3 ХАЙ
Египетӕй куы ссӕрибар сты, уӕдӕй Израилы фыццаг паддзахы онг
Моисей израилӕгты Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сӕ акодта Синайы хохмӕ, ӕмӕ сын уым Хуыцау радта йӕ закъӕттӕ. Фӕстӕдӕр Моисей дыууадӕс нӕлгоймаджы арвыста Ханааны зӕхх бӕрӕггӕнӕг. Сгарджытӕй дӕс ӕрхастой ӕвзӕр хабар уыцы зӕххы тыххӕй. Уыйадыл адӕм сфӕнд кодтой фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхын. Израилӕгтӕ Хуыцауыл фидарӕй кӕй не ’ууӕндыдысты, уый тыххӕй сӕ бафхӕрдта, ӕмӕ 40 азы дӕргъы рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдыры.
Ӕппынфӕстаг адӕмы раздзӕуӕгӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Навины фырт Йесо, уый сӕ хъуамӕ бакодтаид Ханааны зӕхмӕ. Иегъовӕ аразы диссӕгтӕ, цӕмӕй сын баххуыс кӕна уыцы зӕхх бацахсынӕн. Уый йӕ цыдӕй ныллӕууын кодта Иорданы дон, ныккалдта Иерихоны систӕ, афтӕ сарӕзта, ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон хур йӕ бынатӕй нӕ фезмӕлыд. Ӕхсӕз азы фӕстӕ Ханааны зӕхх уыд израилӕгты къухы.
Навины фырт Йесойӕ райдайгӕйӕ 356 (ӕртӕсӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз) азы дӕргъы Израилы разамынд кодтой тӕрхонгӕнджытӕ. Уыцы тӕрхонгӕнджытӕй мах базонгӕ уыдзыстӕм бирӕтимӕ. Зӕгъӕм, Варак, Гедеон, Иеффай, Самсон ӕмӕ Самуилимӕ. Базондзыстӕм ма ахӕм сылгоймӕгты тыххӕй, куыд Раав, Деворӕ, Иаил, Руф, Ноемин ӕмӕ Далидӕ. ӔРТЫККАГ ХАЙЫ ӕмткӕй райсгӕйӕ дзырд цӕуы 396 (ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз ӕхсӕз) азы дӕргъы цы ’рцыд, ууыл.