Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • my 78 радз.
  • Къух фыссы къулыл

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Къух фыссы къулыл
  • Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Къулыл диссаджы хуызы фӕзынд фыстытӕ
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Данелы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Мӕ библион радзырдты чиныг
my 78 радз.
Паддзах Валтасар ӕмӕ йӕ уазджытӕ къулыл фыстытӕ федтой ӕмӕ фӕтарстысты

78 РАДЗЫРД

Къух фыссы къулыл

УЫЙ цы хабар у? Адӕм бадынц стыр куывды. Вавилоны паддзах ӕрхуыдта дуне дзырддзӕугӕ адӕмы. Уыдон нуазынц, Иерусалимӕй Иегъовӕйы кувӕндонӕй кӕй рахастой, уыцы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй конд нуазӕн къустӕ ӕмӕ кӕхцытӕй. Фӕлӕ ӕвиппайды уӕлдӕфы фӕзынд адӕймаджы къух ӕмӕ къулыл фыссын райдыдта. Адӕм хорзау нал фесты.

Ныртӕккӕ Вавилоны паддзах у Навуходоносоры фырты фырт Валтасар. Уый бардзырд радта, цӕмӕй йӕм йӕ зондджын лӕгты ӕрбакӕной. «Ацы фыст чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна,– дзуры паддзах,– уымӕн ратдзынӕн стыр лӕвӕрттӕ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдзынӕн мӕ паддзахады ӕртыккаг лӕгӕй». Фӕлӕ уыцы зондджын лӕгтӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕу нӕдӕр фыст бакӕсын, нӕдӕр ӕй бамбарын кӕнын.

Паддзахы мад адӕмы хъӕлӕба куы фехъуыста, уӕд уазджытӕ кӕм бадтысты, уыцы стыр уатмӕ бацыд. «Дӕ хорзӕхӕй, ма тӕрс,– дзуры паддзахӕн.– Дӕ паддзахады ис, сыгъдӕг хуыцӕутты чи зоны, ахӕм адӕймаг. Дӕ фыдыфыд Навуходоносор куы уыд паддзах, уӕд ӕй йӕ зондджын лӕгты хистӕрӕй сӕвӕрдта. Йӕ ном хуыйны Данел. Ӕрбакӕнын ӕй кӕн, уый дын бамбарын кӕндзӕн ӕппӕт дӕр».

Данелы уыцы тӕккӕ ӕрбакодтой. Фыццаг уал Данел бамбарын кодта, паддзахы лӕвӕрттӕй иу дӕр кӕй нӕ райсдзӕн. Ӕмӕ уый фӕстӕ дзурын райдыдта, кӕддӕр Иегъовӕ Валтасарӕн йӕ фыдыфыд Навуходоносоры цӕмӕн аиуварс кодта, уый тыххӕй.

Къух къулыл фыссы МЕНЕ, МЕНЕ, ТЕКЕЛ ӕмӕ УПАРСИН

– Уый тынг сӕрбӕрзонд уыд,– загъта Данел.– Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй бафхӕрдта Иегъовӕ.

– Ды та,– ныр Данел дзуры Валтасармӕ,– Навуходоносорыл цытӕ ’рцыд, уыдӕттӕ зыдтай, фӕлӕ уӕддӕр уыйау дӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссыс. Иегъовӕйы кувӕндонӕй къустӕ ӕмӕ кӕхцытӕ рахастай ӕмӕ сӕ сидтытӕ уадзыс. Хъӕд ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты нӕмттӕ дзы арыс, Дунескӕнӕг та дӕм нымады дӕр нӕй. Уый тыххӕй ныффыссын кодта Хуыцау ацы ныхӕстӕ.

– Ӕмӕ дзы мӕнӕ цы фыст ис,– дзуры дарддӕр Данел.– МЕНЕ, МЕНЕ, ТЕКЕЛ ӕмӕ УПАРСИН.

МЕНЕ нысан кӕны, Хуыцау дын дӕ паддзахдзинады бонтӕ кӕй банымадта ӕмӕ сын кӕрон кӕй скодта. ТЕКЕЛ нысан кӕны, барӕнтыл ӕвӕрд кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ кӕй ницӕмӕн сбӕззыдтӕ. УПАРСИН та нысан кӕны, дӕ паддзахад мидийӕгтӕ ӕмӕ персӕгты къухмӕ лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн.

Данел йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ мидийӕгтӕ ӕмӕ персӕгтӕ ӕцӕгдӕр бабырстой Вавилонмӕ. Басастой йӕ, Валтасары та амардтой. Къулыл цы фыст уыд, уый сӕххӕст растдӕр уыцы ӕхсӕв! Фӕлӕ ныр израилӕгтӕ цы бауыдзысты? Уый тыххӕй базондзыстӕм фӕстӕдӕр, ныр та уал ӕркӕсӕм, Данелыл цы ’рцыд, уымӕ.

Данелы 5:1–31.

Фарстытӕ ахуыр кӕнынӕн

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын