104 сӕр
Ӕртыккаг хатт хъуысы Хуыцауы хъӕлӕс
КУВӔНДОНЫ уӕвгӕйӕ, Йесо тынг тыхсы, тагъд ӕм хъизӕмайраг мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Сӕйраджыдӕр йӕ мӕлӕт йӕ Фыды кадыл куыд бандавдзӕн, ууыл кӕй у йӕ мӕт, уымӕ гӕсгӕ кувы: «Мӕ Фыд! скадджын кӕн Дӕ ном».
Уӕд арвӕй ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕс: «Скадджын кодтон, ӕмӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн».
Адӕмӕй иутӕ дисы бафтыдысты. «Зӕд дзырдта Уымӕн»,— дзурынц иутӕ. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, арв ныннӕрыд. Ӕцӕгӕй та Иегъовӕ Хуыцау дзырдта. Фӕлӕ Хуыцауы хъӕлӕс Йесойы тыххӕй фыццаг хатт нӕ ӕрыхъуыст.
Ӕртӕ аз ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ Йесойы аргъуыды рӕстӕджы Аргъауӕг Иоанн фехъуыста Хуыцауы ныхӕстӕ Йесойы тыххӕй: «Уый у Мӕ уарзон Фырт, Кӕцымӕ ис Мӕ хорз фӕндон». Фарон Куадзӕны хӕдфӕстӕ, Йесо йӕ хуыз кӕй разы фӕивта, уыдон — Иаков, Иоанн ӕмӕ Петр — фехъуыстой Хуыцауы ныхӕстӕ: «Уый у Мӕ уарзон Фырт, Кӕцымӕ ис мӕ хорз фӕндон; Уымӕ хъусут». Ныр, 10 нисаны, Йесойы мӕлӕтӕй ӕртӕ боны раздӕр та ногӕй ӕрыхъуыст Хуыцауы хъӕлӕс. Ӕрмӕст ӕй ацы хатт фехъуыстой бирӕ адӕм.
Йесо ӕмбарын кӕны: «Мӕн тыххӕй нӕ уыд уыцы хъӕлӕс, фӕлӕ адӕмы тыххӕй». Уый бӕлвырд кӕны, Йесо ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт, зӕрдӕвӕрд Мессиа кӕй у. «Ныр тӕрхон ацы дунейӕн,— дзуры дарддӕр Йесо,— ацы дунейы ӕлдар ныр ӕддӕмӕ сырд уыдзӕн». Йесо иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй равдыста, ацы дунейы ӕлдар Сайтан Хӕйрӕг ‘фӕсурыны’, ома мӕлӕты аккаг кӕй у.
Уый фӕстӕ Йесо дзуры, йӕ мӕлӕт цы пайда ӕрхӕсдзӕн, ууыл: «Ӕз зӕххӕй ист куы ӕрцӕуон, уӕд ӕппӕты дӕр ӕрбакӕндзынӕн Мӕхимӕ». Ницы хуызы ис зӕгъӕн, ӕмӕ йӕ мӕлӕт, кӕй басаст, ууыл дзурӕг у, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕты фӕрцы йӕ бон суыдзӕн иннӕты йӕхимӕ ӕрбакӕнын, цӕмӕй ӕнусон цард райсой.
Фӕлӕ адӕм йӕ ныхмӕ дзурынц: «Мах закъонӕй фехъуыстам, Чырысти кӕй цӕры мыггагмӕ; уӕд куыд зӕгъыс Ды Адӕймаджы Фыртыл ӕмбӕлы ист ӕрцӕуын зӕгъгӕ? чи у Уыцы Адӕймаджы Фырт?»
Кӕд адӕмӕн ис ӕппӕт бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр, суанг ма Хуыцауы хъӕлӕс дӕр кӕд фехъуыстой, уӕддӕр сӕ фылдӕры нӕ уырны, Йесо ӕцӕгдӕр Адӕймаджы Фырт, зӕрдӕвӕрд Мессиа кӕй у. Фӕлӕ ӕхсӕз мӕйы размӕ, Халагъудты бӕрӕгбоны рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ та ныр дӕр Йесо йӕхи хоны «рухс» ӕмӕ йӕм цы адӕм хъусы, уыдон разӕнгард кӕны: «Цалынмӕ рухс уемӕ ис, ӕууӕндут рухсыл, цӕмӕй уат рухсы фырттӕ». Уый фӕстӕ Йесо ацыд ӕмӕ йӕхи бааууон кодта, ӕвӕццӕгӕн ӕй марынмӕ кӕй хъавынц, уый тыххӕй.
Йудейтӕ Йесойыл кӕй не ’ууӕндынц, уымӕй ӕххӕст кӕнынц Исайы ныхӕстӕ: «Ацы адӕм бакуырм кодтой сӕ цӕстытӕ, ӕмӕ ныддур кодтой сӕ зӕрдӕ, цӕмӕй ма уыной сӕ цӕстытӕй, ӕмӕ ма ӕмбарой сӕ зӕрдӕйӕ, ӕмӕ ма раздӕхой, цӕмӕй сӕ Ӕз сдзӕбӕх кӕнон» (НФ). Иегъовӕйы уӕларвон кӕртыты цӕстылуайӕны Исай федта Йесойы, йӕ зӕххон царды агъоммӕ йын Иегъовӕйы раз чи уыд, уыцы кады. Фӕлӕ иудейтӕ бынтондӕр иуварс кӕныц, Йесо зӕрдӕвӕрд Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ уымӕй ӕххӕст кӕнынц Исайы ныхӕстӕ.
Уый хыгъд суанг хицӕуттӕй (ӕвӕццӕгӕн, синедрионы, иудейаг сӕйраг тӕрхондоны, уӕнгтӕй) дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Йесойыл. Уыдонӕй дыууӕ сты Никодим ӕмӕ Аримафейаг Иосиф. Фӕлӕ ӕмбырдгӕнӕны сӕ бынӕттӕн фесафынӕй кӕй тӕрсынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ уырнындзинад ӕргом нӕма ӕвдисынц. Куыд бирӕ сафынц, ӕвӕдза, ахӕм адӕймӕгтӕ!
Йесо дарддӕр дзуры: «Мӕныл ӕууӕндӕг, Мӕныл не ’ууӕнды, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгыл; ӕмӕ Мӕн уынӕг, уыны Мӕ Рарвитӕджы... Ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ чи фехъуса ӕмӕ нӕ баууӕнда, уымӕн Ӕз тӕрхон нӕ кӕнын: уымӕн ӕмӕ Ӕз дунейӕн тӕрхон кӕнынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ дуне фервӕзын кӕнынмӕ... Ӕз цы дзырд дзырдтон, уый йын тӕрхон кӕндзӕн фӕстаг бон».
Иегъовӕ адӕймагады кӕй уарзы, уый тыххӕй рарвыста Йесойы, цӕмӕй, ууыл чи баууӕнда, уый ирвӕзындзинад райса. Фӕлӕ адӕймаджы ирвӕзындзинад баст у, Хуыцау Йесойы уылты цы бафӕдзӕхста, уый ӕххӕст кӕны ӕви нӕ, ууыл. Тӕрхон уыдзӕн «фӕстаг бон», Чырыстийы миназон паддзахиуӕгады рӕстӕджы.
Кӕронбӕттӕны Йесо дзуры: «Ӕз Мӕхицӕй нӕ дзырдтон, фӕлӕ Мӕн рарвитӕг Фыд, Уый ратта Мӕнӕн фӕдзӕхст, цы зӕгъон ӕмӕ цы дзурон; ӕмӕ Ӕз зонын, Йӕ фӕдзӕхст кӕй у мыггагмӕйы цард. Уӕдӕ Ӕз цы дзурын, дзурын, Фыд мын куыд загъта, афтӕ». Иоанны 12:28—50; 19:38, 39; Матфейы 3:17; 17:5; Исайы 6:1, 8—10.
▪ Ӕртӕ хатты цавӕр уавӕрты ӕрыхъуыст Хуыцауы хъӕлӕс Йесойы тыххӕй?
▪ Пехуымпар Исай куыд федта Йесойы кад?
▪ Чи сты Йесойыл баууӕндӕг хицӕуттӕ ӕмӕ сӕ уырнындзинад ӕргом цӕуылнӕ ӕвдисынц?
▪ Цы у «фӕстаг бон» ӕмӕ адӕм цӕмӕ гӕсгӕ цӕудзысты тӕрхонгонд?