Хицауад, кӕцы ӕрхӕсдзӕн Дзӕнӕт
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджыты Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй кувын ахуыр кодта: «Ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад; Дӕ бар уӕд, арвыл куыд у, зӕххыл дӕр афтӕ» (Матфейы 6:9, 10). Уый дзырдта ӕппынӕдзухдӕр «паддзахады тыххӕй цины хабар» (Матфейы 4:23, НД). Бафиппаинаг у, уый тынг бирӕ кӕй дзырдта Паддзахады ӕрцыды тыххӕй. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Паддзахады уылты аскъуыддзаг кӕндзӕн, абоны цард афтӕ ӕнӕфӕразгӕ цӕй тыххӕй сси, ӕппӕт уыцы проблемӕтӕ. Тагъд Паддзахады руаджы Хуыцау кӕрон скӕндзӕн хӕстытӕн, ӕххормагдзинадӕн, низтӕн, фыдракӕндтӕн ӕмӕ ӕрӕвӕрдзӕн сабырад ӕмӕ иудзинад.
Нӕ дӕ фӕнды ахӕм дунейы цӕрын? Кӕд о, уӕд дӕ ӕнӕмӕнг бакӕсын хъӕуы ацы брошюрӕ. Ды базондзынӕ Паддзахад кӕй у хицауад, фӕлӕ уый у адӕймагадыл алкӕддӕр чи хицауиуӕг кодта, уыдонӕй иуыл хуыздӕр хицауад. Ды базонгӕ уыдзынӕ диссаджы цауимӕ: Хуыцау цадӕггай йӕ фӕнд Паддзахады тыххӕй куыд ӕргом кодта йӕ лӕггадгӕнджытӕн. Кӕронбӕттӕны базондзынӕ куыд баххуыс кӕндзӕн Паддзахад дӕуӕн абон.
Хуыцауы Паддзахады ӕмбӕстаг суӕвын дӕ бон у ныр дӕр. Фӕлӕ йе ’вварс слӕууыны агъоммӕ уал фылдӕр базонын хъӕуы уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ дӕ хонӕм ацы брошюрӕмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсынмӕ. Паддзахады тыххӕй дзы цы дзырдӕуы, уый иуылдӕр бындурӕвӕрд у Библийыл.
Райдианы та уал базонӕм, Хуыцауы Паддзахад нӕ афтӕ тынг цӕмӕ хъӕуы.
Адӕймагады истори уымӕй райдыдта, Хуыцау фыццаг адӕймаджы ӕххӕстӕй кӕй сфӕлдыста ӕмӕ йӕ дзӕнӕты кӕй ӕрцӕрын кодта. Уыцы рӕстӕджы нӕ хъуыд Паддзахад.
Фӕлӕ нӕ рагфыдӕлтӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, байхъуыстой растадон зӕд — Сайтанмӕ. Уый сӕ Хуыцауыл хахуыр дзургӕйӕ, сразӕнгард кодта Хуыцауы ныхмӕ растынмӕ. Уый тыххӕй уыдон уыдысты мӕлӕты аккаг, уымӕн ӕмӕ «мӕлӕт у тӕригъӕды мызд» (Ромӕгтӕм 6:23).
Ӕнӕххӕст адӕймаджы бон нӕу, цӕмӕй йын ӕххӕст сывӕллӕттӕ уа. Уымӕ гӕсгӕ, Адам ӕмӕ Евӕйы цот иуылдӕр райгуырдысты ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын ӕмӕ мӕлӕтонӕй (Ромӕгтӕм 5:12).
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн сси ӕнӕмӕнхъӕуӕг, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты ӕлгъыстӕй аирвӕзой. Ацы Паддзахад ма ноджыдӕр Хуыцауы ном хъуамӕ ссыгъдӕг кодтаид Сайтаны мӕнг ныхӕстӕй.
Иегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, адӕймагад тӕригъӕдӕй фервӕзын кӕнынӕн хъуамӕ райгуыра «мыггаг» (кӕнӕ байзӕддаг) ӕмӕ адӕймагады фервӕзын кӕна тӕригъӕдӕй (Царды Райдиан 3:15). Уыцы «мыггаг» суыдзӕн Хуыцауы Паддзахады Паддзах.
Цымӕ чи уыдзӕн уыцы Мыггаг?
Адамы тӕригъӕд ӕруагъдӕй 2 000 азы куы рацыд, уӕд зӕххыл цард тынг иузӕрдион нӕлгоймаг — Авраам. Иегъовӕ йын бардзырд ратта йӕ райгуырӕн горӕт ныууадзын ӕмӕ Палестинӕйы зӕххыл цатырты ӕрцӕрын.
Авраам Иегъовӕйы бардзырдтӕ ӕххӕст кодта иуылдӕр, ӕгӕрӕстӕмӕй ма, тынг зын бардзырд дӕр. Иегъовӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ фырт Исаахъхъы нывондӕн ӕрхӕсса.
Ӕцӕгӕй та Иегъовӕйы адаймаджы нывонд нӕ хъуыд. Уый ӕрмӕстӕр фӕндыд базонын Авраам ӕй цӕйбӕрц тынг уарзы. Авраам Исаахъхъы марынмӕ цӕттӕ куы уыд, уӕд ӕй Иегъовӕ фӕурӕдта.
Иегъовӕ Авраамӕн йе ’стыр уырнондзинады тыххӕй зӕрдӕ бавӕрдта, Палестинӕйы зӕхх йӕ цотӕн раттын ӕмӕ ныфсӕвӕрд Мыггаг йӕ мыггаджы уылты — йӕ фырт Исаахъхъы уылты ӕркӕнын (Царды Райдиан 22:17, 18; 26:4, 5).
Исаахъхъӕн уыд дыууӕ фаззон фырты: Исав ӕмӕ Иаков. Иегъовӕ бацамыдта, ныфсӕвӕрд Мыггаг Иаковы уылты кӕй ӕрцӕудзӕн, уый (Царды Райдиан 28:13—15).
Иаковӕн, кӕцыйӕн ма Хуыцау ратта дыккаг ном — Израиль, уыд 12 фырты, ӕмӕ фӕстӕдӕр уыдонӕй алкӕмӕн дӕр райгуырд сывӕллӕттӕ. Афтӕмӕй Авраамы цӕуӕт фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой (Царды Райдиан 46:8—27).
Уыцы бӕстӕйы ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд египетаг хицау фараоны ӕрхуындмӕ гӕсгӕ Иаков йӕ бинонтимӕ алыгъд цӕрынмӕ Египетмӕ (Царды Райдиан 45:16—20).
Египеты раргом, ныфсӕвӕрд Мыггаг кӕй суыдзӕн Иаковы фырттӕй сӕ иу Иудӕйы байзӕддаг (Царды Райдиан 49:10).
Иаковы амӕлӕты фӕстӕ йӕ байзӕддӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, ӕмӕ сӕ фӕстагмӕ ӕнӕхъӕн адӕм сырӕзт. Уӕд египетӕгты тас бацыди ӕмӕ сӕ сӕхицӕн цагъайрӕгтӕ сарӕзтой (Рацыд 1:7—14).
Ӕмӕ мӕнӕ Хуыцау барвыста тынг иузӕрдион адӕймаг Моисейы, уӕды рӕстӕджы хицауиуӕггӕнӕг фараонмӕ, цӕмӕй уый ауадза Израилы фыртты (Рацыд 6:10, 11).
Фараон кӕй не сразы уый саразыныл, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау египетӕгтыл ӕруагъта дӕс ӕфхӕрды. Фӕстаг ӕфхӕрды хуызы уый рарвыста мӕлӕтхӕссӕг зӕды, египетаг фыццаггуырд фыртты амарынмӕ (Рацыд 7 сӕрӕй 12 сӕрмӕ).
Израилӕгтӕн та Хуыцау загъта, зӕгъгӕ, кӕд уыдон ӕхсӕвӕрӕн уӕрыкк аргӕвдой ӕмӕ йын йӕ тугӕй сӕ дуӕртты уӕлкъӕсӕртӕ байсӕрдой, уӕд мӕлӕтхӕссӕг зӕд сӕ хӕдзӕртты иувӕрсты ацӕудзӕн. Афтӕ фервӕзтысты израилаг фыццаггуырдтӕ (Рацыд 12:1—35).
Уый сразӕнгард кодта фараоны израилӕгтӕн Египет ныууадзыны бардзырд раттынмӕ. Фӕлӕ стӕй йӕ хъуыды аивта ӕмӕ сӕ фӕстейӕ асырдта, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ раздаха.
Иегъовӕ израилӕгты фервӕзын кодта, Сырх денджызыл сын фӕндаг байгомгӕнгӕйӕ. Ӕмӕ сӕ фараон йе ’фсӕдтимӕ куы фӕцӕйсырдтой, уӕд иуылдӕр фӕдӕлдон сты (Рацыд 15:5—21).
Иегъовӕ Израилы фыртты ӕдзӕрӕг быдыртыл кодта Синайы хохмӕ. Уым сын ратта йӕ Закъон ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ кӕд ӕй ӕххӕст кӕной, уӕд сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм кӕй суыдзысты. Уый нысан кодта, кӕй ӕрлӕудзӕн рӕстӕг, кӕцыйы израилӕгтӕн уыдзӕн фадат Хуыцауы Паддзахады зынгӕ бынат бацахсынӕн (Рацыд 19:6; 24:3—8).
Синайы хохрӕбын иу афӕдзы бӕрц куы фесты, уӕд израилӕгтӕ Хуыцауы къухдариуӕджы бын сӕ ных сарӕзтой Палестинӕмӕ — уыцы зӕхмӕ, кӕцы Хуыцау баныфс ӕвӕрдта сӕ фыдӕл Авраамӕн.
Фӕстӕдӕр Палестинӕйы Хуыцау ӕруагъта, цӕмӕй израилӕгтыл къухдариуӕг кодтаиккой паддзӕхтӕ. Афтӕмӕй Хуыцауӕн уыд зӕххыл паддзахад.
Дауыт — Иудӕйы байзӕддаг, уыд Израилы дыккаг паддзах. Дауыт фӕуӕлахиз Израилы знӕгтыл иуылдӕр ӕмӕ Иерусалим скодта йӕ паддзахады сӕйраг горӕт.
Дауыты къухдариуӕгады рӕстӕджы цаутӕ ӕвдисынц, паддзахы ’рдыгӕй Иегъовӕ йӕхӕдӕг куы лӕууа, уӕд кӕй никӕцы зӕххон паддзахӕн у йӕ бон, ууыл фӕуӕлахиз уӕвын.
Иегъовӕ бауырнын кодта, ныфсӕвӕрд Мыггаг кӕй уыдзӕн Дауыты байзӕддӕгтӕй сӕ иу (1.Паралипоменон 17:7, 11, 14).
Дауыты фӕстӕ къухдариуӕг кодта йӕ фырт Соломон. Уый уыд зондджын паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахиуӕгады рӕстӕджы адӕм цардысты тынг хъӕздыг.
Соломон ма сарӕзта Иерусалимы диссаджы кувӕндон Иегъовӕйӕн. Израилы уавӕртӕ Соломоны къухдариуӕджы рӕстӕг цасдӕр бӕрцӕй ӕвдисынц, фидӕны Хуыцауы Паддзахад адӕймагадӕн цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый (3.Паддзахӕдты 4:24, 25).
Фӕлӕ Соломоны фӕстӕ бирӕ паддзӕхтӕ уыдысты тынг ӕнӕууӕнк.
Фӕлӕ уӕддӕр Иерусалимы ма Дауыты цот куы къухдариуӕг кодтой, уӕд Иегъовӕ пехуымпар Исайы уылты фехъусын кодта, сомбон ӕппӕт Зӕххыл Дауыты иузӕрдион Фырт кӕй къухдариуӕг кӕндзӕн. Гъе, уый уыдзӕн уыцы ныфсӕвӕрд Мыггаг (Исай 9:6, 7).
Пехуымпар Исай развӕлгъау загъта, Йӕ хицаудзинад Соломоны хицаудзинадӕй бирӕ кадджындӕр кӕй уыдзӕн (Исай 11 ӕмӕ 65 сӕртӕ).
Ныры хуызӕн Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ никуы лӕвӕрдтой сӕхимӕ фарст: цымӕ чи уыдзӕн уыцы Мыггаг?
Хъыгагӕн Мыггаджы ӕрцыдмӕ Израилы паддзӕхтӕ афтӕ тынг сӕнӕгъдау сты, ӕмӕ нӕ эрӕйы агъоммӕ 607 азы Иегъовӕ бауагъта, цӕмӕй сыл вавилонӕгтӕ хӕстӕй фӕуӕлахиз уой ӕмӕ адӕмы фылдӕр хай уацары акӕной Вавилонмӕ. Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта йӕ ныфсӕвӕрд. Мыггаг уӕддӕр хъуамӕ ӕрцыдаид Дауыты мыггагӕй (Иезекиль 21:25—27).
Израилы цӕвиттонӕй мах уынӕм, кӕд зондджын ӕмӕ иузӕрдион паддзахӕн йӕ бон уыд цыдӕр пайда ӕрхӕссын, уӕддӕр уый арӕнвӕрд кӕй уыд, уый. Иузӕрдион адӕм амӕлынц, ӕмӕ сӕ чи баивы, уыдон та гӕнӕн ис ӕнӕууӕнк разыной. Цавӕр амал ын ис? Ныфсӕвӕрд Мыггаг.
Ӕмӕ мӕнӕ мин азы фӕстӕ уыцы Мыггаг ӕппынфӕстаг ӕрцыд. Цымӕ чи уыд уыцы Мыггат?
Израилаг ӕнӕцыд чызг Мариайы ацы фарстӕн дзуапп ратта зӕд. Уый фехъусын кодта, уымӕн кӕй райгуыдзӕн фырт, ӕмӕ кӕй хуындзӕн Йесо. Мӕнӕ йын цы загъта:
«Уый уыдзӕн номдзыд, ӕмӕ Бӕрзонды Фырт хуындзӕн, ӕмӕ Йын ратдзӕн Хицау Хуыцау Йӕ фыд Дауыты паддзахы бадӕн; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн» (Лукайы 1:32, 33).
Уӕдӕ уыцы ныфсӕвӕрд Мыггаг ӕмӕ ӕппын фӕстаг Хуыцауы Паддзахады Паддзах уыдзӕн Йесо. Фӕлӕ цымӕ цӕмӕй хицӕн кӕны Йесо йӕ размӕ цӕрӕг иузӕрдион адӕмӕй?
Йесойы райгуырд диссаг уыд. Йӕ мад уыд ӕнӕцыд чызг, ӕмӕ йын нӕ уыд зӕххон фыд. Йесо уӕдмӕ цард уӕларвыл, ӕмӕ стӕй Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй, ома йӕ архайгӕ тыхӕй, йӕ цард хаст ӕрцыд Мариайы хуылфмӕ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ туджы нӕ рахаста Адамы тӕригъӕд. Йӕ царды Йесо тӕригъӕд никуы сарӕзта (1.Петры 2:22).
Йесо 30-аздзыдӕй донаргъуыд райста.
Уый дзырдта адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ фӕстӕдӕр фехъусын кодта, уыцы Паддзахады Паддзах кӕй у, уый (Матфейы 4:23; 21:4—11).
Уый арӕзта бирӕ диссӕгтӕ.
Дзӕбӕх кодта рынчынты (Матфейы 9:35).
Диссаг ӕгъдауӕй ӕфсӕста ӕххормаг адӕмы (Матфейы 14:14—22).
Уый ма мӕрдты дӕр удӕгас кодта (Иоанны 11:38—44).
Ацы диссӕгтӕ ӕвдисынц, Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы суа, уӕд адӕймагадӕн цы сараздзӕн, уый.
Хъуыды кӕныс, Дауыт паддзах Иерусалимӕй йӕ паддзахады сӕйраг горӕт куыд сарӕзта? Йесо бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахад зӕххыл нӕ, фӕлӕ уӕларвыл кӕй уыдзӕн (Иоанны 18:36). Уымӕ гӕсгӕ уыцы Паддзахад хуыйны «уӕларвон Иерусалим» (Евреӕгтӕм 12:22, 28).
Йесо афыста уыцы Паддзахады ӕмбӕстӕгтӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг закъӕттӕ. Ныртӕккӕ уыцы закъӕттӕ сты Библийы. Уыцы закъӕттӕй сӕйрагдӕртӕ сты — уарзондзинады закъӕттӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ адӕмӕн сӕ кӕрӕдзимӕ (Матфейы 22:37—39).
Йесо ма раргом кодта, уый Паддзахады иунӕг хицау кӕй нӕ уыдзӕн. Йемӕ хицауиуӕг кӕндзысты адӕм, кӕцытӕ ӕвзӕрст ӕрцӕудзысты уӕларвмӕ ацӕуынмӕ (Лукайы 12:32; Иоанны 14:3). Цымӕ цал уыдзысты? Раргомад 14:1 дзуапп дӕтты: 144 000.
Кӕд ӕрмӕстӕр 144 000 адӕймаджы ацӕудзӕн уӕларвмӕ Чырыстимӕ хицауиуӕг кӕнынмӕ, уӕд иннӕ адӕм та сӕ ныфс цӕуыл хъуамӕ ӕвӕрой?
Библи зӕгъы: «Рӕстагӕттӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалм 36:29).
Зӕххыл ӕнустӕм цы адӕм цӕрдзысты, уыдон хуыйнынц «ӕндӕр фыстӕ» (Иоанны 10:16).
Уӕдӕ ис дыууӕ ныфсы. Сӕдӕ цыппор цыппар мин адӕймаджы Иегъовӕ Хуыцау хоны уӕларвмӕ Йесо Чырыстиимӕ хицауиуӕг кӕнынмӕ. Иннӕ милуангай адӕмы та ис ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны фидар ныфс, куыд уыцы Паддзахады ӕмбӕстӕгтӕ (Раргомад 5:10, «Цины Хабар»).
Сайтанӕн Йесо ӕнӕуынон уыд ӕмӕ йын алыхуызон цӕлхдуртӕ ӕвӕрдта йӕ разы. Йӕ уацамонӕн архайдӕй ӕртӕ аз ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд Сайтаны разӕнгардӕй Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ мӕлӕтдзаг хуыд ныккодтой цӕджындзмӕ. Цымӕ Хуыцау уый цӕмӕн ӕруагъта?
Ӕрхъуыды ма кӕнӕм: мах иуылдӕр Адамӕй рацыдыстӕм, иуылдӕр тӕригъӕд аразӕм ӕмӕ стӕм мӕлӕты аккаг (Ромӕгтӕм 6:23).
Ноджыдӕр ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм: Йесойы райгуырд уыд диссаг — уый уыд ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ уыд мӕлӕты аккаг. Ӕмӕ уӕддӕр Хуыцау бауагъта Сайтаны, цӕмӕй ‘Йесойы зӕвӕтыл фӕхӕца’ — амара йӕ. Фӕлӕ Хуыцау райгас кодта Йесойы, куыд ӕнӕмӕлгӕ духовон фӕлдисонд. Раздӕрау ын ӕххӕст адӕймаджы цард райсыны бар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд уыцы барӕй спайда кӕнын ӕмӕ адӕмы тӕригъӕды цагъарадӕй балхӕнын (Царды Райдиан 3:15; Ромӕгтӕм 5:12, 21; Матфейы 20:28).
Цӕмӕй Йесойы нывонды нысауинӕг ӕххӕстӕй бамбарӕм, уый тыххӕй Библи дзуры пехуымпарадон хуызты руаджы.
Цӕвиттонӕн, хъуыды кӕныс, Иегъовӕ Авраамы уарзондзинад фӕлваргӕйӕ, бардзырд кӕй ратта, цӕмӕй йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕсса?
Уый пехуымпарадон хуызы ӕвдисы Йесойы нывонд. Уымӕй ӕвдыст ӕрцыд, Иегъовӕйы уарзондзинад адӕммӕ уыйбӕрц тыхджын кӕй у, ӕмӕ йӕ Фырт — Йесо — адӕмы сӕрыл хаст ӕрцыд, цӕмӕй махӕн цард ссарыны фадат уа (Иоанны 3:16).
Хъуыды кӕныс, Иегъовӕ израилӕгты Египетӕй куыд ракодта ӕмӕ сын сӕ фыццаггуырд фырты куыд фервӕзын кодта, мӕлӕтхӕссӕг зӕдӕн сӕ иувӕрсты ацӕуыны бардзырд ратгӕйӕ? (Рацыд 12:12, 13).
Уый уыд пехуымпарадон хуыз. Уӕрыччы туг израилаг фыццаггуырд фырттӕн цард куыд ратта, афтӕ Йесойы тугныккалд дӕр дӕтты цард чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕн. Ӕмӕ куыд уыцы ӕхсӕвы цаутӕ израилӕгтӕн нысан кодтой сӕрибардзинад, афтӕ Йесойы мӕлӕт дӕр адӕмӕн хӕссы сӕрибардзинад, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй.
Раст уый тыххӕй хонынц Йесойы «Хуыцауы Уӕрыкк, кӕцы исы йӕхимӕ дунейы тӕригъӕд» (Иоанны 1:29).
Уымӕй уӕлдай ма, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд ӕмбырд кодта ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ сӕ ахуыр кодта Паддзахады тыххӕй цины хабар уацамынд кӕнын, ӕгӕрӕстӕмӕй ма йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр (Матфейы 10:5; Лукайы 10:1).
Уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты фыццаг адӕймӕгтӕ, кӕцыты Хуыцау равзӕрста Йесоимӕ йӕ Паддзахады хицауиуӕг кӕнынӕн (Лукайы 12:32).
Ӕрхъуыды ма кӕн: Хуыцау дзуттӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕд уыдон Закъон ӕххӕст кӕной, уӕд кӕй суыдзысты «сауджынты паддзахад». Ӕмӕ мӕнӕ ныр, уыдон Йесойӕн куы саргъ кодтаиккой, уӕд сын байгом уыдаид Хуыцауы Паддзахады бынӕттӕ бацахсыны ӕмӕ уӕларвон сауджынтӕй лӕггад кӕныны фадат. Фӕлӕ сӕ фылдӕр не ’саргъ кодтой Йесойӕн.
Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дзуттӕгтӕ Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм нал сты, Палестинӕ та Хуыцауӕй ныфсӕвӕрдгонд зӕхх нал у (Матфейы 21:43; 23:37, 38).
Йесойы рӕстӕгӕй нӕ дуджы онг Иегъовӕ ӕмбырд кӕны адӕмы уӕларвон хицауадмӕ Йесоимӕ паддзахиуӕг кӕнынмӕ. Уыдонӕй ма ныртӕккӕ зӕххыл цӕры ӕрмӕст цалдӕр мины. Мах сӕ хонӕм «сӕрст баззайӕггаг» (Раргомад 12:17).
Ныр та Хуыцауы Паддзахадӕн йӕхимӕ ӕркӕсӕм. Уый у уӕларвон хицауад, йӕ Паддзах — Йесо Чырысти, йемӕ ма ис Зӕххӕй ӕвзӕрст 144 000 адӕймаджы. Ацы хицауад къухдариуӕг кӕндзӕн Зӕххы иузӕрдион цӕрджытыл ӕмӕ йӕ бон уыдзӕн Зӕхмӕ сабырдзинад ӕрхӕссын.
Йесо куы амард уӕд ӕй Хуыцау райгас кодта ӕмӕ аздӕхт уӕларвмӕ. Уӕларвы ӕнхъӕлмӕ каст, Хуыцау ын кӕд фехъусын кӕндзӕн, кӕй ӕрцыд уымӕн рӕстӕг Хуыцауы Паддзахады Паддзахӕй слӕууынӕн (Псалм 109:1). Цымӕ уый кӕд ӕрцӕудзӕн?
Хатгай-иу, Паддзахады тыххӕй исты бамбарын кӕнынӕн, Иегъовӕ адӕмӕн лӕвӕрдта фынтӕ.
Данелы рӕстӕджы Иегъовӕ фенын кодта фын Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн. Уыцы фын уыд стыр бӕласы тыххӕй (Данел 4:7—34).
Бӕлас акалдтой ӕмӕ йӕ зӕнгӕй цы баззад, уый авд азмӕ фидар ныббастой.
Уый фӕсномыгӕй нысан кодта Навуходоносоры. Бӕласы зӕнгӕй цы баззад, уый авд азмӕ баст куыд уыд, афтӕ Навуходоносор дӕр авд азы уыд фӕлхӕст рынчын. Уый фӕстӕ сӕнӕниз.
Уыдон иуылдӕр уыдысты пехуымпорадон хуызтӕ. Навуходоносор ӕвдыста Иегъовӕйы ӕппӕтдунеон хицаудзинад. Фыццаджы дӕр уый ӕххӕст цыд, Иерусалимы Дауыт Паддзахы байзӕддӕгты уылты. Нӕ эрӕйы агъоммӕ 607 азы вавилонӕгтӕ Иерусалим тыхӕй куы байстой, уӕд паддзахады мыггаг фескъуыд. Дауыты цӕуӕтӕй паддзӕхтӕ мауал хъуамӕ уыдаид, «цалынмӕ закъонон бар кӕмӕн ис, уый ӕрцӕуа» (Иезекиль 21:27, НД). Уый разынд Йесо Чырысти.
Цымӕ нӕ эрӕйы агъоммӕйӕ 607 азы Йесойы хицауиуӕгады райдианы онг цас рӕстӕг хъуамӕ рацыдаид? Авд пехуымпарадон азы. Уыдон сты 2 520 азы бӕрц (Раргомад 12:6, 14). Уыцы азтӕ мах ӕркӕндзысты, нӕ эрӕйы агъоммӕ 607 азӕй ранымайгӕйӕ, нӕ эрӕйы 1914 азмӕ.
Уӕдӕ, Йесо уӕларвыл хицауиуӕг кӕнын райдыта 1914 азы. Цымӕ йын цавӕр нысаниуӕг уыд?
Библи йын дзуапп дӕтты апостол Иоанны цӕстылуайӕны.
Уый федта, иу сылгоймаг фырт куыд ныййардта уӕларвыл (Раргомад 12:1—12).
Уыцы сылгоймаджы хуызы ӕвдыст цӕуы Хуыцауӕн уӕларвыл чи лӕггад кӕны, ӕппӕт уыцы зӕдтӕй конд уӕларвон организаци. Ноггуырд фырты хуызы ӕвдыст цӕуы Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахад 1914 азы «райгуырд».
Цы ӕрцыд уый фӕстӕ та? Фыццаджыдӕр Йесо, куыд Паддзах, афтӕ арвӕй зӕхмӕ раппӕрста Сайтан ӕмӕ йемӕ ра́стӕг зӕдты (Раргомад 12:9).
Библи дарддӕр ӕрфыста цы ӕрцыд, уый: «Райгӕ ут ӕрвтӕ, ӕмӕ уым найфӕттӕ кӕмӕн ис [«уым цӕрджытӕ», СТ], уыдон! Додой, зӕххыл ӕмӕ денджызы чи цӕры, уыдонӕн. Цӕмӕйдӕриддӕр сымахмӕ ӕрхызт дӕлимон, знӕтӕй судзгӕйӕ, зоны, ӕвӕдза, бирӕ бонтӕ йын кӕй нал баззад, уый!» (Раргомад 12:12).
Уымӕ гӕсгӕ, Йесо уӕларвыл Паддзахиуӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд зӕххыл йе ’знӕгты архайд тынг сцырын. Библи рагагъоммӕ куыд загъта, афтӕ Йесо паддзахиуӕг кӕнын райдыдта йе ’знӕгты ’хсӕн (Псалм 109:1, 2).
Цымӕ уый куыд хъуамӕ фӕзындаид адӕймагадыл?
Йесо фехъусын кодта: ныггуыпп кӕндзысты хӕстытӕ, уыдзӕн фыдазтӕ, низтӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕ (Матфейы 24:7, 8; Лукайы 21:10, 11).
Куыд уынӕм афтӕмӕй, 1914 азӕй уыцы цаутӕ кӕй цӕуынц, уый у ноджыдӕр иу бӕлвырдгӕнӕн Паддзахад уӕдӕй кӕй райдыдта хицауиуӕг кӕнын.
Раргомады чиныджы дзырдӕуы, адӕм кӕй ‘сафдзысты’ зӕхх (Раргомад 11:18). Ӕмӕ уый дӕр уынӕм, уӕлдайдӕр та 1914 азӕй.
Апостол Павл ма бафтыдта, адӕм кӕй уыдзысты «хиуарзаг, ӕхцауарзаг... ныййарджытӕм ӕгоммӕгӕс... нӕфидауаг, хахуырӕвзаг, хиуыл нӕхӕцаг» (2.Тимофеймӕ 3:1—5).
Ныр ӕмбӕрстгонд у, абон цард афтӕ ӕнӕфӕразгӕ цӕмӕн у, уый. Сайтан у ӕнахуыр тыхджын. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад та архайы ноджы хъаруджындӕрӕй.
1914 азы фӕстӕ уайтагъд, уӕларвыл Йесоимӕ паддзахиуӕг кӕныны ныфс кӕмӕн ис, уыцы баззайӕггаг цины уацамынд кӕнын райдыдта Паддзахады хицауиуӕгады райдианы тыххӕй. Йесойы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, ацы уацамынд анхъӕвзта ӕппӕт зӕххыл (Матфейы 24:14).
Цы у йӕ нысан ацы уацамынды архайдӕн?
Фыццаджыдӕр: адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фехъусын кӕнын.
Дыккаджыдӕр: уыцы Паддзахады ӕмбӕстӕгтӕ суӕвынӕн, ахъаз уынаффӕ рахӕссынӕн баххуыс кӕнын.
Йесо развӕлгъау загъта, нӕ рӕстӕджы ӕппӕт адӕймагад дихгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, афтӕмӕй ӕппын фӕстаг рабӕрӕг уыдзысты фысты хуызӕн ӕмӕ сӕгъы хуызӕн адӕм (Матфейы 25:31—46).
«Фыстӕ» — Йесойы ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты чи уарзта, уыдон. «Сӕгътӕ» та нӕдӕр Йесойы, нӕдӕр йе ’фсымӕрты уарзтой.
«Фыстӕ» райсдзысты ӕнусон цард, «сӕгътӕ» та нӕ.
Паддзахады тыххӕй цины хабары уацамынд адӕмӕн ӕххуыс кӕны фысты хуызӕн сты ӕви сӕгъты хуызӕн, уый фенын.
Пехуымпар Исай йӕ рагзагъды мӕнӕ цы загъта:
«Ӕмӕ фӕстаг бонты Хуыцауы хӕдзары хох сбӕрзонд уыдзӕн иннӕ хӕхтыл, ӕмӕ къуылдымтӕй сбӕрзонддӕр уыдзӕн, ӕмӕ йӕм ивылдзысты ӕппӕт адӕмтӕ» (Исай 2:2).
Ныртӕккӕ адӕймагад цӕры «фӕстаг бонты».
Иегъовӕйы кувӕн «хӕдзар» ӕппӕт мӕнг динтыл «бӕрзонддӕр кӕны».
«Ӕмӕ цӕудзысты бирӕ адӕмтӕ, ӕмӕ зӕгъдзысты: ӕрцӕут, ӕмӕ ссӕуӕм Хуыцауы хохмӕ, Иаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, ӕмӕ нӕ сахуыр кӕндзӕн Йӕ фӕндӕгтыл; ӕмӕ цӕудзыстӕм Йӕ къахвӕдтыл» (Исай 2:3).
Уыимӕ разыгӕнгӕйӕ ныртӕккӕ бирӕ адӕм ӕппӕт дзылӕтӕй цӕуынц Иегъовӕйӕн кувынмӕ ӕмӕ ма уымӕ ӕндӕрты дӕр хонынц. Уыдон ахуыр кӕнынц, сӕ хъуыддӕгтӕй Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуыныл.
«Ӕмӕ рацӕгъддзысты сӕ кӕрдтӕ кусӕнгӕрзтӕм, ӕмӕ сӕ ӕрцытӕ — ӕхсырфтӕм; нал сисдзӕн адӕм адӕмы ныхмӕ кард, ӕмӕ никуыуал ахуыр кӕндзысты хӕцын» (Исай 2:4).
Иегъовӕйы кувджытӕ сты хӕларзӕрдӕ ӕмӕ сабыр адӕм.
Хуыцауы Паддзахады архайды фӕстиуӕг у ӕппӕт дунейы, уыцы Паддзахады милуангай ӕмбӕстӕгты фӕзынд.
Уыдон ӕмбырд кӕнынц, Чырыстиимӕ уӕларвыл хицауиуӕг кӕныны ныфс кӕмӕн ис, уыцы «баззайӕггаг»-ы алыварс.
Уыдон духовон хӕринаг исынц Хуыцауы организацийы уылты (Матфейы 24:45—47).
Уыдон сты ӕцӕг уарзондзинад парахат кӕм у, ахӕм ӕппӕтдунеон чырыстон ӕфсымӕрад (Иоанны 13:35).
Уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы ис циндзинад — фидӕны ныфс (Филиппӕгтӕм 4:7).
Тагъд цины хабары уацамынд фӕуыдзӕн. Рабӕрӕг уыдзӕн, чи ст «фыстӕ». Цы сараздзӕн Паддзахад уый фӕстӕ?
Хъуыды кӕныс, Дауыт паддзах Хуыцауы адӕмы ӕппӕт знӕгтыл куыд фӕуӕлахиз? Раст афтӕ бакӕндзӕн Йесо Паддзах дӕр.
Иухатт Навуходоносор паддзах фыны федта егъау гуымиры, кӕцы символикон хуызы ӕвдисы йӕ рӕстӕгӕй абоны онг дунейы цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ уыд, уыдон.
Стӕй-ма уый федта: хохӕй дур ахицӕн, ӕмӕ гуымиры нызгъӕлӕнтӕ кодта. Уыцы дур нысан кӕны Хуыцауы Паддзахад.
Ацы фын нысан кӕны абоны фыдцардыуагон системӕйы сӕфт (Данел 2:44).
Мӕнӕ, цы скуынӕг кӕндзӕн Паддзахад.
Денджызы ӕппӕрст куыройы фыдау, фесӕфдзӕн мӕнг дин (Раргомад 18:21).
Раст уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы чи уарзы, ӕппӕт уыдонмӕ сиды, цӕмӕй ныууадзой мӕнг дин ӔВӔСТИАТӔЙ (Раргомад 18:4).
Уый фӕстӕ Йесо Паддзах басӕтдзӕн адӕмты ӕмӕ ‘сӕ хиздзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй’ (Раргомад 19:15).
Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕд налогтӕ фидынц ӕмӕ паддзахадон закъӕттӕн коммӕгӕс сты, уӕддӕр политикӕйы хайад нӕ исынц.
Ӕппын фӕстаг Сайтан йӕхӕдӕг — стыр «залиаг калм» — ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн дӕлзӕхмӕ (Раргомад 20:2, 3).
Ӕрмӕст «фыстӕ» — адӕм, кӕцытӕ дӕлбар сты Йесойӕн куыд Паддзахӕн, сфӕраздзысты уыцы утӕхсӕн (Матфейы 25:31—34, 41, 46).
Апостол Иоанӕн ӕвдыст ӕрцыд цӕстылуайӕн утӕхсӕнӕй цы «фыстӕ» фервӕздзысты, уыдон тыххӕй.
«Ай фӕстӕ федтон: мӕнӕ, банымайын кӕй ничи бафӕрӕзтаид, ахӕм бирӕ адӕмы стыр чыр алы мыггагӕй, ӕмӕ алы адӕмтӕй, ӕмӕ алы дзыллӕтӕй, ӕмӕ алы ӕвзӕгтӕй лӕууы Троны раз ӕмӕ Уӕрыччы раз,— урс дарӕсты сфӕлдыст, залмы сыфтӕ [«пальмӕйы къалиутӕ», СТ] сӕ къухъты, афтӕмӕй» (Раргомад 7:9).
«Адӕмы стыр чыр» конд у, цины хабар амонынмӕ йе ’ргом чи раздӕхта, уыдонӕй.
Уыдон «стыр утӕхсӕнӕй ӕрцыдысты» (Раргомад 7:14).
‘Пальмӕйы къалиутӕ’ амонынц, уыдон зӕрдиагӕй кӕй исынц Йесойы куыд сӕ Паддзахы.
Сӕ «урс дарӕстӕ» ӕвдисӕн кӕнынц, уыдон кӕй ӕууӕндынц Йесойы нывондыл.
«Уӕрыкк» у Йесо Чырысти.
Цы хуызы уыдзысты уыдон арфӕгонд? Хъуыды кӕныс, Израилы адӕм куыд амондджын уыдысты паддзах Соломоны рӕстӕджы? Уыцы амонд уыд, ӕнӕкӕрон стыр амонды тӕмӕн, кӕцы Зӕххыл цӕрӕг адӕм ӕнкъардзысты Паддзах Йесойы къухдариуӕгады рӕстӕджы.
Исайы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, ралӕудзӕн ӕцӕг фидыдад адӕмы ӕхсӕн, стӕй ма цӕрӕгойты ӕмӕ адӕмы ӕхсӕн дӕр (Псалм 45:10; Исай 11:6—9).
Йесо йӕ зӕххон лӕггаддзинады рӕстӕджы рынчынты куыд дзӕбӕх кодта, афтӕ фидӕны дӕр уый кӕрон скӕндзӕн адӕймагады ӕппӕт низтӕн (Исай 33:24).
Адӕмы стыр къордты куыд ӕфсӕста, афтӕ аиуварс кӕндзӕн адӕймагады хӕлцы алы цухдзинад дӕр (Псалм 71:16).
Мӕрдты куыд удӕгас кодта, раст афтӕ райгас кӕндзӕн Хуыцауы Паддзахады дӕлбар йӕхи бакӕныны фадат кӕмӕн нӕ уыд, уыцы амӕлджыты дӕр (Иоанны 5:28, 29).
Уый адӕймагады цадӕггай бакӕндзӕн, Адам цы ӕххӕстдзинад фесӕфта, уымӕ.
Диссаджы фидӕн! Раст нӕу? Цымӕ дӕ нӕ фӕндид йӕ фенын? Кӕд о, уӕд ӕвӕстиатӕй архай: дӕхи бакӕн Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕмӕ у «фыстӕй» сӕ иу.
Ахуыр кӕн Библи ӕмӕ базон Иегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы (Иоанны 17:3).
Бастдзинад дын уӕд, уыцы Паддзахады ӕмбӕстӕгтимӕ (Евреӕгтӕм 10:25).
Базонгӕ у Паддзахады закъӕттимӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕн (Исай 2:3, 4).
Дӕ цард снывонд кӕн Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ йӕ равдис донаргъуыд райсынӕй (Матфейы 28:19, 20).
Дӕхи хиз, Хуыцау Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ нӕ цӕуынц, уыдонӕй, зӕгъӕм: давын, сайын, ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ фыднозт кӕнынӕй (1.Коринфӕгтӕм 6:9—11).
Хайад ис Паддзахады тыххӕй цины хабары уацамынды (Матфейы 24:14).
Уӕд ды фендзынӕ, Адам йӕ байзӕддӕгтӕн кӕй фесӕфта, уыцы ногӕй рацарӕзт Дзӕнӕт ӕмӕ ма пехуымпарады сӕххӕст: «Ӕмӕ фехъуыстон арвӕй тыхджын хъӕлӕсы дзурын: Кӕс! Хуыцауы кувӕндоны цатыр адӕммӕ [«адӕмимӕ», СТ] ӕмӕ уый цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты Йӕхи адӕм, ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг уыдзӕн уыдонӕн сӕхи Хуыцау; ӕмӕ сын Хуыцау ӕрсӕрфдзӕн сӕ цӕстытӕй алы цӕстысыг, ӕмӕ мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн, нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, низ дӕр дзы нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ фыццагон аивгъуыдта!» (Раргомад 21:3, 4).
[Картӕ 20 фарсыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
Нӕ эр. агъ. 607 аз. нӕ эр. 1914 аз.
нӕ эр. агъ. | нӕ эр.
500 1 000 1 500 2 000 2 520
[Нывтӕ 11 фарсыл]
Авраам
Исаахъхъ
Иаков
Иудӕ
Дауыт
[Ныв 14 фарсыл]
144 000
[Нывтӕ 16 фарсыл]
Адам
Йесо