51 сӕр
Лӕгмард гуырӕнбоны рӕстӕджы
ЙЕСО йӕ апостолтӕн, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый бацамыдта ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй арвыста алы рӕттӕм. Ӕвӕццӕгӕн иумӕ ацыдысты дыууӕ ӕфсымӕры Петр ӕмӕ Андрей, афтӕ ма Иаков ӕмӕ Иоанн дӕр, Филипп ӕмӕ Варфоломей, Фома ӕмӕ Матфей, Иаков ӕмӕ Фаддей, Симон ӕмӕ Иудӕ Искариотаг. Кӕдӕм бацӕуынц, уым хъусын кӕнынц Паддзахады тыххӕй ӕмӕ диссаджы хуызы дзӕбӕх кӕнынц адӕмы.
Аргъауӕг Иоанн та нырма ис ахӕстоны. Дыууӕ азы бӕрц бады уым. Хъуыды ма кӕндзынӕ, Иоанн Ирод Антипӕйӕн ӕргом кӕй загъта, йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы ракурыны бар ын кӕй нӕ уыд. Ирод афтӕ кӕй дзуры, зӕгъгӕ, Моисейы Закъон ӕххӕст кӕны, уымӕ гӕсгӕ Иоанн уыцы ӕнӕгъдау хъуыддаг хурмӕ кӕй рахаста, уымӕй раст бакодта. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Ирод, ӕвӕццӕгӕн Иродиадӕйы ардыдӕй, ахӕстоны ныппӕрста.
Ирод Антипӕ йӕ зоны, Иоанн рӕстаг адӕймаг кӕй у ӕмӕ йӕм хъусгӕ дӕр ӕхсызгонӕй фӕкӕны. Уымӕ гӕсгӕ нӕ зоны, цы йын бакӕна. Иродиадӕ та знаджы цӕстӕй кӕсы Иоаннмӕ, уый бӕллы йӕ мӕлӕтмӕ. Ӕмӕ мӕнӕ кӕдӕй-уӕдӕй фӕзынд, афтӕ тынг кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы фадат.
Н. э. 32 азы Куадзӕны хӕдразмӕ Ирод йӕ гуырӕнбоны цытӕн стыр куывд скодта. Уырдӕм ӕрбацыдысты стыр бынӕтты кусджытӕ ӕмӕ ӕфсады афицертӕ, афтӕ ма Галилейы уӕздӕттӕ дӕр. Ӕгас изӕр, Иродиадӕйӕн йӕ фыццаг лӕг Филиппӕй цы ӕрыгон чызг уыд, уый, Саломиа, кафыд уазджыты раз. Уазӕг нӕлгоймӕгтӕ зӕрдӕскъӕфт фесты йӕ кафтӕй.
Саломиайы кафт тынг фӕцыд Ироды зӕрдӕмӕ дӕр. «Кур мӕнӕй, цы дӕ хъӕуы, ӕмӕ дын ратдзынӕн»,— зӕгъы йын Ирод. Ӕмӕ ма сомы дӕр ракодта: «Цы ракурай мӕнӕй, ратдзынӕн дӕуӕн, суанг мӕ паддзахады ӕмбис дӕр».
Фӕлӕ Саломиа цалынмӕ дзуапп ратта, уӕдмӕ уал ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ йӕ мады бафарста: «Цы курон?»
Диссаджы фадат! «Аргъауӕг Иоанны сӕр»,— уыцы тӕккӕ загъта Иродиадӕ.
Уӕд Саломиа Иродмӕ баздӕхт ӕмӕ йын дзуры: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй ды раттай мӕнӕн ныртӕккӕ тӕбӕгъы Аргъауӕг Иоанны сӕр».
Ирод тынг ӕрӕнкъард. Кӕд уыцы хъуыддаг ӕнаххос адӕймаджы мӕлӕт нысан кӕны, уӕддӕр уазджыты раз кӕй расомы кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕу «нӕ» зӕгъын. Уайтагъд ӕххуырст ацыд ахӕстонмӕ паддзахы ӕвирхъау бардзырд сӕххӕст кӕнынмӕ. Гыццыл фӕстӕдӕр ӕрбаздӕхт, Иоанны сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахаста ӕмӕ йӕ Саломиамӕ ратта. Уый та йӕ йӕ мадмӕ бахаста. Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд бацыдысты, йӕ буар ын райстой ӕмӕ йӕ баныгӕдтой; уый фӕстӕ хабар $фехъусын кодтой Йесойӕн дӕр.
Фӕстӕдӕр, Ирод куы фехъуыста, Йесо адӕмы кӕй дзӕбӕх кӕны ӕмӕ хӕйрӕджыты кӕй суры, уӕд дзы стыр тас бацыд, уымӕн ӕмӕ уый ӕнхъӕлдта, Йесо райгасуӕвӕг Иоанн кӕй у. Ӕмӕ йӕ тынг фӕнды Йесойы фенын, ӕрмӕст йӕ уацамындмӕ байхъусыны тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ тасӕн бындур ис ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй. Матфейы 10:1—5; 11:1; 14:1—12; Маркы 6:14—29; Лукайы 9:7—9.
▪ Иоанн ахӕстоны цӕмӕн уыд ӕмӕ Ироды цӕуылнӕ фӕндыд йӕ амарын?
▪ Ӕппынфӕстаг Иродиадӕйӕн куыд бантыст Иоанны амарын кӕнын?
▪ Иоанны мӕлӕты фӕстӕ Ироды Йесойы фенын цӕмӕн фӕнды?