Рӕстдзинады тыххӕй сӕ фӕдыл зилынц
Чи зоны, де ’мгӕрттӕй кӕнӕ дӕ хӕстӕджытӕй фехъуыстай, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн закъонимӕ ӕппынӕдзух зындзинӕдтӕ кӕй ис, бар сын кӕй нӕ дӕттынц иуӕй-иу хицауӕдтӕ кӕнӕ ӕвзӕр адӕм кӕй сты? Цӕмӕн сыл цӕуы ахӕм дам-дум?
Ӕвдисӕнтӕ, ома закъон халынц, аххосаг уый мидӕг нӕй, фӕлӕ Чырыстийы къахвӕдтыл кӕй цӕуынц. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, адӕм сӕ кӕй ӕгад кӕндзысты, сӕ фӕдыл кӕй зилдзысты ӕмӕ сӕ алы мӕнг кӕй дзурдзысты. Уый уымӕй ӕмбӕрстгонд цӕуы, ӕмӕ Хуыцауы сӕйраг знаг — Сайтан, ацы дунейы хуыцау, тырны адӕмы Хуыцауы лӕггаддзинадӕй акӕнынмӕ (Матфейы 5:10—12; 10:16—22, 34—39; 24:9, 10; Иоанны 15:17—16:3; 1 Петры 5:8; 2 Тимофеймӕ 3:12; Раргомад 12:17).
Апостолты ахстой ӕмӕ сӕ тӕрхонмӕ лӕвӕрдтой уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ, тыхгӕнджытӕ кӕнӕ змӕнтджытӕ уыдысты, фӕлӕ цины хабар хъусын кӕныны тыххӕй. Иухатт апостол Павел уӕлдӕр тӕрхоны инстанцимӕ балӕвӕрдта аппеляци, цӕмӕй бахъахъхъӕдтаид ӕмӕ закъонӕй сфидар кодтаид цины хабар хъусын кӕнынӕн чырыстӕтты бартӕ (Куыстытӕ 4:18—20; 5:28—32; Филиппӕгтӕм 1:7).
Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ — закъонмӕ коммӕгӕс чырыстӕттӕ, кӕцытӕ налогтӕ фидынц ӕмӕ хицауадӕн аргъ кӕнынц. Уыдон кесарон кесарӕн фидынц, Хуыцауон та Хуыцауӕн. Кӕд сын искӕцы паддзахадон хицауады органтимӕ конфликт фӕзыны, уӕд уый тыххӕй ӕмӕ сӕ уацамындыл хицауад разы нӕу, кӕнӕ ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты нейтралон позицийы тыххӕй. Ахӕм уавӕрты, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъуамӕ хӕцой апостолты принципыл, кӕцытӕ загътой: «Фылдӕр коммӕ кӕсын хъӕуы адӕймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн» (Куыстытӕ 5:29; Маркы 12:17; Иоанны 18:36; Титмӕ 3:1, 2).
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕй сӕ фӕдыл зилой, уый нӕ агурынц, фӕлӕ хуыздӕрыл нымайынц сабыр ӕмӕ уӕздан цард. Фӕлӕ Хуыцауы закъӕттыл кӕй хӕцынц ӕмӕ Чырыстийы цӕвиттонмӕ гӕсгӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй сӕ куы сурынц, уӕд ӕй уыдон цингӕнгӕ фӕразынц (Матфейы 5:10—12; Куыстытӕ 5:40, 41; 1 Петры 3:14, 15; 4:12—16; 1 Коринфӕгтӕм 4:12; 1 Тимофеймӕ 2:2).
• Цӕмӕн ӕгад кӕнынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмӕ сӕ фӕдыл цӕмӕн зилынц?
• Цӕмӕн фӕзыны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн иуӕй-иу хатт хицауадимӕ конфликт, чырыстон апостолтау?
• Цавӕр цӕстӕнгас ис Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн, сӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕ?
[Нывтӕ 29 фарсыл]
Йесойы ӕрбакодтой тӕрхонмӕ Пилатмӕ, апостол Павел та ахст уыд, уымӕн ӕмӕ уыдон хъусын кодтой Хуыцауы Паддзахад.