99 сӕр
Йесо ахуыр кӕны Иерихоны
ЙЕСО ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ ӕрбахӕццӕ сты Иерихонмӕ. Иерусалимӕй ардӕм у иу боны цыд. Куыд зыны, афтӕмӕй Иерихон арӕзт у дыууӕ хайӕ: зӕронд, иудейаг сахар, ӕмӕ ног, ромаг сахар, се ’хсӕн та ис 1,5 километры бӕрц. Бӕлццӕттӕ зӕронд сахарӕй ног сахармӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд сӕ дыууӕ куырм мӕгуыргуры фӕхатыдысты. Иуӕн дзы йӕ ном хуыйны Вартимей.
Йесо дӕр уыцы адӕмы ’хсӕн кӕй ис, уый базонгӕйӕ, Вартимей ӕмӕ йе ’мбал хъӕр кӕнынц: «Фӕтӕригъӕд кӕн махӕн, Хицау, Давиды Фырт!». Адӕм сӕ сабыр кӕнынц, фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр райдыдтой хъӕр кӕнын: «Фӕтӕригъӕд кӕн махӕн, Хицау, Давиды Фырт!»
Йесо хъӕр куы фехъуыста, уӕд ӕрлӕууыд. Уый дзуры йе ’мбӕлццӕттӕн, цӕмӕй йӕм уыцы нӕлгоймӕгты ӕрбакӕной. Уыдон ацыдысты куырм мӕгуыргуртӕм ӕмӕ дзы сӕ иуӕн дзурынц: «Ма тӕрс, сыст, дзуры дӕм». Куырм фыртыхстӕй йӕ уӕллаг дарӕс аппӕрста, сыстад ӕмӕ Йесомӕ бацыд.
«Цы хъӕуы сымах Мӕнӕй?» — фӕрсы йӕ Йесо.
«Хицау! цӕмӕй нӕ цӕстытӕ райгом уой»,— лӕгъстӕ кӕнынц дыууӕ куырмы.
Йесо сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын сӕ цӕстытыл баныдзӕвыд. Марк куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй дзы Йесо иуӕн дзуры: «Цу, дӕ уырнындзинад дӕ аирвӕзын кодта». Ӕмӕ уыцы тӕккӕ куырмытӕ сӕ цӕстытӕй ракастысты ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой. Цы ’рцыди, уый фенгӕйӕ, адӕм дӕр кадджын кӕнынц Хуыцауы. Вартимей ӕмӕ йе ’мбал та Йесойы фӕстӕ ацыдысты.
Иерихоны Йесойыл адӕм ӕмбырд кӕнынц. Алкӕйдӕр фӕнды, куырмыты чи сдзӕбӕх кодта, уыцы адӕймаджы фенын. Йесо иудадзыг адӕмы ’хсӕн кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ бирӕтӕн сӕ бон нӕу фенын. Уыдонӕй сӕ иу у Закхей, Иерихон ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты хъалонисджыты хицау. Асӕй ныллӕг кӕй у, уый аххосӕй, цы цӕуы, уый нӕ уыны.
Уымӕ гӕсгӕ Закхей азгъордта ӕмӕ Йесо цы фӕндагыл цӕуы, уым иу легъуибӕласмӕ сбырыд. Уырдыгӕй йӕм алцыдӕр хорз зыны. Адӕм куы ’рбаввахс сты, уӕд Йесо фӕсидт бӕласыл бадӕгмӕ: «Закхей! ӕрхиз тагъддӕр, уымӕн ӕмӕ абон хъӕуы Мӕн уӕвын дӕ хӕдзары». Закхей цингӕнгӕйӕ ӕрхызт бӕласӕй ӕмӕ атагъд кодта хӕдзармӕ, цӕмӕй йӕ кадджын уазӕджы ӕрбацыдмӕ цы хъӕуы, уый ӕрцӕттӕ кӕна.
Адӕм уый куы федтой, уӕд Йесойыл сӕ зӕрдӕ фӕхудт. Йесо ахӕм адӕймагмӕ уазӕгуаты кӕй цӕуы, уый сӕм раст нӕ кӕсы. Уымӕн ӕмӕ хъалонисӕг Закхей, адӕмӕй цы ӕхца фӕиста, уымӕй схъӕздыг.
Адӕмӕй бирӕтӕ цӕуынц Йесойы фӕдыл, ӕмӕ уый Закхейы хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд дзурынц: «Уый... бацыд тӕригъӕдджын адӕймагмӕ». Фӕлӕ Йесойы ныфс ис, Закхей йӕ хъуыддӕгтыл кӕй ӕрфӕсмон кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Закхей сыстад ӕмӕ дзуры: «Хицау, мӕ мулкӕн йе ’рдӕг ӕз ратдзынӕн мӕгуыргуртӕн, ӕмӕ кӕд искӕйы бафхӕрдтон истӕмӕй, бафиддзынӕн уыдонӕн цыппар ахӕмӕй».
Закхей йӕ мулкы ӕмбис мӕгуыргуртыл байуӕрста, иннӕ хай та, кӕй фӕсайдта, уыдонӕн ратта ӕмӕ уымӕй равдыста ӕцӕг фӕсмондзинад. Хъалон кӕмӕй иста, уыдоны номхыгъдтӕм гӕсгӕ йӕ бон у, кӕмӕн цас хъуамӕ ратта, уый банымайын. Уый сомы кӕны, Хуыцауы закъон куыд домы, афтӕ сын цыппар ахӕмӕй кӕй бафиддзӕн. Закъоны та дзырдӕуы: «Фыс чи адава, уый цыппар фысы бафиддзӕн фысы сӕрмӕ».
Закхей йӕ мулк байуарынӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уый тынг ӕхсызгон у Йесойӕн ӕмӕ дзуры: «Ныр ӕрцыд ирвӕзындзинад ацы хӕдзарӕн, уымӕн ӕмӕ уый дӕр Авраамы фырт у; уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт, ӕрцыд сӕфты бацагурын ӕмӕ фервӕзын кӕнынмӕ».
Чысыл раздӕр, сӕфт фырты таурӕгъ радзургӕйӕ, Йесо равдыста «сӕфтыты» уавӕр. Ныр та нын ис, чи фесӕфт, фӕлӕ кӕй ссардӕуыд, ахӕм адӕймаджы бӕлвырд цӕвиттон. Ӕмӕ кӕд дины разамонджытӕ ӕмӕ сӕ фӕдыл чи цӕуы, уыдон, Йесо Закхейы хуызӕттыл кӕй ауды, ууыл мӕстӕй тонынц ӕмӕ хъуыр-хъуыр кӕнынц, уӕддӕр уый агуры Авраамы сӕфт фыртты ӕмӕ сӕ раст фӕндагмӕ здахы. Матфейы 20:29—34; Маркы 10:46—52; Лукайы 18:35—19:10; Рацыд 22:1.
▪ Йесо куырм мӕгуыргуртыл цыран фембӕлд ӕмӕ сын цы сарӕзта?
▪ Чи у Закхей ӕмӕ бӕласмӕ цӕмӕн сбырыд?
▪ Закхей йӕ хъуыддӕгтыл кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый куыд равдыста?
▪ Йесойӕн Закхеймӕ цы ахаст уыд, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?