Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 54 радз.
  • Ӕппӕты тыхджындӕр адӕймаг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕппӕты тыхджындӕр адӕймаг
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ Самсонӕн стыр тых радта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Самсоны хуызӕн дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Гадзрахатӕй цӕуын – худинаджы хъуыддаг
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2022
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 54 радз.
Самсон домбайы мары

54 РАДЗЫРД

Ӕппӕты тыхджындӕр адӕймаг

ЗОНЫС, зӕххыл ӕппӕты тыхджындӕр адӕймаг чи уыди? Тӕрхонгӕнӕг Самсон. Иегъовӕ йын радта стыр тых. Йӕ райгуырды размӕ Иегъовӕ йӕ мадӕн загъта: «Тагъд рӕстӕджы дын райгуырдзӕн лӕппу. Уый фервӕзын кӕндзӕн Израилы филистимӕгтӕй».

Филистимӕгтӕ цӕрынц Ханааны ӕмӕ сты тынг ӕвзӕр адӕм. Ис сӕм бирӕ хӕстмондаг адӕм ӕмӕ ӕцӕг фыдмитӕ кӕнынц израилӕгтӕн. Иу хатт Самсон филистимӕгтӕм куы фӕцӕйцыд, уӕд фӕндагыл йӕ размӕ богъ-богъгӕнгӕ рацыд стыр домбай. Фӕлӕ йӕ Самсон сӕныккау акъабӕзтӕ кодта. Афтӕ ма бирӕ фӕцагъта ӕвзӕр филистимӕгтӕй дӕр.

Фӕстӕдӕр Самсон бауарзта иу сылгоймаджы, Далидӕ, зӕгъгӕ. Филистимӕгты хистӕртӕ Далидӕйӕн ныфс бавӕрдтой, Самсоны тыхы сусӕгдзинад цӕй мидӕг ис, уый кӕд базона, уӕд ын дзы алчидӕр фӕйнӕ мин ӕмӕ сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы кӕй ратдзӕн. Далидӕйы фӕнды уыцы ӕхцатӕ райсын. Уый Самсонӕн ӕцӕг хӕлар нӕу, нӕу хӕлар Хуыцауы адӕмӕн дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Самсоны уӕгъд нал уагъта, зӕгъ мын, цӕй мидӕг ис де стыр тыхы сусӕгдзинад, зӕгъгӕ.

Самсон ӕмӕ Далидӕ

Ӕппынфӕстаг Самсоны афтӕ суынгӕджы кодта, ӕмӕ йын уый дӕр схъӕр кодта йӕ тыхы сусӕгдзинад: «Мӕ сӕрыхъуынтӕ ӕлвыд никуы уыдысты. Куы райгуырдтӕн, уӕд мӕ Хуыцау равзӕрста йӕхицӕн сӕрмагонд лӕггадгӕнӕгӕй – назорейӕ. Мӕ сӕрыхъуынтӕ мын куы сӕлвыной, уӕд фесӕфдзӕн мӕ тых дӕр».

Далидӕ уый куы базыдта, уӕд Самсоны йӕ уӕрджытыл бафынӕй кодта. Уый фӕстӕ уатмӕ фӕдзырдта иу адӕймагмӕ, ӕмӕ йын уый йӕ сӕрыхъуынтӕ сӕлвыдта. Самсон куы райхъал, уӕд ӕм хъару нал уыд. Уӕд ӕм филистимӕгтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ ӕрцахстой. Йӕ цӕстытӕ йын скъахтой ӕмӕ дзы сӕхицӕн ӕххуырст скодтой.

Самсон цӕджындзтӕ базмӕлын кодта, агъуыст ныккалд ӕмӕ филистимӕгтӕ амардысты

Иу бон филистимӕгтӕ сӕ хуыцау Дагонӕн стыр куывд скодтой, ӕмӕ Самсоны ахӕстонӕй ракодтой, цӕмӕй дзы ахынджылӕг кӕной. Уӕдмӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ ногӕй разадысты. Цы лӕппу йӕ рацӕйкодта, уымӕн афтӕ зӕгъы: «Агъуыст цы цӕджындзтыл лӕууы, уыдонмӕ ма мӕ бакӕн». Куы йӕ бакодта, уӕд Самсон Иегъовӕйӕ тых ракуырдта, цӕджындзтыл ахӕцыд ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Уадз ӕмӕ ӕз дӕр филистимӕгтимӕ фесӕфон». Куывды уыди 3 000 (ӕртӕ мин) адӕймаджы. Самсон цӕджындзтӕ куы базмӕлын кодта, уӕд агъуыст ныккалд ӕмӕ уыцы ӕвзӕр адӕм иууылдӕр амардысты.

Тӕрхонгӕнджыты чиныг, 13–16 сӕртӕ.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын