7 сӕр
Йесо ӕмӕ астрологтӕ
СКӔСӔНЫРДЫГӔЙ ӕрбахӕстӕг кӕнынц цалдӕр нӕлгоймаджы. Уыдон сты астрологтӕ, стъалыты уавӕр чи бӕрӕг кӕны, ахӕм адӕм. Сӕ райгуырӕн бӕстӕйы, Скӕсӕны, федтой ног стъалы ӕмӕ араст сты йӕ фӕдыл сӕдӕгай километртӕ суанг Иерусалиммӕ.
Астрологтӕ Иерусалиммӕ куы ныххӕццӕ сты, уӕд фӕрсынц: «Кӕм ис райгуырӕг Иудейаг Паддзах? уымӕн ӕмӕ мах федтам Йӕ стъалы скӕсӕны, ӕмӕ ӕрбацыдыстӕм Уымӕн бакувынмӕ».
Паддзах Ирод Иерусалимы уый тыххӕй куы фехъуыста, уӕд тынг смӕсты. Йӕхимӕ фӕсидт ӕппӕт хистӕр сауджынтӕм ӕмӕ сӕ фӕрсы, кӕм хъуамӕ райгуыра Чырысти. Сыгъдӕг Фыстадыл бындуриуӕггӕнгӕйӕ, уыдон дзуапп кӕнынц: «Вифлеемы». Уый фӕстӕ Ирод фӕдзырдта астрологтӕм ӕмӕ сын дзуры: «Ацӕут, бӕлвырд базонут Сывӕллоны тыххӕй, ӕмӕ куы ссарат, уӕд фехъусын кӕнут мӕнӕн, цӕмӕй ӕз дӕр ацӕуон Уымӕн бакувынмӕ». Ӕцӕгӕй та Ироды фӕнды сывӕллоны амарын.
Фӕндагыл астрологтыл ӕрцыд диссаг. Скӕсӕны цы стъалы федтой, уый цыд сӕ разӕй. Бӕрӕг у, хуымӕтӕджы стъалы кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ уый сӕрмагондӕй нысангонд у фӕндаг амонынӕн. Цалынмӕ, Иосиф ӕмӕ Мариа кӕм уыдысты, уыцы бынаты сӕрмӕ не ’рлӕууыд, уӕдмӕ астрологтӕ йӕ фӕдыл цыдысты.
Астрологтӕ хӕдзармӕ куы бахызтысты, уӕд федтой Мариайы ноггуырд Йесоимӕ. Иуылдӕр ын бакуывтой ӕмӕ сӕ хызынтӕй систой лӕвӕрттӕ: сызгъӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ. Фӕстӕмӕ Иродмӕ здӕхыны фӕнд куы скодтой, сывӕллон кӕм ис, уый фехъусын кӕнынмӕ, уӕд сӕ Хуыцау фыны бафӕдзӕхста, цӕмӕй фӕстӕмӕ Иродмӕ ма баздӕхой. Ӕмӕ уӕд ӕндӕр фӕндагыл аздӕхтысты сӕ райгуырӕн бӕстӕм.
Куыд хъуыды кӕныс, чи сарӕзта афтӕ, цӕмӕй уыцы стъалы арвыл цыдаид ӕмӕ афтӕмӕй астрологтӕн фӕндаг амыдтаид? Хъуыды ма кӕныс, стъалы сӕ комкоммӕ Йесомӕ, Вифлееммӕ кӕй не ’ркодта. Раздӕр уал сӕ ӕркодта Иерусалиммӕ, цыран фембӕлдысты, Йесойы марынмӕ чи хъавыд, уыцы паддзах Иродимӕ. Ӕмӕ раст афтӕ дӕр бакодтаид, Хуыцау куы нӕ бацархайдтаид ӕмӕ астрологты куы нӕ бафӕдзӕхстаид, цӕмӕй Иродӕн ма загътаиккой, Йесо кӕм ис, уый. Уый уыд Хуыцауы знаг Сайтан Хӕйрӕг, кӕцыйы фӕндыд Йесойы амарын, ӕмӕ уый спайда кодта стъалыйӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн. Матфейы 2:1—12; Михей 5:2.
▪ Цӕмӕй бӕрӕг у, астрологтӕ цы стъалы федтой, уый хуымӕтӕг стъалы кӕй нӕ уыд?
▪ Кӕм ссардтой астрологтӕ Йесойы?
▪ Кӕцӕй йӕ зонӕм, Сайтан кӕй сарӕзта афтӕ, цӕмӕй стъалы астрологтӕн фӕндаг амыдтаид?