53 сӕр
Бӕллиццаг уӕлӕрдзон Хицау
ЙЕСО диссаджы хуызы минты куы бафсӕста, уӕд адӕм дисы бафтыдысты. «Уый ӕцӕгдӕр у дунемӕ Ӕрцӕуинаг Чи у, Уыцы Пехуымпар»,— дзурынц кӕрӕдзийӕн. Уыдон, Йесо стырдӕр Моисей кӕй у, ӕрмӕст уый нӕ бамбӕрстой, фӕлӕ ма йӕ бӕллиццаг хицауыл дӕр нымайынц. Ӕмӕ ныр хъавынц, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой.
Фӕлӕ Йесо зоны адӕмы хъуыдытӕ ӕмӕ йӕ цӕмӕй уыцы бынаты ма сӕвӕрой, уый тыххӕй цӕрдӕг архайы. Адӕмы куы ауагъта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй бӕлӕгъы сбадой ӕмӕ фӕстӕмӕ Капернауммӕ аздӕхой. Йӕхӕдӕг та ацыд хохмӕ кувынмӕ. Уыцы ӕхсӕв Йесо арвыста иунӕгӕй.
Райсомырдӕм, Йесо ӕгас ӕхсӕв кӕм арвыста, уыцы къуыппӕй кӕсгӕйӕ федта, денджыз кӕй абухы. Тагъд Куадзӕн кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ арвӕй кӕсы цалхыдзаг мӕй. Мӕйрухсмӕ Йесо федта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, бӕлӕгъы бадгӕйӕ, уылӕнтимӕ кӕй тох кӕнынц. Уыдон сӕ тых сӕ бонӕй тӕрынц бӕлӕгъ.
Йесо ӕрцыд хохӕй ӕмӕ уылӕнтыл фӕцӕуы бӕлӕгъмӕ. Фондз километры бӕрц куы ацыд, уӕд бахӕстӕг бӕлӕгъмӕ. Фӕлӕ цыма сӕ иувӕрсты ацӕуынмӕ хъавы, афтӕ дарддӕр фӕцӕуы. Куыддӕр ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ федтой, афтӕ ныхъхъӕр кодтой: «Уый ӕндарг [«цӕстылуайӕн», НФ] у».
Йесо сӕ сабыр кӕны: «Уый Ӕз дӕн, ма тӕрсут».
Фӕлӕ йӕм Петр дзуры: «Хицау! кӕд уый Ды Дӕ, ратт мын бар бацӕуын Дӕумӕ доныл».
«Рацу»,— дзуапп ратта Йесо.
Уӕд Петр бӕлӕгъӕй рахызт ӕмӕ доныл Йесомӕ фӕцӕуы. Фӕлӕ тыхджын дымгӕйӕ кӕй фӕтарст, уымӕ гӕсгӕ ныгъуылын райдыдта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Хицау! фервӕзын мӕ кӕн».
Уыцы сахат ӕм Йесо йӕ къух бадардта, фӕхӕцыд ыл ӕмӕ йын дзуры: «Гӕзӕмӕ уырнӕг! цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?»
Куыддӕр Петр ӕмӕ Йесо бӕлӕгъмӕ бахызтысты, афтӕ дымгӕ банцад. Уый ахуыргӕнинӕгты стыр дисы бафтыдта, фӕлӕ цӕмӕн? ‘Дзултыл цы диссаг ӕрцыд’, уый куы бамбӕрстаиккой, ома цалдӕр сахаты размӕ минты ӕрмӕстдӕр фондз дзул ӕмӕ дыууӕ кӕсагӕй бафсадгӕйӕ, Йесо цы диссаг сарӕзта, уымӕн раст аргъ куы скодтаиккой, уӕд сӕм, доныл кӕй цыд ӕмӕ уад кӕй ныссабыр кодта, уый афтӕ диссаг нӕ фӕкастаид. Фӕлӕ ныр ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойӕн бакуывтой ӕмӕ загътой: «Ӕцӕг Ды Дӕ Хуыцауы Фырт».
Гыццыл фӕстӕдӕр уыдон бахӕццӕ сты Капернауммӕ хӕстӕг Геннисареты рӕсугъд дӕлвӕзмӕ. Уым сӕ бӕлӕгъ былмӕ раластой. Фӕлӕ куыддӕр бӕлӕгъӕй рахызтысты, афтӕ адӕм Йесойы базыдтой ӕмӕ ацыдысты алфамбылайы хъӕутӕм сӕ рынчынты ӕрбакӕнынмӕ. Адӕм сӕ рынчынты хастой сынтытыл ӕмӕ-иу Йесойӕн йӕ дарӕсы кӕроныл дӕр чи аныдзӕвыд, уымӕн-иу йӕ низ ӕрбайсӕфт.
Уӕдмӕ, Йесо диссаджы хуызы цы адӕмы бафсӕста, уыдон фӕхатыдысты, Йесо кӕй ацыд. Тивериадӕйӕ къаннӕг бӕлӕгътӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд сӕ адӕм сбадтысты ӕмӕ Капернауммӕ Йесойы агурӕг аленк кодтой. Уым ӕй ссардтой ӕмӕ йӕ фӕрсынц: «Ахуыргӕнӕг! Ды кӕд ӕрбацыдтӕ ардӕм?» Дарддӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй сын Йесо бауайдзӕф кӕндзӕн. Иоанны 6:14—25; Матфейы 14:22—36; Маркы 6:45—56.
▪ Йесо минты диссаджы хуызы куы бафсӕста, уӕд адӕмӕн цы сӕ зӕрды уыд саразын?
▪ Йесо хохӕй кӕсгӕйӕ цы федта ӕмӕ уый фӕстӕ цы сарӕзта?
▪ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм уый диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ фӕкастаид?
▪ Былмӕ куы рахызтысты, уӕд цы ӕрцыд?