Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 76 сӕр
  • Сихор фарисеймӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сихор фарисеймӕ
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фарисеймӕ уазӕгуаты
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • «Сахуыр ут мӕнӕй»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Йесо тӕрхон кӕны йӕ ныхмӕлӕуджытыл
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • «Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты ӕнхъизӕнӕй»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 76 сӕр

76 сӕр

Сихор фарисеймӕ

ЙЕСО гобийы сдзӕбӕх кӕныны хъару кӕцӕй райста, уый йе ’фхӕрджытӕн куы бамбарын кодта, уӕд ӕй фарисейтӕй иу сихор хӕрынмӕ фӕхуыдта. Фарисейтӕм ахӕм ӕгъдау ис, ӕмӕ хӕрды размӕ сӕ къухтӕ рӕмбыныкъӕдзы онг фехсынц. Уый фӕаразынц хӕрды размӕ, хӕрды фӕстӕ ӕмӕ ма суанг алы хӕринаджы размӕ дӕр. Уыцы ӕгъдау кӕд Хуыцауы Закъон нӕ халы, уӕддӕр Хуыцау сыгъдӕгдзинады тыххӕй цы дзуры, уымӕй фылдӕр домы.

Йесо уыцы ӕгъдау кӕй не ’ххӕст кӕны, уый диссаг кӕсы хӕдзары хицаумӕ. Ӕмӕ кӕд йӕ дис ӕргом нӕ равдыста, уӕддӕр ӕй Йесо фӕхатыд ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Ныр сымах, фарисейтӕ, къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейы сыгъдӕг кӕнут, фӕлӕ уӕ хуылф та дзаг у давындзинад ӕмӕ хиндзинадӕй. Ӕнӕзӕндтӕ! ӕддагон Чи сфӕлдыста, мидӕггагон дӕр Уый не сфӕлдыста?»

Йесо хурмӕ калы фарисейты цӕстмӕ митӕ: кӕд уыдон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕ къухтӕ ӕхсынц, уӕддӕр сӕ зӕрдӕтӕ нӕ сыгъдӕг кӕнынц ӕвзӕрдзинадӕй. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ уынаффӕ кӕны: «Фӕлтау хорзӕх кӕнут цы уӕм ис [«уӕ зӕрдӕйы цы ис», НД], уымӕй: уӕд уӕм алцыдӕр уыдзӕн сыгъдӕг». Адӕмы раз сӕхи рӕстгӕнджытӕй равдисынмӕ хъуамӕ ма бӕллой, фӕлӕ уарзондзинадӕй хъуамӕ архайой.

«Мӕгуыр уӕ бон, фарисейтӕ,— дзуры дарддӕр Йесо,— кӕй дӕттут дӕсӕм хай битъынайӕ, хъыцъыйӕ ӕмӕ алкӕцы халсартӕй, ӕмӕ лӕмбынӕг нӕ хъуыды кӕнут тӕрхоныл ӕмӕ Хуыцауы уарзондзинадыл: уый кӕнын ӕмбӕлд, ӕмӕ йӕ ныууадзын нӕ хъуыд [«ай кӕнын ӕмбӕлди, ӕмӕ уый ныууадзын дӕр нӕ хъуыди», НФ]». Израилӕн лӕвӕрд Закъон домдта халсартӕй дӕсӕм хай дӕттын. Битъына ӕмӕ хъыцъы сты гыццыл зайӕгойтӕ кӕнӕ кӕрдӕджытӕ, уыдон акӕнынц хӕринагыл, цӕмӕй хӕрзаддӕр уа. Фарисейтӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ фидынц дӕсӕм хай уыцы гыццыл кӕрдӕджытӕй дӕр, фӕлӕ сыл уӕддӕр Йесо тӕрхон кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ хъус нӕ дарынц ахсджиагдӕр домӕнтӕм, сӕрмагондӕй та уарзондзинад кӕй хъуамӕ ӕвдисой, стӕй хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хӕдӕфсарм кӕй хъуамӕ уой, уымӕ дӕр.

Дарддӕр сын Йесо уайдзӕф кӕны: «Мӕгуыр уӕ бон, фарисейтӕ, кӕй уарзут уӕлейы бадын ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ адӕмы ӕмбырдты арфӕтӕ исын. Мӕгуыр уӕ бон, чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ сымах кӕй стут — куыд ӕхгӕд ингӕнтӕ, кӕцыты уӕлӕ адӕм цӕуынц ӕмӕ нӕ зонынц уый». Сӕ ӕнӕсыгъдӕгдзинад зынгӕ нӕ кӕны. Фарисейты дин ӕддейӕ ӕрттивы, фӕлӕ дзы мидӕгӕй хорзӕй ницы ис. Йӕ бындур у цӕстмӕхъусдзинад.

Уыцы ныхӕстӕ закъонзонджытӕй иумӕ хъыг фӕкастысты ӕмӕ дзуры: «Ахуыргӕнӕг! уыдон дзургӕйӕ, Ды мах дӕр ӕфхӕрыс».

Йесо закъонзонджыты дӕр зылынджынтыл кӕй нымайы, уымӕ гӕсгӕ сын дзуры: «Сымахӕн дӕр, закъонзонджытӕ, мӕгуыр уӕ бон, кӕй ӕвӕрут адӕмыл зын хӕссӕн уӕргътӕ, фӕлӕ сӕм уӕхӕдӕг та иу ӕнгуылдзӕй дӕр нӕ ӕвналут. Мӕгуыр уӕ бон, уӕ фыдӕлтӕ кӕй фӕцагътой, уыцы пехуымпартӕн зӕппӕдзтӕ кӕй аразут».

Йесо цы уӕргъты кой кӕны, уыдон сты адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ, фӕлӕ закъонзонджытӕ адӕмы цард фӕрогдӕр кӕныны тыххӕй уыцы ӕгъдӕуттӕй иуыл къаддӕр кӕцы у, уый дӕр нӕ аивиккой. Йесо сын ӕргом дзуры, суанг пехуымпарты марыныл дӕр кӕй разы кӕнынц ӕмӕ сӕ фӕдзӕхсы: «Ист ӕрцӕудзӕн ацы мыггагӕй ӕппӕт пехуымпарты туг, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ кӕй ныккалдтой, Авелы тугӕй Захарийы туджы онг, нывондхӕссӕн ӕмӕ кувӕндоны ӕхсӕн кӕй амардтой. Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн, агуырд ӕрцӕудзӕн ацы мыггагӕй».

Ахӕстаргъ кӕй тыххӕй хъӕуы бафидын, уыцы дуне фӕзынд, Адам ӕмӕ Евӕйы цот куы райгуырдысты, уӕд; уӕдӕ Авел цард «дуне сфӕлдисыны» рӕстӕджы. Захарийы фыдмард куы акодтой, уый фӕстӕ Сирийы ӕфсӕдтӕ ныппырх кодтой Иудейы паддзахад. Йесо хъусын кӕны, йе ’мдуггӕгтӕм та ноджы ӕвирхъаудӕр уынгӕгдзинад кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ноджы фыдзӕрдӕдӕр. Уыцы уынгӕгдзинад ӕрцыд 38 азы фӕстӕ, н. э. 70 азы.

Дарддӕр сын Йесо дзуры: «Мӕгуыр уӕ бон, закъонзонджытӕ, сымах кӕй райстат ӕмбарынады дӕгъӕл: уӕхӕдӕг нӕ бацыдыстут ӕмӕ бацӕуджыты дӕр бакъуылымпы кодтат». Закъонзонджытӕ хӕсджын сты, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Ныхас ӕмбарын кӕной ӕмӕ йын йӕ нысаниуӕг халой. Уыдон уый нӕ аразынц, ӕмӕ йӕ цӕмӕй адӕм бамбарой, уый фадат дӕр сын нӕ дӕттынц.

Фарисейтӕ ӕмӕ закъонзонджытӕ тынг смӕсты сты, уымӕн ӕмӕ сын Йесо сӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ ракалдта. Хӕдзарӕй куы рахызт, уӕд ыл ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йӕм бирӕ фарстытӕ лӕвӕрдтой. Уыдон архайынц, цӕмӕй йӕ ныхасы фӕрӕдийын кӕной ӕмӕ йӕ сӕ бон уа ӕрцахсын. Лукайы 11:37—54; Дыккаг закъон 14:22; Михей 6:8; 2 Паралипоменон 24:20—25.

▪ Йесо фарисейтӕ ӕмӕ закъонзонджытыл цӕмӕн тӕрхон кӕны?

▪ Закъонзонджытӕ адӕмыл цавӕр уӕргътӕ сӕвӕрдтой?

▪ ‘Дуне фӕлдыст’ кӕд ӕрцыд?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын