41 сӕр
Быцӕуы сӕр
ЙЕСО Симонмӕ уазӕгуаты куы уыд, уымӕй цасдӕры фӕстӕ райдыдта йӕ дыккаг уацамындон балц Галилейы бӕстыл. Ам фыццаг хатт куы уыд, уӕд йемӕ уыдысты ӕрмӕст йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ: Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанн. Ныр та йемӕ сты йӕ 12 апостолы ӕмӕ ма цалдӕр сылгоймаджы. Уыдоны ’хсӕн сты Мариа Магдалинӕ, Сусаннӕ ӕмӕ паддзах Ироды лӕггадгӕнӕджы ус, Иоаннӕ.
Йесо цас фылдӕр лӕггад кӕны, уыйас фылдӕр кӕнынц уый тыххӕй быцӕутӕ дӕр. Иу хӕйрӕджджын, куырм ӕмӕ ӕгомыг адӕймаджы ӕрбакодтой Йесомӕ. Йесо йӕ хӕйрӕджытӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сдзӕбӕх, дзурын дӕр райдыдта ӕмӕ уынын дӕр, ӕмӕ адӕм дисы бафтыдысты. «Уый нӕу Чырысти, Давиды Фырт?»,— дзырдтой кӕрӕдзийӕн.
Йесо цы хӕдзары ис, уый алыварс уыйбӕрц адӕм ӕрӕмбырд, ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ къӕбӕр бахӕрыны фадат дӕр нӕй. Йесойы зӕрдӕвӕрд «Давиды Фыртыл» чи нымайы, ӕрмӕст уыдон не сты уым, фӕлӕ ма дард Иерусалимӕй Йесойы фегад кӕнынмӕ чи ӕрцыд, уыцы чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ дӕр. Йесойы хӕстӕджытӕ куы базыдтой, йӕ алыварс адӕм кӕй змӕнтынц, уӕд ӕм бацыдысты, цӕмӕй йӕ уырдыгӕй акӕной. Цӕмӕн?
Уымӕн ӕмӕ Йесойӕн йӕхи ӕфсымӕрты дӕр нӕма уырны, Хуыцауы Фырт кӕй у. Йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Назареты кӕй хъомыл кодта, уымӕ гӕсгӕ зонынц, Йесо ахӕм кӕй нӕу, ӕмӕ адӕмы сызмӕнта кӕнӕ хыл ракъаха. Уымӕ гӕсгӕ сӕм афтӕ кӕсы, цыма Йесо йӕ зонд фесӕфта. «Уымӕн Йӕ зонд фӕцыди» (НФ),— ахъуыды кодтой уыдон ӕмӕ архайынц, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой ӕмӕ йӕ акӕной.
Фӕлӕ бӕлвырд у, Йесо хӕйрӕджджыны кӕй сдзӕбӕх кодта. Чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕн сӕ бон нӕу, цӕмӕй Йесо уыцы диссаг кӕй сарӕзта, ууыл ма сразы уой. Ӕмӕ уӕддӕр йӕ фегад кӕнынӕн дзурынц: «Уый хӕйрӕджыты суры, ӕрмӕст хӕйрӕджыты ӕлдар веельзевулы хъаруйӕ».
Йесо фарисейты хъуыдытӕ кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ сӕм фӕсидт ӕмӕ сын дзуры: «Алкӕцы паддзахад йӕхи мидӕг фӕдих уӕвӕг, сафтид уыдзӕн; ӕмӕ алкӕцы сахар, кӕнӕ хӕдзар йӕхи мидӕг фӕдих уӕвӕг, фӕцуддзӕн. Ӕмӕ кӕд хӕйрӕг хӕйрӕджы суры, уӕд уый йӕхӕдӕг йӕхиимӕ фӕдих: куыд нӕ фӕцуддзӕн йӕ паддзахад?»
Диссаджы логикӕ! Фарисейтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ хӕйрӕджыты сурынц, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо фӕрсы: «Кӕд Ӕз веельзевулы хъаруйӕ сурын хӕйрӕджыты, уӕд уӕ фырттӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц?» Иудзырдӕй, Йесойы цы хъуыддаджы зылын кӕнынц, уым сын раст афтӕ ис фӕзылынгӕнӕн сӕхи дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Йесо зӕгъы: «Кӕд ӕмӕ Ӕз Хуыцауы Удӕй сурын хӕйрӕджыты, уӕд ӕнӕмӕнг ӕрхӕццӕ сымах онг Хуыцауы Паддзахад».
Сайтаныл йӕ бар кӕй цӕуы, уый равдисынӕн Йесо дзуры: «Кӕй бон у бацӕуын тыхджыны хӕдзармӕ ӕмӕ уый дзаумӕттӕ радавын, раздӕр тыхджыны куы нӕ бабӕтта, уӕд? ӕмӕ йын уӕд фӕдавдзӕн йӕ хӕдзар». Фарисейтӕ Йесойы ныхмӕ ӕргомӕй кӕй архайынц, уымӕй сбӕлвырд кодтой, сӕхӕдӕг кӕй сты Сайтаны хӕцӕнгарз. Уыдон архайынц израилӕгты Йесойы ныхмӕ скӕныныл.
Уымӕ гӕсгӕ Йесо фӕдзӕхсы Сайтаны ардыд знӕгты, зӕгъгӕ, ‘Уды фауын хатыр кӕй нӕ уыдзӕн адӕймӕгтӕн’. Уый ӕмбарын кӕны: «Куы зӕгъа исчи ныхас Адӕймаджы Фыртыл, хатыр ын уыдзӕн; фӕлӕ исчи куы зӕгъа Сыгъдӕг Удыл [Хуыцауы архайгӕ тыхыл], нӕ йын уыдзӕн хатыр нӕдӕр ацы дуджы, нӕдӕр ӕрцӕуинаджы». Чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтыл ис, ныххатыргӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕригъӕд, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдвӕндӕй Хуыцауы сыгъдӕг уды архайд фыссынц Сайтаныл. Матфейы 12:22—32; Маркы 3:19—30; Иоанны 7:5.
▪ Галилейы бӕстыл Йесойы дыккаг балц фыццагӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?
▪ Йесойы хӕстӕджыты цӕмӕн фӕндыд йӕ акӕнын?
▪ Фарисейтӕ куыд архайынц Йесойы диссӕгтӕ сдызӕрдыггаг кӕныныл ӕмӕ уый тыххӕй Йесо цы загъта?
▪ Фарисейтӕ цавӕр хъуыддаджы сты аххосджын ӕмӕ цӕмӕн?