Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 130 сӕр
  • Галилейы денджызы былыл

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Галилейы денджызы былыл
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Галилейӕйы денджызы былыл
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесо фӕзынд кӕсагахсджытӕм
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Тох кодта йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Йӕ Ахуыргӕнӕгӕй сахуыр хатыр кӕнын
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 130 сӕр

130 сӕр

Галилейы денджызы былыл

ЙЕСОЙЫ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ апостолтӕ фӕстӕмӕ Галилеймӕ аздӕхтысты. Фӕлӕ сӕ цы аразын хъӕуы, уый бӕлвырд нӕ зонынц. Иу афон Петр Фома, Нафанаил, Иаков, Иаковы ӕфсымӕр Иоаннӕн ӕмӕ ӕндӕр дыууӕ апостолӕн дзуры: «[Ӕз] цӕуын кӕсаг ахсынмӕ».

«Цӕуӕм мах дӕр демӕ»,— зӕгъынц ын иннӕ ӕхсӕз апостолы дӕр.

Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтой, фӕлӕ ницы ӕрцахстой. Боныцъӕхты денджызы былыл фӕзынд Йесо, фӕлӕ йӕ апостолтӕ нӕ базыдтой. Уый сӕм хъӕр кӕны: «Сывӕллӕттӕ! исты хӕринаг уӕм ис мыййаг?»

«Нӕй»,— рахъӕр ӕм кодтой донӕй.

«Баппарут уӕ хыз бӕлӕгъы рахизфарс ӕмӕ ӕрцахсдзыстут»,— дзуры сын уый. Ӕмӕ афтӕ куы бакодтой, уӕд кӕсӕгты уӕзӕй хыз сӕ бон нал у раласын.

«Уый Хицау у»,— хъӕрӕй дзуры Иоанн.

Петр уый куы фехъуыста, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс фӕстӕмӕ акодта ӕмӕ йӕхи денджызы баппӕрста. Ӕмӕ иу 90 метры бӕрц ленк кӕны былмӕ. Иннӕ апостолтӕ та, кӕсӕгтӕй дзаг хыз тыххӕй ласгӕйӕ, фӕстейӕ гыццыл бӕлӕгъы ӕрбаленк кӕнынц.

Былмӕ куы рахызтысты, уӕд федтой, арт кӕй судзы ӕмӕ йӕ уӕлӕ кӕй ис кӕсаг ӕмӕ дзул. «Рахӕссут ныр сымах цы кӕсӕгтӕ ӕрцахстат, уыдон»,— дзуры сын Йесо. Петр бӕлӕгъы сбадт ӕмӕ хыз былмӕ раласта. Йӕ мидӕг ис 153 стыр кӕсаджы!

«Рацӕут, сихор бахӕрут»,— хоны сӕ Йесо.

Йӕ ныфс сӕ ничи хӕссы бафӕрсын, «Чи Дӕ Ды?», зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ зонынц, Йесо кӕй у. Йӕ райгасы фӕстӕ ныр фӕзынд ӕвдӕм хатт, ӕртыккаг хатт йӕ апостолты къордмӕ. Йесо сӕ алкӕмӕндӕр дӕтты дзул ӕмӕ кӕсаг.

Куы бахордтой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыцы бирӕ кӕсӕгтӕм кӕсгӕйӕ, Йесо фӕрсы Петры: «Симон Ионӕйы фырт! ды Мӕн уарзыс, уыдонӕй фылдӕр?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕй Йесойы фӕнды зӕгъын: „Цы дын зынаргъдӕр у? кӕсагахсӕджы куыст, ӕви дын Ӕз цы куыст ӕрцӕттӕ кодтон?“

«Ды зоныс, ӕз кӕй уарзын Дӕу»,— дзуапп ын ратта Петр.

«Хиз Мӕ уӕрыччыты»,— дзуры йын Йесо.

Ӕмӕ та йӕ дыккаг хатт фӕрсы: «Симон Ионӕйы фырт! уарзыс ды Мӕн?»

«Афтӕ, Хицау! Ды зоныс, ӕз кӕй уарзын Дӕу»,— зӕрдӕбынӕй дзуапп ратта Петр.

«Хиз Мӕ фысты»,— ногӕй та йын дзуры Йесо.

Ӕмӕ та йӕ ӕртыккаг хатт фӕрсы: «Симон Ионӕйы фырт! уарзыс ды Мӕн?»

Петр ӕрӕнкъард. Ӕвӕццӕгӕн йӕхимидӕг хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, кӕд мыййаг Йесо йӕ иузӕрдиондзинадыл дызӕрдыг кӕны. Уымӕн ӕмӕ ӕрӕджы, тӕрхоны рӕстӕджы Йесойы цард ӕмӕ мӕлӕты фарст куы ӕвзӕрстой, уӕд ыл Петр ӕртӕ хатты бавдисӕн кодта. Уымӕ гӕсгӕ Петр дзуры: «Хицау! Ды ӕппӕтдӕр зоныс; Ды зоныс, ӕз кӕй уарзын Дӕу».

«Хиз Мӕ фысты»,— ӕртыккаг хатт ын бардзырд дӕтты Йесо.

Афтӕмӕй Йесо Петры цӕвиттонӕй иннӕтӕн дӕр ӕмбарын кӕны, цы куыст сӕ кӕнын хъӕуы, уый тынг ахсджиаг кӕй у. Тагъд Йесо зӕххӕй ацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы дзугмӕ чи ӕрбаиу уа, уыдонӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы разамынд кӕной.

Йесойы, йӕ Фыд ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй сбастой ӕмӕ байтыгътой. Ӕмӕ ныр ӕргом дзуры, Петрмӕ дӕр ахӕм фӕлварӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. «Ды ӕрыгон куы уыдтӕ,— дзуры йын Йесо,— уӕд дӕ рон дӕхӕдӕг бастай ӕмӕ цыдтӕ кӕдӕм дӕ фӕндыд, уырдӕм; куы базӕронд уай, уӕд дӕ къухтӕ адаргъ кӕндзынӕ, ӕмӕ дӕ ӕндӕр ӕрбабӕтдзӕн ӕмӕ акӕндзӕн кӕдӕм дӕ нӕ фӕнды, уырдӕм». Ӕмӕ кӕд Петрмӕ хъизӕмайраг мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕддӕр ӕй Йесо разӕнгард кӕны: «Цу Мӕ фӕдыл».

Фӕстӕмӕ акӕсгӕйӕ, Петр уыны Иоанны ӕмӕ фӕрсы: «Хицау! уый та цы?»

«Кӕд Мӕн фӕнды, цӕмӕй уый баззайа, цалынмӕ ӕрцӕуон,— дзуапп ын дӕтты Йесо,— уӕд цы хъуыддаг ис дӕу? ды цу Мӕ фӕдыл». Ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ уыцы ныхӕстӕ афтӕ бамбӕрстой, ома Иоанн никуы амӕлдзӕн. Фӕлӕ апостол Иоанн фӕстӕдӕр куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Йесо нӕ загъта, зӕгъгӕ, никуы амӕлдзӕн, фӕлӕ: «Кӕд Мӕн фӕнды, цӕмӕй уый баззайа, цалынмӕ ӕрцӕуон, дӕу цы хъуыддаг ис?»

Фӕстӕдӕр Иоанн скодта ноджы иу ахсджиаг хатдзӕг: «Бирӕ ӕндӕртӕ [«хъуыддӕгтӕ», НФ] дӕр ма скодта Йесо: фӕлӕ уыдон бӕлвырд фысгӕйӕ ӕнхъӕл дӕн, дунейӕн йӕхи мидӕг дӕр нӕ бацӕуиккой уыцы фыст чингуытӕ». Иоанны 21:1—25; Матфейы 26:32; 28:7, 10.

▪ Галилеймӕ ацӕугӕйӕ, апостолтӕ, цы сӕ хъуыд аразын, уый бӕлвырдӕй кӕй нӕ зыдтой, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

▪ Апостолтӕ Йесойы Галилейы денджызы былыл цӕмӕй базыдтой?

▪ Цал хатты фӕзынд Йесо йӕ райгасы фӕстӕ?

▪ Йесо йӕ апостолтӕн куыд равдыста, цы куыст хъуамӕ кӕной, уый?

▪ Петр куыд амӕлдзӕн, уый Йесо куыд равдыста?

▪ Йесо Иоанны тыххӕй цы загъта, уымӕй ахуыргӕнинӕгтӕ раст цы нӕ бамбӕрстой?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын