133 сӕр
Йесо кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы фӕндон
ЦӔЙ амондджын рӕстӕг уыдзӕн, хӕцӕг Паддзах Йесо Чырысти Сайтаны дӕр ӕмӕ йӕ ӕнӕраст дуне дӕр куы скуынӕг кӕна! Уӕд райдайдзӕн Йесойы фӕрнджын миназон хицауиуӕгад!
Армагеддоны удӕгасӕй чи баззайа, уыдон Йесо ӕмӕ йе ’мпаддзӕхты разамындӕй ӕфснайдзысты, уыцы рӕстаг хӕсты фӕстӕ цы хӕлддзӕгтӕ баззайдзӕн, уыдон. Ӕвӕццӕгӕн, цасдӕр рӕстӕг уыцы адӕм зӕнӕг дӕр кӕндзысты, ӕмӕ сӕ цот дӕр исдзысты хайад зӕхх парчы хуызӕн алӕмӕттаг дзӕнӕт скӕныны хъуыддаджы.
Йӕ рӕстӕджы Йесо ингӕнтӕй сыстын кӕндзӕн, банымайӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм бирӕ адӕмы, цӕмӕй уыдон дӕр цӕрой Дзӕнӕты зӕххыл. Уымӕй Йесо сӕххӕст кӕндзӕн йӕ зӕрдӕвӕрд: «Ӕрцӕуы афон, кӕцыйы, ингӕнты чи сты, уыдон сеппӕтдӕр... райгас уыдзысты» (НФ).
Йесо ма райгас кӕндзӕн, хъизӕмары цӕджындзыл йӕ фарсмӕ цы фыдгӕнӕг амард, уый дӕр. Хъуыды ма кӕныс, Йесо йын зӕрдӕ кӕй бавӕрдта: «Ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн абон: уыдзынӕ Мемӕ дзӕнӕты» (НД). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы адӕймаг уӕларвмӕ Йесоимӕ паддзахиуӕг кӕнынмӕ ист не ’рцӕудзӕн. Уӕдӕ Йесо дӕр ногӕй адӕймаг нал суыдзӕн ӕмӕ зӕххыл Дзӕнӕты йемӕ нӕ цӕрдзӕн. Фӕлӕ Йесо раздӕры фыдгӕнӕгимӕ уыцы хуызы уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Дзӕнӕты зӕххыл цардмӕ райгас кӕндзӕн. Стӕй канд уый нӕ, фӕлӕ иннӕ фарсыл куыд ӕвдыст у, афтӕ йыл ауддзӕн куыд физикон ӕгъдауӕй, афтӕ духовон ӕгъдауӕй дӕр.
Ахъуыды ма кӕн! Йесойы уарзӕгой разамындӕй ӕппӕт адӕм — Армагеддоны удӕгасӕй чи баззайа, уыдон, сӕ цот ӕмӕ Чырыстийы коммӕ чи кӕсдзӕн, уыцы мингай милуан райгасуӕвджытӕ — цадӕггай ӕрцӕудзысты ӕххӕстдзинадмӕ. Иегъовӕ йӕ Фырт, Паддзах Йесо Чырыстийы уылты духовон ӕгъдауӕй уыдзӕн адӕмимӕ. «Ӕмӕ,— дзуры, Иоанн уӕларвӕй кӕй хъӕлӕс фехъуыста, уый,— ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта». Зӕххыл цӕрджытӕй зындзинад ничиуал фендзӕн ӕмӕ низ цы у, уый ничиуал зондзӕн.
Йесойы миназон хицауиуӕгады кӕронмӕ уавӕр уыдзӕн, Хуыцау зӕххыл фыццаг лӕг ӕмӕ ус Адам ӕмӕ Евӕйӕн зӕнӕг кӕнын ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕныны хӕслӕвӕрд куы ратта, уӕд ӕй куыд фӕндыд, растдӕр афтӕ. О, зӕхх байдзаг уыдзӕн рӕстаг ӕмӕ ӕххӕст адӕмӕй. Уый ӕнӕмӕнг афтӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Йесойы ӕлхӕнӕг нывонд пайда ӕрхӕсдзӕн алкӕмӕндӕр. Адамы тӕригъӕды фиддон — мӕлӕт — нал уыдзӕн!
Афтӕмӕй Йесо кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн Иегъовӕйы фӕндон. Ӕмӕ мин азы фӕстӕ Паддзахад ӕмӕ ӕххӕст адӕмы фӕстӕмӕ ратдзӕн йӕ Фыдмӕ. Уый фӕстӕ Хуыцау Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты ссӕрибар кӕндзӕн мӕлӕты хуызӕн ӕнӕархайд уавӕрӕй — ӕнӕбын арфӕй. Цӕмӕн?
Миназы фӕудмӕ Дзӕнӕты зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдзысты, сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд кӕмӕн никуы ма уыд, уыцы райгасуӕвджытӕ. Сӕ мӕлӕты размӕ уыдон нӕ зыдтой Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ нӕ уыд, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ сӕ уырнынц ӕви нӕ, уый равдисыны фадат дӕр. Дзӕнӕты зӕххыл куы райгас уой ӕмӕ Библийы ӕцӕгад куы базоной, уӕд та сын ӕнцон уыдзӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, уымӕн ӕмӕ сӕ ничи хъыгдардзӕн. Фӕлӕ, зӕгъӕм, Сайтанӕн лӕвӕрд ӕрцыд уыцы адӕмы уырнындзинад бафӕлварыны фадат. Цымӕ уӕд иузӕрдионӕй баззаиккой? Ацы фарст аскъуыддзаг кӕнынӕн Хуыцау суӕгъд кӕндзӕн Сайтаны.
Иоаннӕн лӕвӕрд раргомад куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Йесойы миназон хицауиуӕгады фӕстӕ Сайтанӕн бантысдзӕн цасдӕр адӕмы Хуыцауӕй аиуварс кӕнын. Фӕлӕ фӕстаг фӕлварӕн куы фӕуа, уӕд Сайтан, йӕ хӕйрӕджытӕ ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи ацӕуа, уыдон се ’ппӕтдӕр ӕнустӕм куынӕггонд ӕрцӕудзысты. Ӕгасӕй чи баззайа, уыцы кӕронмӕ фӕлвӕрд иузӕрдион адӕм та дарддӕр дӕр цӕрдзысты ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнустӕм циндзинад исдзысты сӕ уӕларвон Фыды арфӕдзинӕдтӕй.
Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесойӕн кӕй уыдис ӕмӕ дарддӕр дӕр кӕй уыдзӕн стыр ахадындзинад Хуыцауы диссаджы фӕндӕтты. Ахъуыды ма кӕн, Хуыцауы нысангонд номдзыд уӕларвон Паддзах уӕвгӕйӕ, Йесо цы хъуыддӕгтӕ аразы, уый фӕрцы нӕм цӕй диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Фӕлӕ зӕххыл адӕймагӕй куы цард, уӕд цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыдонӕн дӕр нӕй ферохгӕнӕн.
Йесо ӕнӕзивӕгӕй ӕрцыд зӕхмӕ ӕмӕ нӕ йӕ Фыдимӕ базонгӕ кодта. Уый ӕддейӕ нын йӕ цард ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй равдыста Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ. Йӕ диссаджы лӕджыхъӕд ӕмӕ удфидардзинад, куырыхон зонд, йӕ ӕнахуыр арӕхстдзинад куыд ахуыргӕнӕг, йӕ барджын разамынд, йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ йӕ диссаджы ӕмбаргӕдзинад нын агайынц нӕ зӕрдӕтӕ. Мах сӕрвӕлтау йӕ цард ратгӕйӕ куыд хъизӕмар кодта, уый куы ӕрхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг вӕййынц бузныгдзинадӕй!
Уӕвгӕ цӕй диссаджы адӕймагимӕ базонгӕ стӕм, Йесойы цард ахуыргӕнгӕйӕ! Уый у ӕцӕг номдзыд адӕймаг. Йӕ зӕххон цардыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, нӕ хъусты зӕлынц ромаг хицауиуӕггӕнӕг Понтий Пилаты ныхӕстӕ: «Мӕнӕ Адӕймаг!» О, уый у «Адӕймаг» — ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг!
Йӕ ӕлхӕнӕг нывондыл ын кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы махӕй ист ӕрцӕудзӕн, Адамӕй нӕ туджы цы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уаргъ рахастам, уый ӕмӕ уӕд Йесо суыдзӕн нӕ фыд, «Ӕнусон Фыд». Ӕнусон цард райсын кӕй фӕнды, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ базонгӕ уа канд Хуыцауимӕ нӕ, фӕлӕ ма йӕ Фырт Йесо Чырыстийымӕ дӕр. Цӕй уӕдӕ, ацы чиныг кӕсгӕйӕ ӕмӕ ахуыргӕнгӕйӕ, дӕ къухы бафтӕд уыцы царддӕттӕг базонынад! 1 Иоанны 2:17; 1:7; Иоанны 5:28, 29; 3:16; 17:3; 19:5; Лукайы 23:43; Уӕвынад 1:28; 1 Коринфӕгтӕм 15:24—28; Раргомад 20:1—3, 6—10; 21:3, 4; Исай 9:6, НД.
▪ Армагеддоны удӕгасӕй чи баззайа, уыдонӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн цавӕр диссаджы кадджын бар уыдзӕн?
▪ Армагеддоны удӕгасӕй чи баззайдзӕн, уыцы адӕм ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕй дарддӕр ма Дзӕнӕты чи цӕрдзӕн ӕмӕ Йесо семӕ цы хуызы уыдзӕн?
▪ Миназы фӕуды зӕххыл уавӕр цыхуызӕн уыдзӕн ӕмӕ уӕд Йесо цы сараздзӕн?
▪ Сайтан ӕнӕбын арфӕй цӕй тыххӕй ӕрцӕудзӕн сӕрибаргонд ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, йӕхиуыл ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи ацӕуа, уыдоныл цы ’рцӕудзӕн?
▪ Куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй Йесо суа нӕ «Ӕнусон Фыд»?