48 (113) зарӕг
Мах стӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ!
1. Хъӕдтӕн, дуртӕн кувы лӕг,
’Цӕг Хуыцау ын нӕу бӕрӕг.
Уый у Дунедарӕг,
Дзырд ӕххӕстгӕнӕг.
’Ндӕр хуыцӕуттӕм хъару нӕй,
Фидӕн базоной цӕмӕй.
Ничи сын и, ӕвдисӕн сын уа,
«’Цӕгдӕр хуыцӕуттӕ сты», зӕгъа.
(Базард)
2. «Ме ’вдисӕнтӕ с’мах ыстут,
’Ндӕр хуыцӕуттӕй ма тӕрсут».
Ӕз — Хуыцау Иегъовӕ,
Дун-дуне мӕн у.
Фервӕзын уӕ кодтон ӕз,
’Ндӕр хуыцау нӕ уыд уӕ ныфс.
Дардӕй-хӕстӕгмӕ дзурут мӕ ном,
’Вдисӕн лӕуут мӕнӕн ӕргом.
(Базард)
3. ’Вдисӕнтӕ Хуыцауы ном
Рухс кӕнынц, хӕссынц бӕрзонд.
Уыдоны фӕдзӕхсынц,
Чи йӕ фауы ’ргом.
Адӕймагӕн барст уыдзӕн,
Кӕд Хуыцаумӕ раздӕхдзӕн.
Уацамынд уымӕн фарн, цин хӕссы,
’Нӕкӕрон царды ныфс дӕтты.
(БАЗАРД)
Кад Иегъовӕйӕн кӕнӕм,
Йе ’Вдисӕнтӕ мах ыстӕм.
Раст пехуымпарад уый зӕгъы ’рмӕст,
’Рцӕудзӕн йӕ ныхас ӕххӕст.