132 сӕр
Хуыцауы рахизварс
ФӔНДЗАЙӔМ бон ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд кӕй ӕрцыд, уый дзурӕг у, Йесо фӕстӕмӕ уӕларвмӕ кӕй аздӕхт. Уымӕн ма бӕлвырдгӕнӕн у, цасдӕры фӕстӕ ахуыргӕнинаг Стефан цы цӕстылуайӕн федта, уый дӕр. Цалынмӕ Стефаны йӕ раст ӕвдисӕнады тыххӕй дуртӕй нӕ амардтой, уӕдмӕ уый загъта: «Мӕнӕ ӕз уынын уӕлӕрвтӕ гомӕй ӕмӕ Адӕймаджы Фырты, Хуыцауы рахизварс лӕугӕйӕ».
Йесо ис Хуыцауы рахизварс ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы йӕ Фыды бардзырдмӕ: «Хицауиуӕг кӕн Дӕ знӕгты ’хсӕн». Фӕлӕ цалынмӕ йе знӕгты ныхмӕ раста, уӕдмӕ та цы ми кӕны Йесо? Уый къухдариуӕг кӕны кӕнӕ хицауиуӕг кӕны сыгъдӕг удӕй сӕрст ахуыргӕнинӕгтыл, уацамынды сын разамынд дӕтты ӕмӕ сӕ цӕттӕ кӕны, цӕмӕй райгасдзинады фӕрцы йӕ Фыды Паддзахады йемӕ паддзахиуӕг кӕной.
Цӕвиттон, Йесо равзӕрста Савлы (фӕстӕдӕр ӕй зыдтой йӕ ромаг ном Павелӕй), цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕты ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны куыстӕн бындур ӕрӕвӕра. Савл тынг ӕнувыд у Хуыцауы Закъоныл, фӕлӕ йӕ иудейты дины разамонджытӕ ӕнӕраст фӕндагыл бафтыдтой. Уымӕ гӕсгӕ Савл канд Стефаны амарыныл нӕ уыд разы, фӕлӕ ма Дамаскмӕ дӕр араст, цӕмӕй хистӕр сауджын Кайафӕйы барлӕвӕрдӕй уым Йесойӕн нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй цыдӕриддӕр фӕдылдзӕуджытӕ ис, уыдон ӕрцахса ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕркӕна. Фӕлӕ фӕндагыл ӕвиппайды йӕ алыварс бӕстӕ ныррухс ӕмӕ йӕ цӕстытӕ атар сты ӕмӕ зӕххыл ӕрхауд.
«Савл, Савл! ды цӕмӕн сурыс Мӕн?» — фӕрсы йӕ, кӕй нӕ уыны, ахӕм чидӕр. «Чи Дӕ, Хицау?» — фӕрсы йӕ Савл.
«Ӕз Дӕн, ды кӕй сурыс, Уыцы Йесо»,— райхъуыст дзуапп.
Уыцы ӕнахуыр рухсӕй чи бакуырм, уыцы Савлӕн Йесо фӕдзӕхсы, цӕмӕй Дамаскмӕ ацӕуа ӕмӕ уым разамындмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕса. Уый фӕстӕ Йесо цӕстылуайӕны фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ иумӕ, Ананимӕ, ӕмӕ йын Савлы тыххӕй дзуры: «Уый у мӕ ӕвзӕрст мигӕнӕн, цӕмӕй хъусын кӕна Мӕ ном адӕмты ӕмӕ паддзӕхты, ӕмӕ Израилы фыртты раз».
Йесойы ӕххуысӕй Савл (ныр зындгонд у Павелӕй) ӕмӕ иннӕ хъусынгӕнджытӕн уацамынды ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы уыд тынг хорз ӕнтыстытӕ. Уӕвгӕ диссаг куыннӕ у, Дамаскмӕ фӕндагыл Йесо Павелмӕ куы фӕзынд, уӕдӕй 25 азы фӕстӕ Павел кӕй ныффыста, зӕгъгӕ, хорз уацхъуыд «хъуыстгонд ӕрцыд арвы бын ӕппӕт скӕндтытӕн».
Бирӕ азты фӕстӕ Йесо йӕ уарзон апостол Иоаннӕн ратта цалдӕр цӕстылуайӕны ӕмӕ сӕ Иоанн ныффыста Раргомады чиныджы. Уыцы цӕстылуайӕнты фӕрцы Иоанн йӕ удӕгасӕй федта, Йесо кӕй ӕрыздӕхт Паддзахы бартимӕ. Иоанн дзуры, зӕгъгӕ, сыгъдӕг удӕй хаст ӕрцыд фидӕнмӕ, «райгасы [«Хицауы», НД] бонмӕ». Цы у уыцы «бон»?
Библийы пехуымпарӕдтӕ, уыимӕ фӕстаг бонты тыххӕй Йесойӕн йӕхи пехуымпарӕдтӕ дӕр, лӕмбынӕг раиртасгӕйӕ, рабӕрӕг, «Хицауы бон» кӕй райдыдта 1914 азы, адӕймагады историйы тынг ахсджиаг азы. Уӕдӕ 1914 азы Йесо ӕрыздӕхт ӕнӕуынгӕ хуызы, дуне йӕ нӕ базыдта, афтӕмӕй. Кӕй ӕрыздӕхт, уый бамбӕрстой ӕрмӕстдӕр йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ. Уыцы аз Иегъовӕ Йесойӕн ратта йе знӕгтыл хицауиуӕг кӕныны бардзырд!
Йӕ Фыды бардзырд ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йесо Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты зӕхмӕ ӕрӕппӕрста ӕмӕ афтӕмӕй уӕлӕрвтӕ ссыгъдӕг кодта. Иоанн уыцы цӕстылуайӕн куы федта, уӕд ӕм уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Ныр райдыдта ирвӕзындзинад ӕмӕ тых, ӕмӕ нӕ Хуыцауы паддзахад ӕмӕ Йӕ Чырыстийы хицауад». О, 1914 азы Чырысти сси Паддзах!
Диссаджы уацхъуыд, Иегъовӕйӕн уӕларвыл чи лӕггад кӕны, уыдонӕн! Растдӕр уыдонмӕ хауы ацы сидт: «Цин кӕнут, ӕрвтӕ ӕмӕ уыдоныл цӕрджытӕ!» Фӕлӕ зӕххыл цӕрджытӕ та цы уавӕры сты? «Зындзинад зӕххыл ӕмӕ денджызы цӕрджытӕн,— дзуры дарддӕр хъӕлӕс уӕларвӕй,— уымӕн ӕмӕ сымахмӕ ныццыд хӕйрӕг тыхджын тызмӕгӕй, зонгӕйӕ бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад!»
Мах цӕрӕм уыцы цыбыр рӕстӕджы. Абон адӕмӕн сӕ бон у равзарын: Хуыцауы ног дунемӕ бацӕуын кӕнӕ куынӕггонд ӕрцӕуын. Дӕ фидӕн кӕнгӕ у дӕхицӕй, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, абон Чырыстийы разамындӕй ӕппӕт дунейы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хорз уацхъуыд цӕуы хъуыстгонд, уымӕ дын цавӕр ахаст ис, уымӕй.
Уый фӕстӕ Хуыцауы минӕвар Йесо Чырысти зӕхх ссӕрибар кӕндзӕн Сайтаны цардыуагон системӕйӕ ӕмӕ йӕ фарс чи лӕууы, ӕппӕт уыдонӕй. Библи Армаггедон кӕй хоны, уыцы хӕсты Йесо кӕрон скӕндзӕн фыддзинадӕн. Уый фӕстӕ Йесо — Иегъовӕйы фӕстӕ дун-дунейы ӕппӕты номдзыддӕр Гоймаг — Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты ӕрцахсдзӕн ӕмӕ сӕ мин азмӕ бакӕндзӕн «ӕнӕбын арфы», ома мӕлӕты хуызӕн ӕнӕархайд уавӕры. Куыстытӕ 7:55—60; 8:1—3; 9:1—19; 16:6—10; Псалом 109:1, 2; Дзуттытӕм 10:12, 13; 1 Петры 3:22; Лукайы 22:28—30; Колоссӕгтӕм 1:13, 23; Раргомад 1:1, 10; 12:7—12; 16:14—16; 20:1—3; Матфейы 24:14.
▪ Йесо уӕларвмӕ куы ацыд, уӕд кӕм уыд ӕмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст?
▪ Уӕларвмӕ ссӕугӕйӕ, Йесо кӕуыл райдыдта хицауиуӕг кӕнын ӕмӕ куыд?
▪ Кӕд райдыдта «Хицауы бон» ӕмӕ уыцы боны райдианы цы ’рцыд?
▪ Абон цы уацамындон куыст цӕуы уагъд, уый нӕ алкӕуылдӕр куыд ӕндавы?
▪ Уацамындон куыст куы фӕуа, уӕд цавӕр цаутӕ ӕрцӕудзӕн?