111 сӕр
Фӕстаг бонты нысан
ДЫЦЦӔГ, фӕссихор. Йесо бады Елеоны хохыл ӕмӕ уырдыгӕй кӕсы кувӕндонмӕ. Уырдӕм ӕм ӕрбацыдысты Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанн. Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, кувӕндонӕй дур дурыл нал баззайдзӕн, уымӕ гӕсгӕ уыдон тынг сагъӕс кӕнынц.
Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй Йесоимӕ ныхасгӕнгӕйӕ, уыдон ӕрмӕст кувӕндоныл нӕ хъуыды кӕнынц. Цалдӕр къуырийы размӕ сын Йесо дзырдта йӕ «уӕвындзинады» тыххӕй, «Адӕймаджы Фырт куы фӕзына», уыцы рӕстӕджы тыххӕй. Уый размӕ та сын «цардыуагон системӕйы кӕроны» кой кодта. Уӕдӕ апостолты тынг цымыдис кӕнынц уыцы фарстытӕ.
«Зӕгъ нын,— дзурынц уыдон,— кӕд уыдзӕн уый [Иерусалим ӕмӕ кувӕндоны фехӕлд]? ӕмӕ цы нысан ис Дӕу ӕрцӕуынӕн ӕмӕ ӕнусы кӕронӕн [«не ’хсӕн кӕй уыдзынӕ ӕмӕ ацы... йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уымӕн», НД]?» Куыд зыны, афтӕмӕй сӕ фарст арӕзт у ӕртӕ хайӕ. Иуырдыгӕй сӕ базонын фӕнды Иерусалим ӕмӕ кувӕндоны фехӕлды тыххӕй, иннӕрдыгӕй та — Йесо Паддзах куы суа, уӕд адӕмы ’хсӕн кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, уыдон тынг цымыдис кӕны ӕппӕт цардыуагон системӕйы кӕрон.
Йесо бӕстон дзуапп дӕтты фарсты ӕртӕ хайӕн дӕр. Уый ратта, иудейаг цардыуагон системӕйы кӕрон цӕй фӕрцы уыдзӕн базонӕн, ахӕм нысан; фӕлӕ уымӕй уый равдыста ноджы фылдӕр. Уыцы нысаны руаджы фидӕны йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бамбардзысты, ӕнӕуынгӕ хуызы се ’хсӕн кӕй ис ӕмӕ ӕппӕт цардыуагон системӕйы кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг.
Цалдӕр азы дӕргъы апостолтӕ сӕхи цӕстӕй уынынц, Йесойы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый. О, йӕ ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой сӕ рӕстӕджы. Уӕдӕ 37 азы фӕстӕ, н. э. 70 азы иудейаг цардыуагон системӕйӕн йӕ кӕрон куы ӕрцыд ӕмӕ кувӕндон куы фехӕлд, уӕд уый чырыстӕттӕн ӕнӕнхъӕлӕджы цау нӕ уыд.
Фӕлӕ Чырысти адӕмы ’хсӕн н. э. 70 азӕй нӕй. Куыд Паддзах, афтӕ адӕмы ’хсӕн бирӕ фӕстӕдӕр райдыдта уӕвын. Фӕлӕ кӕд? Уый базондзыстӕм, Йесойы пехуымпарад куы раиртасӕм, уӕд.
Йесо загъта, зӕгъгӕ, уыдзӕн ‘хӕстытӕ ӕмӕ хӕстыты койтӕ’. «Сыстдзысты адӕм адӕмыл», дзуры уый, ӕмӕ уыдзӕн ӕххормаг рӕстӕджытӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ эпидемитӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕн уыдзысты ӕнӕуынон ӕмӕ сӕ мардзысты. Сыстдзысты мӕнг пехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. Сарӕх уыдзӕн ӕнӕзакъондзинад ӕмӕ бирӕтӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. Ӕмӕ растдӕр уыцы рӕстӕджы ӕппӕт адӕмтӕн ӕвдисӕнадӕн хъуыстгонд цӕудзӕн Хуыцауы Паддзахады хорз уацхъуыд.
Кӕд Йесойы пехуымпарад гыццыл масштабы н. э. 70 азы Иерусалимы фехӕлды размӕ сӕххӕст, уӕддӕр стырдӕр масштабы сӕххӕст уыдзӕн адӕмы ’хсӕн куы уа ӕмӕ ӕппӕт цардыуагон системӕйы кӕрон, куы ’рхӕццӕ уа, уӕд. 1914 азӕй фӕстӕмӕ дунейы цы цаутӕ цӕуы, уыдонмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсгӕйӕ, фендзыстӕм, ацы ахсджиаг пехуымпарад стырдӕр масштабы уыцы азӕй кӕй райдыдта ӕххӕст кӕнын.
Йесо цы нысаны кой кӕны, уымӕн йӕ иннӕ хай у «гӕныстоны ӕнаккагдзинады» фӕзынд. Уыцы ӕнаккагдзинад фӕзынд н. э. 66 азы, Иерусалимыл чи ӕрхъула кодта ӕмӕ кувӕндоны сисы бын чи бакъахта, уыцы ромаг ӕфсӕдты хуызы. «Ӕнаккагдзинад» лӕууы, кӕм ын не ’мбӕлы, уым.
Уыцы нысан стырдӕр масштабы куы ӕххӕст кӕны, уӕд ӕнаккагдзинад райдианы у Нациты Лигӕ ӕмӕ уый фӕстӕ та — Иугонд Нациты Организаци. Ацы сабырдзинадыл архайӕг организаци чырыстон дуне сӕвӕрдта Хуыцауы Паддзахады бынаты. Уымӕй стырдӕр ӕнаккагдзинад ма цы хъуамӕ уа! Уымӕ гӕсгӕ йӕ рӕстӕджы Иугонд Нациты Организациимӕ баст политикон тыхтӕ растдзысты чырыстон дунейы (Иерусалимы нырыккон фӕлгонцы) ныхмӕ ӕмӕ йӕ скуынӕг кӕндзысты.
Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Йесо дзуры: «Уӕд уыдзӕн стыр зындзинад, цавӕр нӕ уыд дунейы райдайӕнӕй нырмӕ, ӕмӕ нӕ уыдзӕн». Н. э. 70 азы Иерусалимы фехӕлд ӕцӕг стыр зындзинад уыд. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ уым фӕмард иу милуан адӕймагӕй фылдӕр. Йесойы пехуымпарады ацы хай стырдӕр масштабы куы сӕххӕст уа, уӕд та уыдзӕн ноджы ӕвирхъаудӕр уавӕр.
Фидардзинад фӕстаг бонты рӕстӕджы
11 нисаны изӕр. Дыццӕг. Йесо нырма йӕ апостолтимӕ ныхас кӕны, куыд Паддзах, афтӕ се ’хсӕн кӕй уыдзӕн, уый ӕмӕ цардыуагон системӕйы кӕроны нысаныл. Фӕдзӕхсы сӕ, цӕмӕй сӕхи хизой мӕнг чырыститӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон архайдзысты, «цӕмӕй фӕсайой гӕнӕн куы уа, уӕд ӕвзӕрстыты дӕр». Фӕлӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ дардмӕуынӕг цӕргӕстау ӕрӕмбырд уыдзысты ӕцӕг духовон хӕринагмӕ — Чырыстимӕ адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа, уыцы рӕстӕджы. Уыдон сӕхи фӕсайын нӕ бауадздзысты ӕмӕ цавӕрдӕр мӕнг чырыстийыл не ’мбырд кӕндзысты.
Мӕнг чырыститӕн ӕрмӕстдӕр цӕстуынгӕ хуызы у сӕ бон фӕзынын. Йесо та ӕнӕуынгӕ хуызы уыдзӕн адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ зындзинад куы райдайа, уӕд Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «хур баталынг уыдзӕн ӕмӕ мӕй йӕ рухс нал ратдзӕн». Уӕвгӕ, уый уыдзӕн адӕймагады равзӕрдӕй нырмӕ иуыл уӕззаудӕр рӕстӕг. Боныгон хур куы баталынг уаид, ӕхсӕв та мӕй йӕ рухс куы нӕуал дӕттид, раст афтӕ уыдзӕн.
«Уӕларвон тыхтӕ фенкъуысдзысты»,— дзуры дарддӕр Йесо. Уымӕй ӕмбарын кӕны, арвӕн ӕцӕгдӕр фыдуацхӕссӕг хуыз кӕй уыдзӕн. Адӕм ӕвзардзысты, уӕды онг историйы бынат кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм тас ӕмӕ тыхми.
Гъе уымӕ гӕсгӕ Йесо куыд зӕгъы, афтӕмӕй зӕххыл уыдзӕн «адӕмы ӕнкъарддзинад ӕмӕ дызӕрдыгдзинад; ӕмӕ денджыз дӕр схъӕр кӕндзӕн ӕмӕ сызмӕнтдзӕн; адӕм мӕлдзысты тӕссӕй ӕмӕ бӕллӕхтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, кӕцытӕ ӕрцӕудзысты ӕппӕт дунейыл». О, уый уыдзӕн адӕймагады царды ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕг. Ӕмӕ уый фӕстӕ «фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты нысан арвыл; ӕмӕ уӕд скӕудзысты ӕппӕт зӕххон адӕмыхӕттытӕ».
Фӕлӕ ‘Адӕймаджы Фырт хъаруимӕ куы ӕрцӕуа’ ацы фыдцардыуагон системӕ скуынӕг кӕнынмӕ, уӕд алчи не скӕудзӕн. Чырыстиимӕ йӕ уӕларвон Паддзахады хайад чи исдзӕн, уыцы 144 000 «ӕвзӕрсты» ӕмӕ се ’мбӕлццӕттӕ, Йесо «ӕндӕр фыстӕ» кӕй схуыдта, уыдон дӕр нӕ кӕудзысты. Кӕд уыдон адӕймагады историйы ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕджы цӕрынц, уӕддӕр сӕ зӕрдыл дарынц Йесойы зӕрдӕвӕрд: «Адон ӕххӕст кӕнын куы райдайой, уӕд хӕрдмӕ уӕхиуыл схӕцут ӕмӕ уӕ сӕртӕ сисут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг кӕны уӕ ирвӕзындзинад».
Цӕмӕй фӕстаг бонты цӕрӕг ахуыргӕнинӕгтӕн, кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг, уый сӕ бон базонын уа, уый тыххӕй Йесо ӕрхаста цӕстуынгӕ цӕвиттон: «Акӕсут легъуи бӕласмӕ ӕмӕ ӕппӕт бӕлӕстӕм: уыдон сыфтӕ уадзын куы райдайынц, уӕд уый фенгӕйӕ, зонут уӕхӕдӕг, сӕрд хӕстӕг кӕй у; афтӕ сымах дӕр, куы фенат уыдон ӕххӕстгӕнгӕ, зонут, Хуыцауы Паддзахад хӕстӕг кӕй у. Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: нӕма аивгъуыйдзӕн ацы мыггаг, афтӕ адон ӕппӕтдӕр уыдзысты».
Уӕдӕ уыцы нысаны бирӕ лыстӕг хӕйттӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы уыной, уӕд хъуамӕ бамбарой, ацы цардыуагон системӕйы кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг ӕмӕ тагъд Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт ӕвзӕрдзинадӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн. Йесойы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый чи уына, уыцы адӕм нӕма амӕлдзысты, афтӕ ӕрцӕудзӕн кӕрон! Фӕстаг ахсджиаг бонты чи цӕрдзӕн, уыцы ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхсгӕйӕ, Йесо дзуры:
«Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма ӕруӕззау уой фырхӕрдӕй ӕмӕ расыг кӕнынӕй ӕмӕ царды мӕтӕй, ӕмӕ уӕ цӕмӕй уыцы бон ма ӕрӕййафа ӕвиппайды: уымӕн ӕмӕ уый, куыд хыз, ӕрцӕудзӕн зӕххы цӕсгомыл ӕппӕт цӕрджытыл; уӕдӕ, хъӕлдзӕг ут алы афон ӕмӕ кувут, цӕмӕй ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхтӕй аирвӕзат ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз балӕууыны аккаг уат».
Зондджын ӕмӕ ӕнӕзонд чызджытӕ
Йесо дзуапп ратта йӕ апостолты фарстӕн, куыд Паддзах, афтӕ адӕмы ’хсӕн кӕдӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Нысаны иннӕ хӕйттӕ равдисынӕн та сын ӕрхаста ӕртӕ фӕсномыг ныхасы.
Йесо адӕмы ’хсӕн куы уа, уыцы рӕстӕджы рӕстӕджы чи цӕра, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн, уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый фенын. Йесо дзуры фыццаг фӕсномыг ныхас: «Уӕд Уӕларвон Паддзахад уыдзӕн дӕс чызджы хуызӕн, кӕцытӕ, райсгӕйӕ сӕ рухсгӕнӕнтӕ, рацыдысты усгуры размӕ; уыдонӕй фондз уыдысты зондджынтӕ ӕмӕ фондз ӕнӕзӕндтӕ».
Йесо куы загъта, зӕгъгӕ, «Уӕларвон Паддзахад уыдзӕн дӕс чызджы хуызӕн», уӕд йӕ хъуыдыйы уый нӕ уыд, уӕларвон Паддзахады бындартӕн се ’рдӕг ӕнӕзӕндтӕ кӕй уыдзысты, иннӕ ӕрдӕг та — зондджынтӕ. Уымӕй Йесо равдыста, уӕларвон Паддзахадмӕ дыууӕ хуызы ахаст дӕр кӕй уыдзӕн кӕнӕ Паддзахады хъуыддаджы дыууӕ хуызы фӕзындтӕ дӕр кӕй бӕрӕг кӕндзӕн.
Дӕс чызджы ӕвдисынц, уӕларвон ныфс кӕмӕн ис кӕнӕ афтӕ чи ӕнхъӕлы, ӕмӕ йын уӕларвон ныфс ис, ӕппӕт уыцы чырыстӕтты. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон чырыстон ӕмбырдӕн лӕвӕрд ӕрцыд, райгас уӕвӕг, кадджын Усгур Йесо Чырыстийы ус кӕй суыдзӕн, уый ныфс. Фӕлӕ чындзӕхсӕв хъуамӕ уыдаид снысангонд рӕстӕджы, фидӕны, уӕларвыл.
Фӕсномыг ныхасы дӕс чызджы рацыдысты усгуры размӕ, цӕмӕй чындзӕхсӕвы йемӕ уой. Ӕмӕ усгур чындзы, цы уат ын ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм акӕнынмӕ куы ӕрбацыд, уӕд ын чызджытӕ йӕ фӕндаг рухсгӕнӕнтӕй рухс кӕнынц ӕмӕ йын уымӕй кад кӕнынц. Йесо ӕмбарын кӕны: «Ӕнӕзӕндтӕ, райсгӕйӕ сӕ рухсгӕнӕнтӕ, нӕ райстой семӕ зети; зондджынтӕ та, сӕ рухсгӕнӕнтимӕ райстой зети сӕ мигӕнӕнты; ӕмӕ усгур куы фӕстиат кодта, уӕд сеппӕты дӕр хуыссӕг ӕрцахста ӕмӕ бафынӕй сты».
Усгур ӕрӕгмӕ кӕй цӕуы, уый ууыл дзурӕг у, куыд Паддзах, афтӕ Чырысти адӕмы ’хсӕн куы уа, уыцы рӕстӕг тагъд кӕй нӕ уыдзӕн. Ӕппынфӕстаг, 1914 азы уый ӕрбадт йӕ паддзахы бадӕныл. Йе ’рцыдмӕ, ӕхсӕвы, чызджытӕ се ’ппӕтдӕр бафынӕй сты. Фӕлӕ уый тыххӕй ӕфхӕрд нӕ цӕуынц. Ӕфхӕрд цӕуынц ӕрмӕстдӕр ӕнӕзӕндтӕ, сӕ мигӕнӕнты зети кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй. Йесо ӕмбарын кӕны, усгуры ӕрцыды хӕдразмӕ чызджытӕ куы райхъал сты, уӕд цы ӕрцыд: «Фӕлӕ ӕмбисӕхсӕв райхъуыст хъӕр: „мӕнӕ, усгур ӕрбацӕуы, рацӕут йӕ размӕ“. Уӕд сыстадысты уыцы чызджытӕ иуылдӕр ӕмӕ сӕ рухсгӕнӕнтӕ барӕвдз кодтой. Ӕнӕзӕндтӕ та загътой зондджынтӕн: „раттут нын уӕ зетийӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ рухсгӕнӕнтӕ мынӕг кӕнынц“. Зондджынтӕ та загътой: „цӕмӕй мах дӕр ӕмӕ сымах дӕр ма схъуаг уӕм, хуыздӕр у, ацӕут уӕйгӕнджытӕм ӕмӕ балхӕнут уӕхицӕн».
Зети нысан кӕны ахӕм цыдӕр, цӕй фӕрцы ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ бон у рухсгӕнӕнтау рухс кӕнын. Уый у, чырыстӕттӕ фидар цӕуыл хӕцынц, уый — Хуыцауы удцырынӕй фыст Ныхас, ӕмӕ сын уыцы Ныхас ӕмбарынӕн цы сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕны, уый. Духовон зетийы фӕрцы зондджын чызджытӕн сӕ бон у чындзхӕсджытӕн сӕ фӕндаг рухс кӕнын. Ӕнӕзонд чызджытӕн та сӕ мигӕнӕнты нӕй духовон зети. Уымӕ гӕсгӕ Йесо ӕвдисы дарддӕры цаутӕ:
«Куы ацыдысты уыдон [ӕнӕзонд чызджытӕ зети] ӕлхӕнынмӕ, уӕд ӕрбацыд усгур, ӕмӕ цӕттӕтӕ бацыдысты йемӕ чындзӕхсӕвмӕ ӕмӕ дуӕрттӕ ӕхгӕд ӕрцыдысты. Уый фӕстӕ ӕрбацыдысты иннӕ чызджытӕ дӕр ӕмӕ зӕгъынц: „Хицау! Хицау! байгом нын кӕн“. Уый та загъта уыдонӕн дзуаппӕн: „ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: нӕ уӕ зонын“».
Чырысти уӕларвон Паддзах куы сси, уӕд зондджын чызджытӕ — сыгъдӕг удӕй сӕрст ӕцӕг чырыстӕттӕ — райхъал сты, цӕмӕй ӕрыздӕхӕг Усгуры кадӕн ацы талынг дунейы рухс кӕной. Ӕнӕзонд чызджытӕ кӕй ӕвдисынц, уыдон цӕттӕ не сты, цӕмӕй йыл йе ’рыздӕхты рӕстӕджы ахӕм кадимӕ сӕмбӕлой. Уымӕ гӕсгӕ уӕларвыл чындзӕхсӕвы рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд сын Чырысти дуар нӕ бакӕндзӕн. Уый сӕ ацы талынг дунейы ныууадздзӕн, ӕмӕ уыдон дӕр иннӕ фыдгӕнджытимӕ куынӕггонд ӕрцӕудзысты. «Уӕдӕ хъӕлдзӕг ут,– зӕгъы кӕронбӕттӕны Йесо,– уымӕн ӕмӕ нӕ зонут нӕдӕр бон, нӕдӕр сахат».
Фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй
Елеоны хохыл йӕ апостолтимӕ ныхасгӕнгӕйӕ, дарддӕр Йесо дзуры ӕртӕ фӕсномыг ныхасӕй дыккаг. Цалдӕр боны размӕ, Иерихоны ма куы уыдысты, уӕд сын, Паддзахад тагъд кӕй нӕма ’рцӕудзӕн, уый равдисынӕн Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас минаты тыххӕй. Иннӕ фӕсномыг ныхас дӕр уый хуызӕн у, ӕрмӕст уый ӕххӕст кӕндзӕн, куыд Паддзах, афтӕ Йесо адӕмы ’хсӕн куы уа, уӕд. Ӕмӕ ӕвдисы, ахуыргӕнинӕгтӕ цалынмӕ зӕххыл сты, уӕдмӕ йын «йӕ мулк» кӕй хъуамӕ фылдӕр кӕной.
Йесо дзуры: «Уымӕн ӕмӕ Уый [Паддзахады хъуыддаджы] бакӕндзӕн уыцы адӕймаджы хуызӕн, кӕцы кӕйдӕр бӕстӕм цӕугӕйӕ, фӕдзырдта йӕ цагъартӕм ӕмӕ йӕ мулк уыдоныл бафӕдзӕхста». Уыцы адӕймаг у Йесо. Уый зӕххӕй уӕларвмӕ ацӕуыны агъоммӕ йӕ мулк бафӕдзӕхста йӕ цагъартӕн — йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, куыд уӕларвон Паддзахады фидӕны хайадисджытӕн. Уыцы мулк материалон исбон нӕу, фӕлӕ ӕвдисы, Йесо бирӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн хорз уавӕртӕ кӕм сарӕзта, ахӕм хуымгонд быдыр.
Цалынмӕ Йесо уӕларвмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ мулк бакодта йӕ ахуыргӕнинӕгты бӕрны. Цы хуызы? Бафӕдзӕхста сын, цӕмӕй хуымгонд быдыры дарддӕр кусой, ома Паддзахады хорз уацхъуыд зӕххы кӕрӕттӕм хъусын кӕной. Уый тыххӕй Йесо дзуры: «Иуӕн ратта фондз таланты, иннӕмӕн дыууӕ, иннӕмӕн иу, алкӕмӕн дӕр йӕ хъарумӕ гӕсгӕ; ӕмӕ уыцы сахат араст».
Афтӕмӕй аст таланты — Чырыстийы мулк — дих ӕрцыдысты цагъартӕн сӕ хъарутӕм кӕнӕ сӕ духовон гӕнӕнтӕм гӕсгӕ. Цагъартӕ сты ахуыргӕнинӕгты къордтӕ. Фыццаг ӕнусы апостолтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хауынц, фондз таланты кӕмӕн ӕрцыд лӕвӕрд, уыцы къордмӕ. Дарддӕр Йесо дзуры, фондз ӕмӕ дыууӕ таланты чи райста, уыцы цагъартӕ Паддзахады тыххӕй хъусынгӕнгӕйӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты цӕттӕгӕнгӕйӕ, таланттӕ дыууӕ хатты кӕй фӕфылдӕр кодтой. Иу талант чи райста, уыцы цагъар та йӕ зӕххы баныгӕдта.
«Бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ, ӕрбацыд уыцы цагъарты ӕлдар ӕмӕ бацагуырдта уыдонӕй хыгъд»,— дзуры дарддӕр Йесо. Ӕцӕгдӕр «бирӕ рӕстӕг» рацыд, уымӕн ӕмӕ Йесо хыгъд бацагурынмӕ ӕрцыд ӕрмӕстдӕр XX ӕнусы, 1 900 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд. Дарддӕр Йесо ӕмбарын кӕны:
«Бацӕугӕйӕ, фондз таланты райсӕг, ӕрбахаста ӕндӕр фондз таланты ӕмӕ зӕгъы: „ӕлдар! фондз таланты ды раттай мӕнӕн; мӕнӕ ӕндӕр фондз таланты самал кодтон уыдонӕй ӕз“. Йӕ ӕлдар загъта уымӕн: „хорз, хӕлар ӕмӕ ӕнӕсайд цагъар! гыццылы уыдтӕ ӕнӕсайд, бирӕты сӕргъыл дӕ сӕвӕрдзынӕн; бацу дӕ ӕлдары циндзинадмӕ“». Дыууӕ таланты чи райста, уыцы цагъар дӕр сӕ дыууӕ хатты фӕфылдӕр кодта, ӕлдар уымӕй дӕр раппӕлыд ӕмӕ уый дӕр раст афтӕ схорзӕхджын кодта.
Куыд бацыдысты уыцы ӕууӕнкджын цагъартӕ сӕ Хицауы циндзинадмӕ? Сӕ Хицау, Йесо Чырыстийы циндзинад уый мидӕг ис, цӕмӕй дард бӕстӕм, ома йӕ Фыдмӕ уӕларвмӕ ацӕугӕйӕ, Паддзахад бынӕн райса. Абон ӕууӕнкджын цагъартӕн стыр циндзинад хӕссы, Паддзахады хъуыддаг сӕ бӕрны кӕй ис; сӕ зӕххон царды фӕстӕ куы райгас уой ӕмӕ уӕларвон Паддзахадмӕ ист куы ӕрцӕуой, уӕд та бавзардзысты, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм циндзинад. Фӕлӕ ӕртыккаг цагъар та цы бацис?
«Ӕлдар! ӕз зыдтон дӕу, кӕй дӕ ӕнӕхатыр адӕймаг,— хъаст кӕны уыцы цагъар.— Ӕмӕ, фӕтӕрсгӕйӕ, ацыдтӕн ӕмӕ бамбӕхстон дӕ талант зӕххы; мӕнӕ дӕуӕн дӕхион». Цагъар барвӕндонӕй не сразы хуымгонд быдыры кусыныл, ома хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хицау схуыдта «хинӕйдзаг ӕмӕ зивӕггӕнаг» ӕмӕ йын тӕрхон рахаста: «Райсут уымӕй талант... Ницӕййаг цагъары та аппарут ӕддаг талынгмӕ: уым уыдзӕн кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс». Хинӕйдзаг цагъары къордмӕ чи хауы, уыдон ӕддӕмӕ ӕппӕрст кӕй цӕуынц, уый та нысан кӕны, сӕ духовон циндзинад бынтондӕр кӕй фесӕфтой.
Чырыстийы фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕмӕндӕр уый ахсджиаг зондамынд у. Цӕмӕй сӕ ӕддаг талынгмӕ ма аппарой ӕмӕ куынӕггонд ма ’рцӕуой, фӕлӕ сӕ сӕ Хицау райгонд уа ӕмӕ сӕ схорзӕхджын кӕна, уый тыххӕй, сӕ бон цас у, уыйбӕрц хъуамӕ хъусын кӕной ӕмӕ фылдӕр кӕной сӕ уӕларвон Хицауы мулк. Ды дӕр ӕнӕзивӕгӕй архайыс уыцы хъуыддаджы?
Чырысти Паддзахӕй куы ӕрцӕуа
Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ нырма сты Елеоны хохыл. Адӕмы ’хсӕн кӕд уыдзӕн ӕмӕ цардыуагон системӕйы кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй йӕм цы фарст раттой, уымӕн Йесо дзуапп дӕтты ӕртыккаг фӕсномыг ныхасӕй. «Куы ӕрцӕуа Адӕймаджы Фырт Йӕ кады ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕг Зӕдтӕ Йемӕ,— райдыдта йӕ ныхас Йесо,— уӕд ӕрбаддзӕн Йӕ кады паддзахы бадӕны».
Йесо ӕрцыд, ацы цардыуагон системӕйы кӕрон бынтон куы ӕрхӕстӕг, уӕд. Фӕлӕ цӕмӕн? Йесо ӕмбарын кӕны: «Ӕрӕмбырд уыдзысты Йӕ разы ӕппӕт адӕмтӕ; ӕмӕ ахицӕн кӕндзӕн иуты иннӕтӕй, фыййау куыд ахицӕн кӕны фысты сӕгътӕй, афтӕ; ӕмӕ сӕвӕрдзӕн фысты Йӕ рахизырдыгӕй, сӕгъты та — галиуырдыгӕй».
Кадджын бынаты чи ӕрцыд ӕвӕрд, уыдон фидӕны тыххӕй Йесо дзуры: «Уӕд зӕгъдзӕн Паддзах Йӕ рахизырдыгӕй чи ис, уыдонӕн: „ӕрцӕут, Мӕ Фыдӕй арфӕгӕндтытӕ, уӕхи бакӕнут дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сымахӕн цӕттӕгонд Паддзахад“». Фысты хуызӕн адӕм Паддзахад сӕхи кӕй бакӕндзысты, уый нысан кӕны, Чырыстиимӕ уӕларвыл кӕй нӕ паддзахиуӕг кӕндзысты, фӕлӕ зӕххыл уыцы Паддзахады дӕлбариуӕгады кӕй цӕрдзысты. «Дунейы сфӕлдисын» нымад цӕуы Адам ӕмӕ Евӕйы фыццаг сывӕллӕтты райгуырдӕй, кӕцытӕн сӕ бон уыд пайда исын, Хуыцау адӕймагады балхӕнынӕн цы сарӕзта, уымӕй.
Фӕлӕ фыстӕ кадджын бынаты, рахизырдыгӕй цӕмӕн сты? «Уымӕн ӕмӕ ӕххормаг уыдтӕн Ӕз,— дзуры Паддзах,— ӕмӕ Мын сымах хӕринаг раттат; дойны уыдтӕн, ӕмӕ Мын сымах баназын кодтат; уыдтӕн фӕндаггон ӕмӕ сымах райстат Мӕн; бӕгънӕг уыдтӕн ӕмӕ сымах дарӕс скодтат Мӕныл; рынчын уыдтӕн ӕмӕ сымах бабӕрӕг кодтат Мӕн; ахӕстоны уыдтӕн ӕмӕ сымах ӕрбацыдыстут Мӕнмӕ».
Фыстӕ зӕххыл кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ базонын фӕнды, сӕ уӕларвон Паддзахӕн ахӕм хӕрзиуӕг кӕд ракодтой. «Хицау! кӕд федтам мах Дӕу ӕххормагӕй ӕмӕ бафсӕстам? — фӕрсынц уыдон.— Кӕнӕ дойныйӕ ӕмӕ баназын кодтам? кӕд федтам мах Дӕу фӕндаггонӕй ӕмӕ ӕрбакодтам? кӕнӕ бӕгънӕгӕй ӕмӕ дарӕс скодтам? Кӕд федтам мах Дӕу рынчынӕй, кӕнӕ ахӕстоны ӕмӕ бацыдыстӕм Дӕумӕ?»
«Ӕцӕг зӕгъын сымахӕн,— дзуапп дӕтты Паддзах,— кӕд сымах уый бакодтат Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн, уӕд Мӕнӕн бакодтат». Чырыстийы ӕфсымӕртӕ сты, уӕларвыл йемӕ чи паддзахиуӕг кӕндзӕн, уыцы 144 000 ма зӕххыл чи ис, уыдон. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ уыдонӕн хорздзинад чи аразы, уый йӕ аразы уымӕн.
Уый фӕстӕ Йесо дзуры сӕгътӕн: «Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕг ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд, мыггагмӕйы артмӕ. Уымӕн ӕмӕ ӕххормаг уыдтӕн Ӕз, ӕмӕ сымах нӕ раттат Мӕнӕн хӕринаг; дойны уыдтӕн ӕмӕ Мын нӕ баназын кодтат; уыдтӕн фӕндаггон ӕмӕ нӕ райстат Мӕн; бӕгънӕг уыдтӕн ӕмӕ дарӕс не скодтат Мӕныл; уыдтӕн рынчын, уыдтӕн ахӕстоны ӕмӕ нӕ бабӕрӕг кодтат Мӕн».
Фӕлӕ сӕгътӕ хъаст кӕнынц: «Хицау! кӕд федтам Дӕу ӕххормагӕй, кӕнӕ дойныйӕ, кӕнӕ фӕндаггонӕй, кӕнӕ бӕгънӕгӕй, кӕнӕ рынчынӕй, кӕнӕ ахӕстоны ӕмӕ нӕ балӕггад кодтам Дӕуӕн?» Сӕгътӕ дӕр ӕмӕ фыстӕ дӕр иу хъуыддаджы бындурыл цӕуынц тӕрхонгонд. «Кӕд сымах адон нӕ бакодтат ацы кӕстӕртӕй [Ме ’фсымӕртӕй] иуӕн, уӕд нӕ бакодтат Мӕнӕн».
Уӕдӕ цалынмӕ ацы фыдцардыуагон системӕйӕн стыр зындзинады йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ куыд Паддзах, афтӕ Чырысти адӕмы ’хсӕн куы уа, уыцы рӕстӕгмӕ хауы тӕрхоны рӕстӕг дӕр. Сӕгътӕ ацӕудзысты «мыггагмӕйы зындонмӕ [«ӕнусон куынӕгдзинадмӕ», НД], рӕстгӕнджытӕ [фыстӕ] та мыггагмӕйы цардмӕ». Матфейы 24:2—25:46; 13:40, 49; Маркы 13:3—37; Лукайы 21:7—36; 19:43, 44; 17:20—30; 2 Тимофеймӕ 3:1—5; Иоанны 10:16; Раргомад 14:1—3.
▪ Цы сразӕнгард кодта апостолты фарст раттынмӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр цӕуыл хъуыды кодтой?
▪ Йесойы пехуымпарады кӕцы хай сӕххӕст н. э. 70 азы, фӕлӕ уӕд цы не ’рцыд?
▪ Йесойы пехуымпарад фыццаг хатт кӕд сӕххӕст ӕмӕ стырдӕр масштабы та кӕд сӕххӕст уыдзӕн?
▪ Цы уыд «ӕнаккагдзинад» фыццаг сӕххӕсты ӕмӕ цы у кӕронбӕттӕн сӕххӕсты та?
▪ Стыр зындзинады пехуымпарад Иерусалимы фехӕлдӕй цӕуылнӕ сӕххӕст?
▪ Чырыстийы адӕмы ’хсӕн кӕдӕй ис, уый цавӕр дунеон уавӕртӕй у бӕрӕг?
▪ Кӕд скӕудзысты «ӕппӕт зӕххон адӕмыхӕттытӕ» ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ та цы араздзысты?
▪ Цавӕр фӕсномыг ныхасӕй баххуыс кодта Йесо йӕ фидӕны ахуыргӕнинӕгтӕн кӕроны ӕрхӕстӕг базонынӕн?
▪ Цы бафӕдзӕхста Йесо, фӕстаг бонты рӕстӕджы чи цӕрдзӕн, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕн?
▪ Кӕй ӕвдисынц дӕс чызджы?
▪ Чырыстон ӕмбырдӕн кӕд ӕрцыд лӕвӕрд, чындз кӕй суыдзӕн, уый ныфс, фӕлӕ кӕд ӕрцыд усгур чындзы акӕнынмӕ?
▪ Цы нысан кӕны зети ӕмӕ зондджын чызджытӕм зети кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ цы у сӕ бон аразын?
▪ Чындзӕхсӕв кӕм уыдзӕн?
▪ Ӕнӕзонд чызджытӕ цавӕр диссаджы хорзӕх фесӕфтой ӕмӕ сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
▪ Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас?
▪ Чи сты цагъартӕ ӕмӕ цавӕр мулк ис сӕ бӕрны?
▪ Хицау хыгъд бацагурынмӕ кӕд ӕрцыд ӕмӕ цы сбӕрӕг кодта?
▪ Цӕуыл цин кӕнынц ӕууӕнкджын цагъартӕ ӕмӕ ӕртыккаг, хинӕйдзаг, цагъарыл та цы ӕрцыд?
▪ Цавӕр тӕрхоны куыст кӕны Чырысти адӕмы ’хсӕн куы ис, уыцы рӕстӕджы?
▪ Фыстӕ Паддзахад сӕхи куыд бакӕндзысты?
▪ Кӕдӕй нымад цӕуы «дунейы сфӕлдисын»?
▪ Адӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътыл цӕмӕ гӕсгӕ цӕуынц дихгонд?