46 (107) зарӕг
Зарӕм кад Иегъовӕйӕн уӕндонӕй!
1. Зарӕм кад Иегъовӕйӕн уӕндонӕй!
Стӕм йӕ ныфсӕй знӕгты раз ныфсхаст.
Знагӕй мах нӕ фӕтӕрсдзыстӕм никуы.
Тас нӕ ма уӕд. Размӕ уӕд нӕ каст!
(Базард)
2. Зарӕм кад Иегъовӕйӕн уӕндонӕй!
Алчи фехъусӕд фӕдзӕхст ӕргом:
Тагъд нӕ Паддзах фесафдзӕн фыддзинад,
Стӕй мӕнг динӕн дӕр уыдзӕн кӕрон.
(Базард)
3. Зарӕм кад Иегъовӕйӕн уӕндонӕй!
Сабыр чи у — ахуыр сӕ кӕнӕм.
Зонӕнт: кад у стыр Хуыцауӕн кувын.
Уым сын мах ӕххуысы къух дӕттӕм.
(БАЗАРД)
Хъусын кӕн ирвӕзындзинад алкуы!
’Мбарын кӕн: нывонддзырд хъӕуы раттын.
Зарӕм кад Иегъовӕйӕн уӕндонӕй,
Сисӕм ын бӕрзонд йӕ сыгъдӕг ном!