108 сӕр
Сӕ бон нӕу Йесойы ныхасӕй ӕрцахсын
ЙЕСО нырма ис кувӕндоны. Гыццыл раздӕр ӕртӕ фӕсномыг ныхасӕй раргом кодта йӕ ныхмӕлӕуджыты фыдзӕрдӕдзинад. Ныр фарисейтӕ фырмӕстӕй фыцынц ӕмӕ уынаффӕ кӕнынц, цӕмӕй йын ахӕм исты зӕгъын кӕной, цӕй ӕфсонӕй йӕ ӕрцахсой. Куы бауынаффӕ кодтой, уӕд сӕ ахуыргӕнджыты ӕмӕ Ироды партийы фарслӕуджыты барвыстой, цӕмӕй йӕ ныхасӕй ӕрцахсой.
«Ахуыргӕнӕг! — зӕгъынц уыдон,— мах зонӕм, Ды кӕй дӕ раст ӕмӕ ӕцӕг ахуыр кӕныс Хуыцауы фӕндагыл, ӕмӕ искӕйы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ тыхсыс, уымӕн ӕмӕ нӕ кӕсыс цӕсгӕмттӕм; уӕдӕ зӕгъ махӕн: куыд Дӕм кӕсы? кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
Йесойы нӕ фӕсайдтой сӕ зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй. Уый ӕмбары, афтӕ куы зӕгъа: „Нӕ, уыцы хъалон фидыны бар нӕй“, уӕд ӕй Ромы ныхмӕ ардауӕгыл кӕй банымайдзысты. Афтӕ куы зӕгъа: „О, сымах хъуамӕ уыцы хъалон фидат“, уӕд та иудейты йӕ ныхмӕ скӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ сын Ромы хицауиуӕгад ӕнӕуынон у. Уымӕ гӕсгӕ Йесо дзуапп дӕтты: «Цы Мӕ фӕлварут, цӕстмӕхъустӕ? Равдисут ма Мӕнмӕ хъалон цӕмӕй фидут, уыцы ӕхца».
Ӕхца куы ӕрбахастой, уӕд сӕ фӕрсы: «Кӕй ныв ӕмӕ уӕлфыст сты адон?»
«Кесӕры»,— дзуапп раттой уыдон.
«Уӕдӕ кесӕрыон кесӕрӕн дӕттут, Хуыцауыон та Хуыцауӕн». Уыцы куырыхон дзуапп фехъусгӕйӕ, нӕлгоймӕгтӕ дисгӕнгӕ аздӕхтысты ӕмӕ йӕ ныууагътой.
Фарисейтӕн Йесойы ныхасӕй ӕрцахсын сӕ бон кӕй не сси, уый фенгӕйӕ йӕ, райгасдзинадыл чи не ’ууӕнды, уыцы саддукейтӕ фӕрсынц: «Ахуыргӕнӕг! Моисей загъта: „исчи ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд йе ’фсымӕр йӕхицӕн уый усы ӕрбакӕнӕд усӕн ӕмӕ мыггаг сфидар кӕнӕд йе ’фсымӕрӕн“. Уыд махмӕ авд ӕфсымӕры: фыццаг ус ракуырдта ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амард, йӕ усы ныууагъта йе ’фсымӕрӕн; афтӕ дыккаг дӕр, ӕртыккаг дӕр, суанг ӕвдӕмы онг; ӕппӕты фӕстӕ амард ус дӕр. Уӕдӕ, мӕрдты райгасы, уый авдӕй кӕцыйы ус уыдзӕн? уымӕн ӕмӕ сеппӕты дӕр уыд».
Йесо сын дзуры: «Уыдӕттӕй рӕдийут цымӕ сымах, нӕдӕр Фыст зонгӕйӕ, нӕдӕр Хуыцауы тых? Уымӕн ӕмӕ мӕрдтӕй куы райгас уой, уӕд нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты, куыд Зӕдтӕ уӕлӕрвты. Мӕрдты тыххӕй та, уыдон кӕй райгас уыдзысты, исты нӕ кастыстут Моисейы чиныджы, Хуыцау къутӕры раз куыд загъта уымӕн: „Ӕз Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау, ӕмӕ Иаковы Хуыцау“? Хуыцау нӕу мӕрдты Хуыцау, фӕлӕ ӕгӕсты Хуыцау. Уӕдӕ сымах иттӕг рӕдийут».
Адӕм та ныр дӕр дис кӕнынц Йесойы дзуаппыл. Суанг ма чиныджы дӕснытӕй дӕр иуӕй-иутӕ сразы сты: «Ахуыргӕнӕг! Ды хорз загътай».
Йесо саддукейты кӕй басаста, уый фарисейтӕ куы федтой, уӕд ӕм ӕнӕхъӕн къордӕй бацыдысты. Ногӕй та йӕ фӕлварынц, ӕмӕ йӕ чиныджы дӕснытӕй иу фӕрсы: «Ахуыргӕнӕг! цавӕр у ӕппӕтӕй стылдӕр фӕдзӕхст закъоны?»
Йесо дзуры: «Ӕппӕт фӕдзӕхстытӕй фыццаг у: „хъус, Израил! нӕ Хицау Хуыцау у иунӕг Хицау; ӕмӕ бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт хъаруйӕ“: мӕнӕ фыццаг фӕдзӕхст! Дыккаг дӕр уый хуызӕн: „бауарз дӕ хӕстӕджы, куыд дӕхӕдӕг дӕхи“: адонӕй стылдӕр фӕдзӕхст нӕй». Дарддӕр Йесо бафтыдта: «Ацы дыууӕ фӕдзӕхстыл фидаргонд сты ӕппӕт закъон ӕмӕ пехуымпартӕ».
«Ахуыргӕнӕг! ӕцӕгдзинад загътай Ды,— чиныджы дӕснытӕй иу сразы йемӕ,— иу кӕй у Хуыцау ӕмӕ нӕй ӕндӕр, Уый йеддӕмӕ; ӕмӕ уарзын Уый ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт зондӕй, ӕмӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ, ӕмӕ уарзын хӕстӕджы дӕхи хуызӕн, у стылдӕр ӕппӕт басудзинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕй».
Йесо уыны, ацы адӕймаг ӕмбаргӕ дзуапп кӕй ратта, ӕмӕ йын дзуры: «Дард нӕ дӕ Хуыцауы Паддзахадӕй».
Ӕртӕ боны фӕд-фӕдыл — хуыцаубон, къуырисӕр ӕмӕ дыццӕджы — Йесо ахуыр кӕны кувӕндоны. Адӕм ӕм зӕрдиагӕй хъусынц, дины разамонджытӕ та йӕ хъавынц марынмӕ, кӕд уыцы хъуыддаг нырмӕ сӕ къухы не ’фты, уӕддӕр. Матфейы 22:15—40; Маркы 12:13—34; Лукайы 20:20—40.
▪ Фарисейтӕ Йесойы ныхасӕй ӕрцахсыныл куыд архайдтой ӕмӕ сын «о» кӕнӕ «нӕ» куы загътаид, уӕд цы ӕрцыдаид?
▪ Йесо саддукейты куыд басаста?
▪ Фарисейтӕ дыккаг хатт куыд фӕлварынц Йесойы ӕмӕ цы уыд йӕ фӕстиуӕг?
▪ Йесо Иерусалимы кувӕндоны йӕ фӕстаг лӕггаддзинады рӕстӕджы адӕмы цал боны ахуыр кодта ӕмӕ цы ӕрцыд уый фӕстиуӕгӕн?