Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 88 сӕр
  • Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕр

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕр
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕрӕн сӕ уавӕртӕ фӕивтой
  • Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры уавӕр фӕивта
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕр чи уыдысты?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Йесо Лазӕры райгас кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 88 сӕр

88 сӕр

Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕр

ЙЕСО йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзуры, материалон хъӕздыгдзинадӕй раст куыд пайда кӕнын хъӕуы ӕмӕ сын ӕмбарын кӕны, уый гӕнӕн кӕй нӕй, цӕмӕй уыцы иу рӕстӕджы уӕм хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр ӕмӕ Хуыцауы цагъартӕ дӕр. Йесомӕ цы фарисейтӕ хъуыстой, уыдон ыл худын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕхцауарзаг сты. Уӕд сын Йесо дзуры: «Сымах ӕвдисут уӕхи рӕстгӕнджытӕй адӕмы раз, фӕлӕ Хуыцау зоны уӕ зӕрдӕтӕ: уымӕн ӕмӕ адӕммӕ бӕрзонд цы у, уый ӕлъаг у Хуыцауы раз».

Ӕрцыд, дунейы хорздзинӕдтӕй чи пайда кӕны, политикон бартӕ кӕй къухы сты ӕмӕ дины стыр ахадындзинад кӕмӕн ис, уыцы адӕймӕгты уавӕр фӕивыны рӕстӕг. Уыдон хъуамӕ ныллӕггонд ӕрцӕуой. Сӕ духовон домӕнтӕ чи ӕмбары, уыдон та хъуамӕ скадджын уой. Йӕ дарддӕры ныхасы Йесо фарисейтӕн амоны уыцы ивындзинадмӕ:

«Закъон ӕмӕ пехуымпартӕ — [Аргъауӕг] Иоанны онг; уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хъуыстгонд цӕуы, ӕмӕ алкӕцы тыхӕй архайӕг цӕуы Уымӕ. Фӕлӕ тагъддӕр арв ӕмӕ зӕхх аивгъуыйдзысты, уӕддӕр иу хахх дӕр закъонӕй нӕ фесӕфдзӕн».

Чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, Моисейы Закъон цӕстмӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй тынг сӕрыстыр сты. Ӕвӕццӕгӕн ма дӕ зӕрдыл лӕууы, иухатт Йесо Иерусалимы иу куырм адӕймаджы диссаджы хуызы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд уыдон сӕхицӕй кӕй ӕппӕлыдысты: «Мах... стӕм Моисейы ахуыргӕнинӕгтӕ; мах зонӕм Моисейимӕ Хуыцау ныхас кодта». Фӕлӕ ныр Моисейы Закъон йӕ нысан сӕххӕст кодта — сӕрныллӕг адӕмы Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах Йесо Чырыстимӕ ӕрбакодта. Афтӕмӕй Иоанн лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ алыхуызон адӕм, уӕлдайдӕр та сӕрныллӕгтӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ, архайынц Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыныл.

Моисейы Закъон йӕ нысан кӕй сӕххӕст кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ никӕмӕнуал хъӕудзӕн ӕххӕст кӕнын. Зӕгъӕм, Закъон алыхуызон аххосӕгтӕм гӕсгӕ лӕвӕрдта хицӕн кӕныны бар, фӕлӕ ныр Йесо дзуры: «Алкӕцы йӕ усӕй рахицӕнуӕвӕг ӕмӕ ӕндӕры ракурӕг хӕты; ӕмӕ алкӕцы йӕ лӕгӕй рахицӕн уӕвӕджы ракурӕг хӕты». Ацы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, хицӕн кӕныны бар цыфӕнды аххосагмӕ гӕсгӕ дӕр чи дӕтты, уыцы фарисейтӕн сӕ маст куыннӕ рафыхт!

Ныр Йесо комкоммӕ фарисейтӕн дзуры фӕсномыг ныхас, сӕ уавӕр кӕнӕ сӕ бынат бынтондӕр кӕмӕн фӕивта, ахӕм дыууӕ адӕймаджы тыххӕй. Кӕй ӕвдисынц уыцы дыууӕ адӕймаджы ӕмӕ сӕ уавӕртӕ кӕй фӕивтой, уый цы нысан кӕны?

«Иу лӕг уыд хъӕздыг, дардта хъӕздыг дарӕстӕ [«порфирӕй ӕмӕ виссонӕй», НФ] ӕмӕ алыбон дӕр хорз минас кодта. Уыд афтӕ дӕр иу мӕгуыргур, йӕ ном Лазӕр, кӕцы йӕ дуары раз хуыссыд хъӕдгӕмттӕй ӕмӕ йӕ фӕндыд хъӕздыджы стъолӕй цы къӕбӕртӕ хауд, уыдонӕй йӕхи бафсадын; куыйтӕ цыдысты ӕмӕ йын йӕ хъӕдгӕмттӕ стӕрдтой».

Ам Йесо хъӕздыг лӕджы хуызы ӕвдисы иудейты дины разамонджыты, уыимӕ канд фарисейтӕ ӕмӕ чиныджы дӕсныты нӕ, фӕлӕ ма саддукейтӕ ӕмӕ хистӕр сауджынты дӕр. Уыдонӕн дины хъуыддаджы ис стыр бартӕ ӕмӕ фадӕттӕ ӕмӕ бухъцард кӕнынц. Паддзахы порфирӕ ӕвдисы сӕ кадджын бынат, урс виссон та — сӕ стырзӕрдӕдзинад.

Хъӕздыг лӕджы хуызы ӕвдыст сӕрбӕрзонд адӕм мӕгуыр, хуымӕтӕг адӕммӕ кӕсынц ӕнӕрвӕссон цӕстӕй ӕмӕ сӕ хонынц ам-хаа́ретс, ома сау адӕм. Уӕдӕ мӕгуыр Лазӕр та ӕвдисы, дины разамонджытӕ ӕмбӕлон духовон хӕринаг ӕмӕ бартӕ кӕмӕн нӕ дӕттынц, уыцы адӕмы. Хъӕдгӕмттӕй йӕ буар кӕмӕн нал зынд, уыцы Лазӕрау хуымӕтӕг адӕм сӕ цӕсты сты духовон ӕгъдауӕй рынчын, ӕмӕ сын се ’мсӕр кӕнынц ӕрмӕстдӕр куыйты. Фӕлӕ Лазӕры хуызӕн адӕм сты духовон ӕгъдауӕй ӕххормаг ӕмӕ дойны, ӕмӕ уый тыххӕй архайынц дуары раз, хъӕздыг лӕджы стъолӕй духовон хӕринаджы муртӕ куы ’рхауы, уӕд уыдон сисыныл.

Ныр Йесо дзуры, хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕрӕн сӕ уавӕртӕ кӕй фӕивдзысты. Цавӕр ивындзинад у уый ӕмӕ цы ӕвдисы?

Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕрӕн сӕ уавӕртӕ фӕивтой

Хъӕздыг лӕг ӕвдисы, сӕ бартӕ ӕмӕ фадӕттӕм гӕсгӕ дзырддзӕугӕ адӕймӕгтыл нымад чи сты, уыцы дины разамонджыты, Лазӕр та — хуымӕтӕг, духовон ӕгъдауӕй ӕххормаг адӕмы. Йесо дарддӕр дзуры йӕ фӕсномыг ныхас ӕмӕ ӕвдисы, уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы уавӕртӕ бындуронӕй кӕй фӕивтой.

«Амард мӕгуыргур,— дзуры Йесо,— ӕмӕ йӕ Зӕдтӕ ахастой Авраамы хъӕбысмӕ; амард хъӕздыг дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой; ӕмӕ зындоны [«гадесы», НД], зындзинӕдты уӕвгӕйӕ, уый хӕрдмӕ скаст, ӕмӕ дардмӕ федта Авраамы ӕмӕ йӕ хъӕбысы Лазӕры».

Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕр ӕцӕгӕй адӕймӕгтӕ кӕй не сты, фӕлӕ адӕмы хицӕн къордтӕ кӕй ӕвдисынц, уымӕ гӕсгӕ мӕлгӕ дӕр символикон хуызы акодтой. Уӕдӕ цы ӕвдисы сӕ мӕлӕт?

Ацы фӕсномыг ныхасы хӕдразмӕ Йесо дзырдта уавӕрты фӕивдыл, ома «закъон ӕмӕ пехуымпартӕ — Иоанны онг; уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хъуыстгонд цӕуы». Уӕдӕ Иоанн ӕмӕ Йесо Чырыстийы уацамынды фӕстиуӕгӕн хъӕздыг лӕг дӕр ӕмӕ Лазӕр дӕр амардысты сӕ раздӕры уавӕртӕн.

Сӕрныллӕг, ӕрфӕсмонгӕнӕг Лазӕры хуызӕн адӕм амардысты сӕ раздӕры, духовон ӕгъдауӕй мӕгуыр, уавӕрӕн ӕмӕ сыл ныр Хуыцау ауды. Кӕд раздӕр, дины разамонджыты духовон стъолӕй цы гыццыл муртӕ хауд, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уӕд ныр та сӕ духовон домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынц Библийы ӕцӕгадӕй, уымӕн ӕмӕ сын ӕй Йесо ӕмбарын кӕны. Афтӕмӕй уыдон сты хъӕбысы, ома кадджын бынаты стырдӕр Авраам Иегъовӕ Хуыцаумӕ.

Иннӕтӕ, хъӕздыг лӕджы хуызӕттӕ та ӕвзарынц Хуыцауы азар, уымӕн ӕмӕ Йесо Паддзахады тыххӕй цы хорз уацхъуыд амоны, уый нӕ исынц . Афтӕмӕй уыдон мӕлынц сӕ раздӕры кадджын уавӕрӕн. Уыдон тыххӕй ма дзырдӕуы, зӕгъгӕ, символикон ӕгъдауӕй хъизӕмар кӕнынц. Ныр та байхъусӕм хъӕздыг лӕджы ныхӕстӕм:

«Фыдӕл Авраам! фӕтӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ рарвит Лазӕры, цӕмӕй йӕ ӕнгуылдзы кӕрон атула доны ӕмӕ [мын] ме ’взаг ауазал кӕна, уымӕн ӕмӕ ӕз хъизӕмар кӕнын ацы пиллоны». Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы мастисӕн боны тыххӕй кӕй хъусын кӕнынц, уый удхарӕй мары хъӕздыг лӕджы хуызӕтты. Уыдон фӕнды, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ мауал хъусын кӕной ӕмӕ афтӕмӕй сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзой.

«Фӕлӕ Авраам загъта: мӕ фырт! ӕрхъуыды кӕн, ды кӕй райстай хорздзинӕдтӕ дӕ зӕххон царды мидӕг, Лазӕр та фыддзинӕдтӕ; ныр уый ам рӕвдыд у, ды та тухӕн кӕныс; уымӕй уӕлӕмӕ махӕй сымах ӕхсӕн фидаргонд ис стыр адаг, афтӕ ӕмӕ ардыгӕй кӕй фӕнды, уырдӕм ацӕуын, уый бон нӕу; афтӕ уырдыгӕй дӕр махмӕ нӕ цӕуынц».

Куыд раст у, Лазӕры ӕмӕ хъӕздыг лӕджы уавӕртӕ бындуронӕй кӕй фӕивтой! Уыцы ивындзинад ӕрцыд цалдӕр мӕйы фӕстӕ, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон, зӕронд Закъоны цӕдис ног цӕдисӕй ивд куы ’рцыд, уӕд. Уӕд ӕххӕстӕй рабӕрӕг, Хуыцау фарисейтӕ ӕмӕ иннӕ духовон разамонджыты нӕ, фӕлӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгты кӕй ӕвӕры кадджын бынаты. Уымӕ гӕсгӕ символикон хъӕздыг лӕджы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй цы «стыр адаг» хицӕн кӕны, уый у Хуыцауы ӕнӕивгӕ, рӕстаг тӕрхон.

Уый фӕстӕ хъӕздыг лӕг лӕгъстӕ кӕны «фыдӕл Авраамӕн»: «Арвит ӕй [Лазӕры] мӕ фыды хӕдзармӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн ис фондз ӕфсымӕры». Уыцы ныхӕстӕй хъӕздыг лӕг ӕмбарын кӕны, ӕндӕр фыд Сайтан Хӕйрӕгимӕ йын бирӕ ӕнгомдӕр ахастытӕ кӕй ис. Уымӕ гӕсгӕ хъӕздыг лӕг лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй Лазӕр фӕлӕмӕгъдӕр кӕна Хуыцауы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йӕ «фондз ӕфсымӕры», йӕ динон ӕмцӕдисонтӕ, «ма ӕрцӕуой ацы хъизӕмары бынатмӕ».

Фӕлӕ «Авраам загъта уымӕн: уыдонмӕ ис Моисей ӕмӕ пехуымпартӕ; уадз хъусӕнт уыдонмӕ». Ӕцӕгдӕр кӕд «фондз ӕфсымӕры» хъизӕмӕрттӕй аирвӕзын фӕнды, уӕд сӕ хъӕуы, Йесо Мессиа кӕй у, уый бӕлвырдгӕнӕг Моисей ӕмӕ пехуымпарты фыстытӕ лӕмбынӕг иртасын ӕмӕ уый фӕстӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ суын. Фӕлӕ хъӕздыг лӕг дзуры: «Нӕ, фыдӕл Авраам! фӕлӕ исчи мӕрдтӕй куы ацӕуа уыдонмӕ, уӕд фӕсмон фӕкӕндзысты».

Дзуапп та у ахӕм: «Моисей ӕмӕ пехуымпартӕм кӕд нӕ хъусынц, уӕд, мӕрдтӕй исчи куы райгас уа, уӕддӕр нӕ баууӕнддзысты». Хуыцау уыцы адӕмы баууӕндын кӕнынӕн уӕлдай нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ нӕ равдисдзӕн. Кӕд сӕ Хуыцауы хорзӕх райсын фӕнды, уӕд хъуамӕ Сыгъдӕг Фыстад кӕсой ӕмӕ йӕ сӕ царды ӕххӕст кӕной. Лукайы 16:14—31; Иоанны 9:28, 29; Матфейы 19:3—9; Галатӕгтӕм 3:24; Колоссӕгтӕм 2:14; Иоанны 8:44.

▪ Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры мӕлӕт символикон цӕмӕн у ӕмӕ цы нысан кӕны?

▪ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ Иоанны лӕггаддзинады райдиан йемӕ цавӕр ивындзинад ӕрхаста?

▪ Йесойы мӕлӕтимӕ кӕрон цӕмӕн ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уый хицӕн кӕныны хъуыддагыл куыд бандавдзӕн?

▪ Йесойы фӕсномыг ныхасы хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕр кӕй ӕвдисынц?

▪ Цавӕр хъизӕмӕрттӕ ӕвзары хъӕздыг лӕг ӕмӕ йӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзыны тыххӕй цы куры?

▪ Цы нысан кӕны «стыр адаг»?

▪ Чи сты хъӕздыг лӕджы ӕцӕг фыд ӕмӕ фондз ӕфсымӕры?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын