98 сӕр
Ахуыргӕнинӕгты быцӕу Йесойы мӕлӕты хӕдразмӕ
ЙЕСО ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сты Иорданы цӕугӕдонмӕ хӕстӕг. Цӕмӕй Перейӕ Иудеймӕ бахӕццӕ уой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы цӕугӕдоны сӕрты ахизын. Фӕндагыл сӕм ӕрбаиу бирӕ адӕм, уыдон дӕр цӕуынц н. э. 33 азы Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ. Бӕрӕгбон райдайдзӕн иу къуырийы фӕстӕ.
Йесо цӕуы йӕ ахуыргӕнинӕгты разӕй ӕмӕ сӕ дисы ӕфтауы йӕ уӕндондзинадӕй. Куыннӕ хъуыды кӕндзынӕ, цалдӕр къуырийы размӕ Лазӕр куы амард ӕмӕ Йесо Перейӕ Иудеймӕ хъуамӕ куы ацыдаид, уӕд Фома иннӕты кӕй разӕнгард кодта: «Цӕуӕм ӕмӕ мах дӕр амӕлӕм Йемӕ». Стӕй Йесо Лазӕры куы райгас кодта, уӕд ӕй синедрион марынвӕнд кӕй скодта. Уӕдӕ диссаг нӕу, ногӕй та Иудеймӕ куы цӕуы, ахуыргӕнинӕгты тас кӕй бацыд.
Цы хабӕрттӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон сӕ цӕмӕй ӕдзӕттӕйӕ ма ӕрӕййафой, уый тыххӕй Йесо йӕ 12 ахуыргӕнинаджы ахибар кодта ӕмӕ сын дзуры: «Мӕнӕ, мах фӕхӕццӕ кӕнӕм Иерусалиммӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд уыдзӕн хистӕр сауджынтӕм ӕмӕ чиныджы дӕснытӕм, ӕмӕ Йын марыны тӕрхон скӕндзысты; ӕмӕ ратдзысты Уый муртаттӕм фӕхынджылӕг кӕнынмӕ, ӕмӕ нӕмынмӕ, ӕмӕ байтындзынмӕ; ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».
Фӕстаг рӕстӕг Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ныр ӕртыккаг хатт дзуры йӕ мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасы тыххӕй. Ӕмӕ йӕм кӕд уыдон лӕмбынӕг хъусынц, уӕддӕр ӕй не ’мбарынц. Уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕлынц, Израилы паддзахад зӕххыл кӕй сфидар уыдзӕн ӕмӕ Чырыстиимӕ иумӕ зӕххон паддзахады кӕй хицауиуӕг кӕндзысты.
Апостолтӕ Иаков ӕмӕ Иоанны мад Саломиа дӕр ис, Куадзӕнмӕ чи цӕуы, уыцы адӕмы ’хсӕн. Йӕ дыууӕ фырты йын сӕ мӕстыгӕрдзинады тыххӕй Йесо схуыдта «арвнӕрыны фырттӕ». Цасдӕр рӕстӕг, кадмӕ бӕлгӕйӕ, уыдон хъуыды кӕнынц Чырыстийы Паддзахады зынгӕ бынӕттӕ бацахсыныл ӕмӕ сӕ фӕнд сӕ мадӕн дӕр радзырдтой. Ныр уый Йесойӕн йӕ сӕрӕй акуывта ӕмӕ йӕм хаты, цӕмӕй йын йӕ курдиат сӕххӕст кӕна.
«Цы дӕ хъӕуы?» — фӕрсы йӕ Йесо.
Уый йын зӕгъы: «Зӕгъ, цӕмӕй мӕ ацы дыууӕ фырты ӕрбадой Дӕумӕ иу дӕ рахизырдыгӕй, иннӕ та галиуырдыгӕй, Дӕ Паддзахады».
Йесо иттӕг хорз ӕмбары, уый кӕй курдиат у, ӕмӕ Иаков ӕмӕ Иоаннӕн дзуры: «Нӕ зонут, цы курут; уӕ бон бауыдзӕн Ӕз цы нуазӕн баназдзынӕн, уый баназын?»
«Бафӕраздзыстӕм»,— зӕгъынц уыдон. Йесо гыццыл раздӕр дзырдта, ӕвирхъау хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ йӕм худинаджы мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ уӕддӕр куыд зыны, афтӕмӕй нӕма ӕмбарынц, Йесо цы «нуазӕн» бануазынмӕ хъавы, уый йӕ мӕлӕтмӕ кӕй хауы.
Уӕддӕр сын Йесо дзуры: «Мӕ нуазӕн нуаздзыстут... фӕлӕ сымахӕн бар раттын Мӕнмӕ сбадын рахизырдыгӕй ӕмӕ галиуырдыгӕй — Мӕнӕй кӕнгӕ нӕу, фӕлӕ Мӕ Фыдӕй цӕттӕгонд кӕмӕн у».
Иннӕ дӕс апостолы, Иаков ӕмӕ Иоанн цы курынц, уый тыххӕй куы базыдтой, уӕд смӕсты сты. Ӕвӕццӕгӕн Иаков ӕмӕ Иоанн, апостолтӕй стырдӕр чи у, ууыл уый размӕ дӕр арӕх быцӕу кодтой. Ӕмӕ сӕм ныр ахӕм фӕндон кӕй ис, уый та ууыл дзурӕг у, Йесойы уынаффӕ кӕй ницӕмӕ ӕрдардтой. Хъыгагӕн ныр дӕр ма бӕллынц зынгӕ бынӕттӕм.
Йесо ӕрсидт йӕ 12 апостолмӕ, цӕмӕй, се ’хсӕн цы быцӕу ӕмӕ хӕрамдзинад сӕвзӕрд, уый тыххӕй фӕстаг хатт семӕ аныхас кӕна. Фӕлмӕнӕй сын уынаффӕ кӕны: «Сымах зонут адӕмы ӕлдӕрттӕ ӕлдариуӕг кӕй кӕнынц уыдоныл, ӕмӕ сӕ кусджытӕ уыдоныл хицауиуӕг кӕнынц; фӕлӕ сымах ӕхсӕн афтӕ ма уӕд: сымах ӕхсӕн стылдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый уӕд сымахӕн куыд цагъар; ӕмӕ кӕй фӕнды сымах ӕхсӕн фыццаг уӕвын, уый уӕд сымахӕн лӕггадгӕнӕг».
Йесо сын дӕтты фӕзминаг цӕвиттон ӕмӕ сын дзуры: «Адӕймаджы Фырт уый тыххӕй нӕ ӕрцыд, цӕмӕй Уымӕн лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй балӕггад кӕна ӕмӕ ратта Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй». Йесо адӕмӕн канд лӕггад нӕ кӕны, фӕлӕ ма сӕ сӕрвӕлтау йӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ у! Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр хъуамӕ ахӕм зондахаст уа. Уыдон хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ ма кӕсой, цӕмӕй сын исчи балӕггад кӕна, фӕлӕ хъуамӕ цӕттӕ уой иннӕтӕн лӕггад кӕнынмӕ, уыдон зынгӕ бынатмӕ хъуамӕ ма тырной, фӕлӕ архайой, цӕмӕй ныллӕгдӕр уой. Матфейы 20:17—28; Маркы 3:17; 9:33—37; 10:32—45; Лукайы 18:31—34; Иоанны 11:16.
▪ Ахуыргӕнинӕгты тас цӕмӕн бацыд?
▪ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд цӕттӕ кӕны ӕрцӕуинаг хабӕрттӕм?
▪ Цы курынц дыууӕ апостолы Йесойӕ ӕмӕ уый иннӕ апостолтыл куыд бандӕвта?
▪ Апостолты ’хсӕн цы быцӕу сӕвзӕрд, уый Йесо куыд аскъуыддзаг кодта?