5 ХАЙ
Вавилоны уацарӕй, Иерусалимы систӕ ногӕй амад куы ’рцыдысты, уӕды онг
Цалынмӕ израилӕгтӕ Вавилоны уацары уыдысты, уӕдмӕ сӕ уырнындзинад ӕдзухдӕр цыд фӕлвӕрд. Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго ӕппӕрст ӕрцыдысты фыртӕвдӕй зынг чи фӕстад, ахӕм пецы, фӕлӕ сӕ Хуыцау фервӕзын кодта, ӕппындӕр сыл ницы зиан ӕрцыд, афтӕмӕй. Фӕстӕдӕр мидийӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилон куы басастой, уӕд Данелы ныппӕрстой, домбӕйттӕ кӕм уыдысты, ахӕм хъоргъы, фӕлӕ та Хуыцау уый дӕр бахъахъхъӕдта – домбӕйттӕн сӕ дзыхтӕ сӕхгӕдта.
Фӕстагмӕ Персы паддзах Кир ссӕрибар кодта израилӕгты. Вавилоны уацары растдӕр ӕвдай азы куы фесты, уӕд фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ ӕрыздӕхтысты. Ӕмӕ фыццаджыдӕр ӕрӕвнӕлдтой Иегъовӕйы кувӕндон ногӕй аразынмӕ. Фӕлӕ сын тагъд се знӕгтӕ сӕ куыст бакъуылымпы кодтой. Уымӕ гӕсгӕ кувӕндон арӕзт фесты, Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕдӕй дыууын дыууӕ азы куы рацыд, ӕрмӕстдӕр уӕд.
Дарддӕр мах базондзыстӕм, Ездрӕ Иерусалиммӕ кувӕндон срӕсугъд кӕнынмӕ куыд ӕрцыд, уый тыххӕй. Уый уыд кувӕндон арӕзт куы фӕци, уымӕй цыппор авд азы фӕстӕ. Ездрӕйӕ ӕртындӕс азы фӕстӕдӕр та Иерусалимы хӕлд систӕ саразынӕн баххуыс кӕнынмӕ ’рцыд Нееми. ФӔНДЗӔМ ХАЙЫ ӕмткӕй райсгӕйӕ дзырд цӕуы, 152 (сӕдӕ фӕндзай дыууӕ) азы дӕргъы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл.