕм 12:16, 17.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын