91 (207) зарӕг
Кӕмӕн радтам нӕхи?
1. Кӕмӕн радтай дӕхи?
Цавӕр Хуыцау дын и?
Дӕ хицауыл кӕй нымайыс,
Гъе уымӕн табу дӕр кӕныс.
Дыууӕ хуыцауӕн нӕй
Лӕггад кӕнӕн зӕрдӕй.
Нӕй уымӕн гӕнӕн — нӕй ’цӕг бауарзӕн
Дыууӕйы ’мхуызонӕй.
2. Кӕмӕн радтай дӕхи?
Цавӕр Хуыцау дын и?
Сӕ иу у мӕнг, у иннӕ ’цӕг,
Дӕхӕдӕг дӕ уый равзарӕг.
Ды кесӕрыл, мыййаг,
Уыдзынӕ иузӕрдыг?
Ӕви дын уыдзӕн Хуыцау хицауӕн,
Йӕ фӕнд кӕндзынӕ ды?
3. Кӕмӕн дӕн ӕз цагъар?
Иегъовӕйӕн — мӕ цард.
Ӕцӕг Хуыцауӕн кувын ныр,
Нӕ басӕтдзынӕн ӕз мӕ дзырд.
Уый бафыста стыр аргъ,—
’Рмӕст уымӕн ныр цӕрын.
Йӕ Фырты мӕлӕт цард радта мӕнӕн,
Фӕстӕмӕ нал кӕсын.
4. Хуыцауы мах ыстӕм —
Уый фидарӕй зӕгъӕм!
Куыд загъта, афтӕ — ’мвӕнд-ӕмзонд —
Йӕ адӕм стӕм, йӕ кӕрты конд.
Уыд хистӕр сауджынӕн
Ӕхцон йӕ сӕрыл сой,—
Раст афтӕ у ныр ӕцӕгады ’мбырд
Нӕ зӕрдӕйӕн ӕнцой.