131 сӕр
Фӕстаг фӕзындтӕ ӕмӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон
ИУ АФОН Йесо йӕ 11 апостолимӕ баныхас кодта, Галилейы хохыл кӕй фембӕлдзысты. Ӕвӕццӕгӕн, иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр загътой уыцы фембӕлды тыххӕй, ӕмӕ ӕдӕппӕт ӕрӕмбырд 500 адӕймагӕй фылдӕр. Ӕвӕдза, цӕй амондджын сты, чи ӕрӕмбырд, уыдон, Йесо куы фӕзынд ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын куы райдыдта!
Йесо сын ӕмбарын кӕны, Хуыцау ын уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕппӕт бартӕ йӕ къухтӕм кӕй ратта. «Уӕдӕ, ацӕут,— разӕнгард сӕ кӕны,— сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн».
Ахъуыды ма кӕн! Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — иуылдӕр райстой ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хӕслӕвӕрд. Ныхмӕлӕуджытӕ архайдзысты сӕ уацамынд ӕмӕ сӕ ахуыр кӕныны хъуыддаг къуылымпы кӕныныл, фӕлӕ сӕ Йесо фидар кӕны: «Ӕмӕ мӕнӕ, Ӕз сымахимӕ ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ». Йесо сыгъдӕг уды уылты йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ лӕггаддзинады кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый нысан кӕндзӕн, семӕ кӕй ис.
Йӕ райгасы фӕстӕ 40 боны дӕргъы Йесо фӕзыны йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын дзуры Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, бӕстон сын ӕмбарын кӕны, куыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, афтӕ сыл цы хӕстӕ ис, уый. Иухатт та фӕзынд, ӕрмӕстдӕр мадӕй кӕимӕ уыдысты иу ӕмӕ йыл уӕдмӕ чи не ’ууӕндыд, уыцы ӕфсымӕр Иаковмӕ, ӕмӕ уый фӕрцы Иаков баууӕндыд, Йесо ӕцӕгдӕр Чырысти кӕй у.
Апостолтӕ нырма сты Галилейы. Ам сын Йесо дзуры, цӕмӕй Иерусалиммӕ аздӕхой. Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд та сыл Йесо фембӕлд ӕмӕ сын дзуры: «Ма ацӕут Иерусалимӕй, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, Фыдӕй зӕрдӕвӕрдмӕ, сымах Мӕнӕй цы фехъуыстат, уымӕ; уымӕн ӕмӕ Иоанн аргъуыдта донӕй, фӕлӕ сымах та иу цалдӕр боны фӕстӕ уыдзыстут аргъуыд Сыгъдӕг Удӕй».
Фӕстӕдӕр Йесо ногӕй фембӕлд йӕ апостолтимӕ ӕмӕ сӕ сахарӕй ракодта, Елеоны хохы скӕсӕнфарс чи уыд, уыцы хъӕу Вифанийы онг. Ӕвӕдза, диссаг куыннӕ у! Кӕд сын Йесо бирӕ хӕттыты загъта, тагъд уӕларвмӕ кӕй ацӕудзӕн, уӕддӕр ма афтӕ ӕнхъӕлынц, йӕ Паддзахад зӕххыл кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фӕрсынц: «Хицау, ацы рӕстӕджы нӕ аразыс Ды Израилы паддзахад?»
Йесо сын сӕ цӕстӕнгас раст кӕныныл нӕ архайы, фӕлӕ сын комкоммӕ дзуры: «Сымах хъуыддаг нӕу рӕстӕджытӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ зонын, кӕцыты Фыд сӕвӕрдта Йӕхи хицауады». Ӕмӕ та сын ногӕй дзуры, цы куыст хъуамӕ кӕной, уый тыххӕй: «Сымах райсдзыстут тых, Сыгъдӕг Уд уыл куы ӕрцӕуа, ӕмӕ уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы ӕмӕ ӕппӕт Иудейы ӕмӕ Самарийы ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ».
Апостолтӕ лӕмбынӕг куыд кӕсынц сӕ Ахуыргӕнӕгмӕ, афтӕ Йесо зӕххӕй фӕхицӕн ӕмӕ уӕлӕмӕ цӕуын райдыдта, стӕй мигъы аууон фӕци ӕмӕ йӕ нал уыдтой. Уыйадыл Йесо йӕ зӕххон буар фӕивта ӕмӕ уӕларвмӕ духовон гоймагӕй ссыд. 11 апостолы ма дисгӕнгӕ уӕлӕмӕ куыд кӕсынц, афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы сӕ цуры февзӕрд дыууӕ лӕджы урс дарӕсты ӕмӕ сын дзурынц: «Галилейаг лӕгтӕ! цы лӕуут сымах ӕмӕ кӕсут арвмӕ? Ацы Йесо, сымахӕй арвмӕ Чи ацыд, сымах куыд федтат Уый арвмӕ ацӕугӕ, афтӕ фӕстӕмӕ ӕрцӕудзӕн».
Гыццыл раздӕр Йесо ацыд зӕххӕй, дуне йӕ зонгӕ дӕр нӕ бакодта, афтӕмӕй. Федтой йӕ ӕрмӕстдӕр йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ. Уӕдӕ фӕстӕмӕ дӕр ахӕм хуызы ӕрыздӕхдзӕн — дуне йын нӕ базондзӕн йе ’рцыд. Ӕрмӕстдӕр йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ бамбардзысты, кӕй ӕрыздӕхт ӕмӕ куыд Паддзах, афтӕ се ’хсӕн кӕй ис.
Апостолтӕ ӕрцыдысты Елеоны хохӕй ӕмӕ Кедроны комыл фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ бацыдысты. Ӕмӕ ам Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Дӕс боны фӕстӕ, иудейты бӕрӕгбон н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон 120 ахуыргӕнинаджы ӕрӕмбырд сты Иерусалимы уӕллаг уаты ӕмӕ раст цыма тыхджын дымгӕ сыстад, уыйау ӕвиппайды хӕдзар уынӕрӕй байдзаг. Стӕй фӕзындысты ӕртхуыз ӕвзӕгтӕ, алкӕй сӕрмӕ дӕр дзы иу ӕрӕнцад ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕтдӕр дзурын райдыдтой алыхуызон ӕвзӕгтыл. Уый, Йесо зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сыгъдӕг уд ӕрцыд ахуыргӕнинӕгтыл! Матфейы 28:16—20; Лукайы 24:49—52; 1 Коринфӕгтӕм 15:5—7; Куыстытӕ 1:3—15; 2:1—4.
▪ Галилейы хохыл Йесо фӕстаг амындтӕ кӕмӕн ратта ӕмӕ цавӕртӕ сты уыцы амындтӕ?
▪ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд бафидар кодта ӕмӕ семӕ куыд уыдзӕн?
▪ Йӕ райгасы фӕстӕ Йесо цас рӕстӕджы дӕргъы зынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сӕ цӕуыл ахуыр кодта?
▪ Йесойы мӕлӕты размӕ йӕ ахуыргӕнинаг чи нӕма уыд ӕмӕ Йесо кӕмӕ фӕзынд, уыцы адӕймаг чи уыд?
▪ Цавӕр дыууӕ фӕстаг фембӕлды уыд Йесойӕн йӕ апостолтимӕ ӕмӕ уыцы фембӕлдты рӕстӕджы цы хабӕрттӕ ӕрцыд?
▪ Куыд ӕмбарын хъӕуы, Йесо цӕугӕ куыд акодта, фӕстӕмӕ дӕр афтӕ кӕй ӕрыздӕхдзӕн?
▪ Цы ’рцыд н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон?