118 сӕр
Гадзрахатдзинад ӕмӕ ӕрцахст
БОН нӕма ӕрбацъӕх, афтӕ Иудӕ Гефсиманы дыргъдонмӕ ӕрбакодта бирӕ адӕмы, уым уыдысты ӕфсӕддонтӕ, хистӕр сауджынтӕ, фарисейтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Сауджынтӕ баныхас кодтой, Йесойы ауӕй кӕныны тыххӕй Иудӕйӕн 30 ӕвзист ӕхцайы бафидыныл.
Уый размӕ, Иудӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕрӕй куы ацыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, комкоммӕ хистӕр сауджынтӕм бацыд. Уыдон уайтагъд ӕрӕмбырд кодтой сӕ кусджыты ӕмӕ ӕфсӕддонты къорд. Гӕнӕн ис, Иудӕ сӕ фыццаг бакодта, Йесо йӕ апостолтимӕ Куадзӕн кӕм бӕрӕг кодта, уырдӕм. Уым кӕй нал сты, адӕм уый куы федтой, уӕд хӕцӕнгӕрзтӕ, цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнтимӕ Иудӕйы фӕдыл Иерусалимӕй рацыдысты ӕмӕ Кедроны дӕлвӕзыл ахызтысты.
Адӕмы Елеоны хохмӕ кӕнгӕйӕ, Иудӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, Йесо кӕм ис, уый кӕй зоны. Ивгъуыд къуырийы дӕргъы, Иерусалимӕй Вифанимӕ цӕугӕйӕ-иу Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ сӕ фӕллад уадзынмӕ кӕнӕ аныхас кӕнынмӕ арӕх ӕрлӕууыдысты Гефсиманы дыргъдоны. Фӕлӕ ныр, Йесо талынджы маслинӕйы бӕлӕсты бынӕй куы нӕ зыны, уӕд ӕй ӕфсӕддонтӕ куыд базондзысты? Чи зоны йӕ уынгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Уымӕ гӕсгӕ сын Иудӕ дӕтты нысан: «Ӕз Кӕмӕн апъа кӕнон, Уый у; ӕрцахсут ӕмӕ Йӕ кӕнут хъавгӕ».
Иудӕ адӕмы дыргъдонмӕ куы бакодта, уӕд суыдта Йесойы йӕ апостолтимӕ ӕмӕ йӕм комкоммӕ бацыд. «Цин кӕн, Ахуыргӕнӕг!» — загъта уый ӕмӕ йын фӕлмӕн апъа кодта.
«Хӕлар, цӕй тыххӕй ӕрбацыдтӕ ды?» — цӕхгӕр ӕй афарста Йесо. Ӕмӕ йӕ фарстӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, йӕхӕдӕг дзуры: «Иудӕ! пъа кӕнынӕй уӕй кӕныс Адӕймаджы Фырты?» Ацы ныхӕстӕ дӕр фаг сты йӕ уӕйгӕнӕгӕн! Ныр Йесо судзгӕ цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнты рухсмӕ размӕ рахызт ӕмӕ фӕрсы: «Кӕй агурут?»
«Йесо Назорейы»,— райхъуыст дзуапп.
«Уый Ӕз Дӕн»,— загъта Йесо ӕмӕ хъӕбатырӕй ӕрлӕууыд сӕ разы. Нӕлгоймӕгтӕ йӕ хъӕбатырдзинадӕй дисы бафтыдысты ӕмӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, уый нӕ зонгӕйӕ, фӕстӕмӕ алӕууыдысты ӕмӕ зӕххыл ӕрхаудысты.
«Ӕз загътон сымахӕн, уый Ӕз кӕй Дӕн,— сабырӕй та сын дзуры Йесо. — Уӕдӕ кӕд Мӕн агурут, ныууадзут уыдоны, уадз цӕуӕнт». Гыццыл раздӕр уӕллаг уаты, йӕ уӕларвон Фыдмӕ кувгӕйӕ, Йесо загъта, йӕ иузӕрдион апостолты кӕй бахъахъхъӕдта ӕмӕ дзы «сӕфты фырты йеддӕмӕ» кӕй ничи фесӕфт. Уӕдӕ Йесо куры, цӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджыты ауадзой ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст уа.
Ӕфсӕддонтӕ сӕхи куы ӕрӕмбӕрстой, куы сыстадысты ӕмӕ Йесойы бӕттын куы райдыдтой, уӕд апостолтӕ бамбӕрстой, хъуыддаг цӕй мидӕг ис. «Хицау! кардӕй ныццӕвӕм мах?» — афарстой йӕ уыдон. Йесо дзуапп нӕма ратта, афтӕ Петр, апостолтӕ семӕ цы дыууӕ карды ӕрбахастой, уыдонӕй иу йӕ къухы, афтӕмӕй йӕхи ныццавта хистӕр сауджыны цагъар Малхыл. Петры цӕф цагъарӕн йӕ сӕрыл нӕ сӕмбӕлд, фӕлӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта.
«Ныууадзут, ӕгъгъӕд у»,— се ’хсӕн бацӕугӕйӕ, дзуры Йесо. Уый фӕстӕ Малхы хъусыл йӕ къух авӕрдта ӕмӕ йын ӕй сдзӕбӕх кодта. Ныр та Петрмӕ амонгӕйӕ, дӕтты ахсджиаг амынд: «Сӕвӕр дӕ кард йӕ бынаты, уымӕн ӕмӕ кард райсджытӕ иуылдӕр кардӕй фесӕфдзысты; ӕви ӕнхъӕл дӕ, Мӕ бон нӕу Мӕ Фыдӕй ныр ракурын, ӕмӕ Уый рарвитид Мӕнӕн дыууадӕс лӕгионӕй фылдӕр Зӕдтӕ?»
Йесо цӕттӕ у, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой, ӕмӕ уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Куыд сӕххӕст уыдзысты Фыстытӕ, афтӕ уӕвын кӕй ӕмбӕлы?» Ӕмӕ бафтыдта: «Ӕз хъуамӕ ма баназон, Фыд Мӕнӕн цы нуазӕн ратта, уый?» Йесо ӕххӕстӕй разы у Хуыцауы фӕндоныл!
Уый фӕстӕ Йесо дзуры адӕммӕ: «Цыма абырӕгмӕ рацыдыстут сымах кӕрдтӕ ӕмӕ михтимӕ Мӕн акӕнынмӕ; алыбон сымахимӕ бадтӕн Ӕз, ахуыр кодтон кувӕндоны, ӕмӕ Мӕ уӕд нӕ акодтат сымах. Адон та ӕппӕт уыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уой пехуымпарты фыстытӕ».
Уӕд ӕфсӕддонтӕ, ӕфсӕдты хицау ӕмӕ иудейты кусджытӕ ныххӕцыдысты Йесойыл ӕмӕ йӕ сбастой. Апостолтӕ уый куы федтой, уӕд ӕй иунӕгӕй фӕуагътой ӕмӕ лидзынмӕ фесты. Фӕлӕ иу ӕвзонг лӕппу — ӕвӕццӕгӕн, ахуыргӕнинаг Марк — адӕмы ’хсӕн баззад. Гӕнӕн ис, уый уыд, Йесо Куадзӕн кӕм бӕрӕг кодта, уыцы хӕдзары ӕмӕ уырдыгӕй адӕмы фӕдыл рацыд. Ӕрмӕст ӕй ныр базыдтой ӕмӕ йӕ ахсынмӕ хъавынц. Фӕлӕ уый йӕ ӕмбӕрзӕн фӕуагъта ӕмӕ алыгъд. Матфейы 26:47—56; Маркы 14:43—52; Лукайы 22:47—53; Иоанны 17:12; 18:3—12.
▪ Иудӕ Йесойы Гефсиманы дыргъдоны кӕй ссардзӕн, ууыл цӕуылнӕ дызӕрдыг кодта?
▪ Йесо йӕ апостолтыл куыд батыхст?
▪ Цы сарӕзта Петр Йесойы бахъахъхъӕныны тыххӕй, фӕлӕ йын Йесо цы загъта?
▪ Йесо йӕхи тыххӕй Хуыцауы фӕндоныл ӕххӕстӕй разы кӕй у, уый куыд равдыста?
▪ Апостолтӕ Йесойы куы ныууагътой, уӕд ма уым чи баззад ӕмӕ йыл цы ’рцыд?