128 сӕр
Йесо ӕгас у!
СЫЛГОЙМӔГТӔ Йесойы зӕппадз афтидӕй куы баййӕфтой, уӕд Мариа Магдалинаг алыгъд хабар Петр ӕмӕ Иоаннӕн фехъусын кӕнынмӕ. Иннӕ сылгоймӕгтӕ та, ӕвӕццӕгӕн, баззадысты зӕппадзы цур. Гыццыл фӕстӕдӕр сӕм зӕд фӕзынд ӕмӕ сӕ хоны мидӕмӕ.
Уым ма сылгоймӕгтӕ уынынц ӕндӕр зӕды дӕр, ӕмӕ сын зӕдтӕй сӕ иу дзуры: «Ма тӕрсут, уымӕн ӕмӕ зонын, сымах кӕй агурут тыгъд Йесойы; Уый ам нӕй: Уый райгас, куыд загъта афтӕ; бацӕут, фенут бынат, кӕм хуыссыд Хицау, ӕмӕ ацӕут тагъд, зӕгъут Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, Уый мӕрдтӕй кӕй райгас». Ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр тасимӕ ӕмӕ стыр циндзинадимӕ алыгъдысты.
Уӕдмӕ Мариа ссардта Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сын хъусын кӕны: «Ахастой Хицауы зӕппадзӕй, ӕмӕ нӕ зонӕм, кӕм Ӕй цӕвӕрдтой». Дыууӕ апостолы дӕр ӕвиппайды азгъордтой. Иоанн згъоры тагъддӕр — ӕвӕццӕгӕн, уый ӕрыгондӕр у — ӕмӕ фыццаг уый бахӕццӕ зӕппадзмӕ. Уӕдмӕ сылгоймӕгтӕ ацыдысты, ӕмӕ уым хӕстӕг ничиуал ис. Иоанн ӕргуыбыр кодта, зӕппадзмӕ бакаст ӕмӕ дзы федта ӕрмӕстдӕр ӕмбӕрзӕн, фӕлӕ мидӕмӕ нӕ бацыд.
Петр куыддӕр ӕрбахӕццӕ, афтӕ зӕппадзмӕ бахызт. Уый уыны ӕрмӕстдӕр ӕмбӕрзӕн, Йесойы сӕр цы кӕлмӕрзӕнӕй уыд баст, уый та ӕвӕрд уыдис хицӕнӕй тыхтӕй. Уӕд Иоанн дӕр бахызт мидӕмӕ, уым йӕхи цӕстӕй федта, Мариа цы загъта, уый ӕмӕ йын уӕд баууӕндыд йӕ ныхӕстыл. Кӕд сын Йесо бирӕ хӕттыты дзырдта йӕ райгасы тыххӕй, уӕддӕр Петр дӕр ӕмӕ Иоанн дӕр не ’мбарынц, Йесо кӕй райгас. Сӕ дыууӕ дӕр сагъӕсгӕнгӕ аздӕхтысты хӕдзармӕ. Уӕдмӕ Мариа фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ уым баззад.
Уыцы рӕстӕджы иннӕ сылгоймӕгтӕ та тындзынц иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, цӕмӕй сын зӕдтӕ куыд загътой, афтӕ фехъусын кӕной, Йесо кӕй райгас. Фӕндагыл сыл Йесо фембӕлд ӕмӕ сын дзуры: «Цин кӕнут!» Уӕд уыдон йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ йын кад кӕнынц. Ӕмӕ сын Йесо дзуры: «Ма тӕрсут; цӕут, фехъусын кӕнут Мӕ ӕфсымӕртӕн, цӕмӕй ацӕуой Галилеймӕ, ӕмӕ уым Мӕн фендзысты».
Уый размӕ, зӕхх куы нынкъуыст ӕмӕ зӕдтӕ куы фӕзындысты, уӕд зӕппадз хъахъхъӕнджытӕ фыртӕсӕй ризын байдыдтой ӕмӕ сӕ хуыз фӕцыд. Фӕстӕдӕр сӕхимӕ куы ’рцыдысты, уӕд сахармӕ атындзыдтой ӕмӕ хистӕр сауджынтӕн хабар фехъусын кодтой. Уыдон иудейаг «хистӕртимӕ» бауынаффӕ кодтой ӕмӕ аскъуыддзаг кодтой ӕфсӕддонты балхӕнын ӕмӕ афтӕмӕй хъуыддаг басусӕг кӕнын. Бафӕдзӕхстой сӕ: «Зӕгъут, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй ӕрцыдысты ӕхсӕвы, ӕмӕ Йӕ адавтой, мах фынӕй куы уыдыстӕм, уӕд».
Сауджынтӕ зонынц, ромаг ӕфсӕддонтӕ, посты лӕугӕйӕ, куы бафынӕй уой, уӕд сын тас кӕй у мӕлӕты тӕрхонӕй ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ зӕрдӕ бавӕрдтой: «Уыцы кой [кӕй бафынӕй стут] куы байхъуыса хицауиуӕггӕнӕгмӕ, уӕд ӕй мах баууӕндын кӕндзыстӕм ӕмӕ сымах мастӕй аирвӕзын кӕндзыстӕм». Гӕртам гыццыл кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕ сразы сты. Уыйадыл мӕнг хабар, Йесойы буар адавдӕуыд, зӕгъгӕ, иудейты ’хсӕн дардыл апарахат.
Зӕппадзы цур чи баззад, уыцы Мариа Магдалинаг тынг хъынцъым кӕны. Цы фӕуыдаид Йесо? Ӕргуыбыр кодта, зӕппадзмӕ бакаст ӕмӕ уыны диссаг: уыцы дыууӕ зӕды та урс дарӕсты ногӕй фӕзындысты! Уыдонӕй иу бады, Йесойы буар кӕм ӕвӕрд уыд, уым сӕрырдыгӕй, иннӕ та — къӕхтырдыгӕй. «Усай! цӕмӕн кӕуыс ды?» — фӕрсынц ӕй уыдон.
«Ахастой мӕ Хицауы,— дзуапп сын дӕтты Мариа,— ӕмӕ нӕ зонын, кӕм Ӕй бавӕрдтой». Уыцы ныхӕстӕ зӕгъгӕйӕ, Мариа фӕстӕмӕ фӕзылд, ӕмӕ уӕртӕ йӕ разы лӕууы ӕнӕзонгӕ адӕймаг ӕмӕ та йӕм уый дӕр уыцы фарст дӕтты: «Усай! цӕмӕн кӕуыс?» Ӕмӕ ма йӕ фӕрсы: «Кӕй агурыс?»
Мариа ӕнхъӕлы, уый дыргъдонгӕс у, ӕмӕ йын дзуры: «Ӕлдар! кӕд Ӕй ды ахастай, зӕгъ мӕнӕн кӕм Ӕй бавӕрдтай ӕмӕ Йӕ ӕз рахӕссон».
«Мариа!» — дзуры йӕм уый. Зонгӕ хъӕлӕс фехъусгӕйӕ, Мариа уайтагъд базыдта Йесойы. «Раввуни!» (ома «Ахуыргӕнӕг!») — дзуры Мариа ӕмӕ йыл фырцинӕй атыхсынмӕ хъавы. Фӕлӕ йын Йесо дзуры: «Ма баныдзӕв Мӕныл, уымӕн ӕмӕ Ӕз нӕма ссыдтӕн Мӕ Фыдмӕ; фӕлӕ ацу Мӕ ӕфсымӕртӕм ӕмӕ зӕгъ уыдонӕн: цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ сымах Фыдмӕ, ӕмӕ Мӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ сымах Хуыцаумӕ».
Мариа азгъордта, апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм. Ӕмӕ Йесойы райгасы тыххӕй иннӕ сылгоймӕгтӕ цы загътой, уымӕ ма бафтыдта, ныртӕккӕ йӕхӕдӕг цы федта ӕмӕ цы фехъуыста, уый дӕр. Фӕлӕ фыццаг сылгоймӕгты ныхӕстыл чи нӕ баууӕндыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Мариайы ныхӕстыл дӕр не ’ууӕндынц. Матфейы 28:3—15; Маркы 16:5—8; Лукайы 24:4—12; Иоанны 20:2—18.
▪ Зӕппадз афтидӕй куы баййӕфтой, уӕд Мариа Магдалинаг цы сарӕзта ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтыл та цы хабар ӕрцыд?
▪ Петр ӕмӕ Иоанн зӕппадз афтидӕй куы баййӕфтой, уӕд куыд фесты?
▪ Иннӕ сылгоймӕгтӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Йесойы райгасы хабар фехъусын кӕнынмӕ куы тындзыдтой, уӕд сыл фӕндагыл чи фембӕлд?
▪ Хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонтыл цы ’рцыд ӕмӕ уыцы хабар фехъусгӕйӕ, хистӕр сауджынтӕ цы сарӕзтой?
▪ Мариа Магдалинаг зӕппадзы цур иунӕгӕй куы баззад, уӕд цы ’рцыд ӕмӕ цавӕр ахаст ис ахуыргӕнинӕгтӕн сылгоймӕгты хъусинагмӕ?