Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 71 радз.
  • Хуыцау скӕндзӕн дзӕнӕт

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау скӕндзӕн дзӕнӕт
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
    Хуыцау нӕ цы домы?
  • «Дзӕнӕты фембӕлдзыстӕм!»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Сырд ӕрцыдысты сӕ хӕдзарӕй
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 71 радз.
Адӕм дзӕнӕты цӕрынц ӕмӕ сты амондджын, Исай йӕ пехуымпарады куыд ныффыста, афтӕ

71 РАДЗЫРД

Хуыцау скӕндзӕн дзӕнӕт

АЦЫ нывы ӕвдыст у дзӕнӕт, Хуыцау ӕй, ӕвӕццӕгӕн, пехуымпар Исайӕн куыд равдыста, афтӕмӕй. Исай цард Ионӕйы хӕдфӕстӕ.

Дзӕнӕт у «цӕхӕрадон» кӕнӕ «парк». Ацы дзырд дын, чиныджы райдианы цы федтам, уый нӕ лӕууын кӕны дӕ зӕрдыл? Иегъовӕ Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы цы диссаджы цӕхӕрадоны ӕрцӕрын кодта, уый хуызӕн дӕм нӕ кӕсы? Фӕлӕ цымӕ искуы зӕхх ӕгасӕйдӕр дзӕнӕт уыдзӕн?

Иегъовӕ йӕ пехуымпар Исайӕн загъта, цӕмӕй ныффыстаид, йӕ адӕм фидӕны ногӕй дзӕнӕты куыд цӕрдзысты, уый тыххӕй. Уый загъта: «Бирӕгътӕ ӕмӕ фыстӕ иумӕ лымӕнӕй цӕрдзысты. Родтӕ ӕмӕ домбайы лӕппынтӕ иумӕ хиздзысты, зилгӕ та сӕм кӕндзысты гыццыл сывӕллӕттӕ. Саби маргджын калмы цур куы хъаза, уӕддӕр ын тӕссаг нӕ уыдзӕн».

«Нӕ, уый никуы уыдзӕн,– чи зоны, зӕгъой бирӕтӕ.– Зӕххыл зындзинӕдтӕ алкӕддӕр уыд, ӕмӕ уыдзӕн». Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн: Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы ӕппӕты райдианы кӕм ӕрцӕрын кодта?

Дзӕнӕты. Ӕрмӕстдӕр, Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй ӕрцыдысты сырд сӕ диссаджы хӕдзарӕй; уӕдӕ зӕронд дӕр уый тыххӕй баисты ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй акодтой. Фӕлӕ Хуыцау загъта, чи йӕ уарзы, уыдонӕн ногӕй кӕй ратдзӕн, Адам ӕмӕ Евӕ цыдӕриддӕр фесӕфтой, уый.

Фидӕны, зӕххыл ногӕй дзӕнӕт куы уа, уӕд фыддзинад бынтондӕр нал уыдзӕн, зиан ничи никӕмӕнуал кӕндзӕн. Уым уыдзӕн ӕцӕг сабырдзинад ӕмӕ фарн. Адӕм иууылдӕр уыдзысты ӕнӕниз ӕмӕ амондджын. Зӕххыл алцыдӕр уыдзӕни, Хуыцауы иууыл сӕрӕй куыд фӕндыди, растдӕр афтӕ. Фӕстӕдӕр базондзыстӕм, Хуыцау зӕххыл уыцы уавӕртӕ куыд скӕндзӕни, уый.

Исай 11:6–9; Раргомад 21:3, 4.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын