69 сӕр
Чи кӕй фыд у?
БӔРӔГБОНЫ Йесо ӕмӕ иудейты разамонджыты ӕхсӕн быцӕу ноджы фӕкарздӕр. «Зонын сымах кӕй стут Авраамы мыггаг,— дзуры Йесо,— фӕлӕ уӕддӕр агурут Мӕн амарынмӕ, уымӕн ӕмӕ Мӕ дзырд нӕ цӕуы уӕ мидӕг; Ӕз дзурын Мӕ Фыдмӕ цы федтон, уый; сымах та, уӕ фыдмӕ цы федтат, уый кӕнут».
Кӕд сын Йесо, сӕ фыд чи у, уый комкоммӕ нӕ дзуры, уӕддӕр сын ӕмбарын кӕны, хицӕн фыдтӕ сын кӕй ис. Йесо сын кӕй кой кӕны, уый кӕй не ’мбарынц, уымӕ гӕсгӕ йын иудейты разамонджытӕ дзуапп дӕттынц: «Нӕ фыд у Авраам». Афтӕ сӕм кӕсы, уыдонӕн дӕр Хуыцауы хӕлар Авраамы хуызӕн уырнындзинад ис.
Ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ тынг хъыг фӕкаст, Йесо куы загъта: «Сымах Авраамы цот куы уаиккат, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕниккат». Уӕвгӕ ӕцӕг фырт йӕ фыды фӕфӕзмы. «Ныр та Мӕн агурут амарынмӕ,— дзуры Йесо,— Адӕймаджы, Хуыцауӕй кӕй фехъуыста, уыцы ӕцӕгад сымахӕн Зӕгъӕджы: Авраам афтӕ нӕ кодта». Уымӕ гӕсгӕ Йесо сфӕлхат кодта: «Сымах кӕнут уӕ фыды хъуыддӕгтӕ».
Уыдон уӕддӕр нӕма ӕмбарынц, Йесо сын кӕй кой кӕны, ӕмӕ дзурынц, Авраамы закъонон фырттӕ кӕй сты: «Мах хӕтындзинадӕй нӕ райгуырдыстӕм». Сӕхи Авраамау ӕцӕг лӕггадгӕнджытыл нымайгӕйӕ, уыдон фидарӕй зӕгъынц: «Иу Фыд нын ис, Хуыцау».
Фӕлӕ ӕцӕгдӕр Хуыцау у сӕ Фыд? «Хуыцау уӕ Фыд куы уаид,— дзуапп дӕтты Йесо,— уӕд сымах Мӕн уарзиккат, уымӕн ӕмӕ Ӕз Хуыцауӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ ӕрбацыдтӕн; уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕхӕдӕг Мӕхицӕй нӕ ӕрцыдтӕн, фӕлӕ Уый рарвыста Мӕн. Цӕуылнӕ ӕмбарут Сымах Мӕ дзырд?»
Йесо архайдта, цӕмӕй дины разамонджытӕ феной, кӕй йӕ иуварс кӕнынц, уый сӕ цӕмӕ ӕркӕндзӕн. Фӕлӕ сын ныр ӕргом дзуры: «Уӕ фыд у хӕйрӕг, ӕмӕ сымах фӕнды уӕ фыды фӕндӕттӕ ӕххӕст кӕнын». Цыхуызӕн фыд у хӕйрӕг? Йесо йӕ хоны лӕгмар ӕмӕ дарддӕр дзуры: «Уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд». Уымӕ гӕсгӕ Йесо ӕрцыд ахӕм хатдзӕгмӕ: «Хуыцауӕй чи у, уый хъусы Хуыцауы дзырдтӕм, сымах уымӕн нӕ хъусут, ӕмӕ не стут Хуыцауӕй».
Йесо сӕ кӕй бафхӕрдта, ууыл иудейтӕн сӕ маст рафыхт ӕмӕ дзуапп дӕттынц: «Раст нӕ дзурӕм мах, Ды Самариаг кӕй Дӕ ӕмӕ Дӕу мидӕг хӕйрӕг кӕй ис?» Иудейтӕ самариӕгтӕй сӕ удхӕссӕг кӕй уынынц, уымӕ гӕсгӕ дзырд «самариагӕй» ӕвдыст цӕуы ӕнӕрвӕссон ӕмӕ ӕлгъаг ахаст.
Йесо, самариаг ӕй кӕй схуыдтой, уый ницӕмӕ ӕрдардта, фӕлӕ сын дзуапп ратта: «Мӕн мидӕг хӕйрӕг нӕй, фӕлӕ Ӕз кад кӕнын Мӕ Фыдӕн, сымах та Мӕн ӕгад кӕнут». Уый фӕстӕ Йесо дӕтты диссаджы зӕрдӕвӕрд: «Чи сӕххӕст кӕна Мӕн дзырд, уый нӕ фендзӕн мӕлӕт мыггагмӕ». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ныхӕстӕй Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй ӕцӕгдӕр кӕй ничи амӕлдзӕн. Уый зӕгъын фӕндыд, уыдон кӕй нӕ фендзысты ӕнусон куынӕгдзинад, кӕнӕ «дыккаг мӕлӕт», кӕцыйӕ нӕй райгасдзинад.
Фӕлӕ иудейтӕ Йесойы ныхӕстӕ комкоммӕ кӕй бамбӕрстой, уымӕ гӕсгӕ йын дзурынц: «Ныр базыдтам, Дӕу мидӕг кӕй ис хӕйрӕг; Авраам ӕмӕ пехуымпартӕ амардысты, Ды та зӕгъыс: „Мӕ дзырд чи сӕххӕст кӕна, уый нӕ фендзӕн мӕлӕт мыггагмӕ“; ӕцӕг Ды нӕ фыд Авраамӕй стылдӕр Дӕ, кӕцы амард? Ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр амардысты: Ды Дӕхицӕй цы аразыс?»
Уыцы быцӕуӕй рабӕрӕг, Йесо уыцы адӕмӕн, зӕрдӕвӕрд Мессиа кӕй у, уымӕ кӕй амоны. Фӕлӕ чи у, уый комкоммӕ зӕгъыны бӕсты, дзуры: «Кӕд Ӕз Мӕхӕдӕг Мӕхи кадджын кӕнын, уӕд Мӕ кад ницы у: Мӕн кадджын кӕны Мӕ Фыд, Уый мах Хуыцау у зӕгъгӕ сымах Кӕмӕй зӕгъут; ӕмӕ сымах нӕ базыдтат Уый, Ӕз та Йӕ зонын; ӕмӕ куы зӕгъон, нӕ Йӕ зонын зӕгъгӕ, уӕд сымах хуызӕн мӕнгдзурӕг уыдзынӕн».
Ныр та сын Йесо ногӕй кӕны Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамы кой: «Уӕ фыд Авраамӕн ӕхсызгон уыд Мӕн бон фенын: ӕмӕ федта ӕмӕ сцин кодта». Ӕцӕгдӕр, Авраам уырнындзинады цӕстӕй каст зӕрдӕвӕрд Мессиайы ӕрцыдмӕ. Фӕлӕ уӕддӕр иудейтӕ, уырнындзинад сӕм кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхмӕ дзурынц: «Дӕуыл куы нӕма цӕуы фӕндзай азы дӕр — ӕмӕ Ды федтай Авраамы?»
«Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Авраамӕй дӕр раздӕр Ӕз дӕн»,— дзуапп ратта Йесо. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо зӕхмӕ цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уӕларвыл хъомысджын духовон гоймагӕй кӕй цард, уый кой кӕны.
Йесо афтӕ кӕй дзуры, зӕгъгӕ, Авраамӕй дӕр раздӕр уыдис, уый тыххӕй йӕм иудейтӕ тынг смӕсты сты ӕмӕ йӕм дуртӕ систой. Фӕлӕ Йесо йӕхи бааууон кодта ӕмӕ кувӕндонӕй сӕрӕгасӕй раирвӕзт. Иоанны 8:37—59; Раргомад 3:14; 21:8.
▪ Йесо куыд равдыста, йе знӕгтимӕ сын хицӕн фыдтӕ кӕй ис?
▪ Иудейтӕ Йесойы самариаг кӕй хонынц, уымӕн цы нысаниуӕг ис?
▪ Цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ мыггагмӕ мӕлӕт нӕ фендзысты?