Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • T-19 2–6 фф.
  • Ацы дуне фервӕздзӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ацы дуне фервӕздзӕн?
  • Ацы дуне фервӕздзӕн?
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иу дунейы кӕрон — иннӕйы райдиан
  • Ацы дунейы фидӕн
  • «Нысан»
  • Рагон дуне доны бын фӕци. Искуы ма ахӕм хабар уыдзӕн?
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Абон уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ уӕм цырддзаст
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг у?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
Ацы дуне фервӕздзӕн?
T-19 2–6 фф.

Ацы дуне фервӕздзӕн?

Иу фӕлтӕр дӕр нӕ фехъуыста уыйбӕрц дунейы кӕроны тыххӕй. Бирӕтӕ тӕрсынц, дуне ядерон бӕллӕхӕй куы фесӕфа, уымӕй. Иннӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕлдӕф ӕмӕ ӕрдз кӕй счъизи сты, уый ӕркӕна дунейы сӕфтмӕ. Иуӕй-иутӕ та тыхсынц, экономикон хӕццӕдзинад адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ куы скӕна, уымӕй.

Гӕнӕн ис ацы дунейӕн ӕцӕгдӕр йӕ кӕрон ӕрцӕуа? Кӕд о, уӕд уый цы нысан кӕны? Искуы ма дунейӕн ӕрцыд йӕ кӕрон?

Иу дунейы кӕрон — иннӕйы райдиан

О, кӕддӕр иу дунейӕн ӕрцыд йӕ кӕрон. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, Нойы рӕстӕджы дуне куыннӕггонд куыд ӕрцыд, уый. Библи нын ӕмбарын кӕны: «Уӕды дуне фесӕфт фӕдӕлдон уӕвгӕйӕ». Библи ма ноджыдӕр дзуры: «[Хуыцау] фыццаг дунейӕн нӕ бахатыр кодта, фӕлӕ аст удгоймагӕй бахъахъхъӕдта рӕстдзинад хъусынгӕнӕг Нойы бинонты, куы рауагъта ӕнӕраст дунейыл донӕй хъаймӕт» (2 Петры 2:5; 3:6).

Банысан кӕнын хъӕуы, уыцы дунейы кӕрон цы нысан кодта ӕмӕ цы нӕ нысан кодта, уый. Уый нӕ нысан кодта адӕймагады кӕрон. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕппӕтдунеон доны хъаймӕты баззадысты удӕгасӕй. Баззадысты ма зӕхх ӕмӕ ирд, стъалытӕй дзаг арв дӕр. Фесӕфт ӕрмӕстдӕр «ӕнӕраст дуне», фыдцардыуагон системӕ.

Ӕппынфӕстаг, Нойы байзӕддӕгтӕ куы сбирӕ сты, уӕд фӕзынд ӕндӕр дуне. Уыцы дыккаг дуне, кӕнӕ цардыуагон системӕ, ис абоны онг дӕр. Йӕ райдианӕй нырмӕ дзы хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ ӕмӕ тыхмийӕ йедтӕмӕ ницы ис. Ацы дунейыл та цы ’рцӕудзӕн? Цымӕ фервӕздзӕн?

Ацы дунейы фидӕн

Библийы Нойы рӕстӕджы дунейы сӕфты кой кӕм цӕуы, уым дарддӕр дзырдӕуы: «Ныры ӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх та, уыцы Дзырдӕй конд уӕвгӕйӕ, хъахъхъӕд цӕуынц артӕн» (2 Петры 3:7). Растдӕр, Библийы фысджытӕй иу куыд дзуры, афтӕ: «[Абоны] дуне дӕр фӕивгъуыйы» (1 Иоанны 2:17).

Ацы ныхӕстӕй Библи комкоммӕ нӕ дзуры, зӕгъгӕ, зӕхх ӕмӕ арв аивгъуыйдзысты, Нойы рӕстӕджы куыд нӕ аивгъуыдтой, афтӕ (Псалом 103:5). Фӕлӕ ацы дуне йӕ «ӕрвтимӕ» — Сайтаны ӕндӕвдадӕй чи архайы, уыцы паддзахадон разамонджытимӕ, ӕмӕ йӕ «зӕххимӕ» — адӕймагадон ӕхсӕнадимӕ — фесӕфдзӕн артӕй (Иоанны 14:30; 2 Коринфӕгтӕм 4:4). Ацы дуне, кӕнӕ цардыуагон системӕ, фесӕфдзӕн, уӕды дуне доны хъаймӕты куыд фесӕфт, афтӕ. Йесо Чырысти, ацы дунейы кӕроны размӕ цы уавӕр хъуамӕ уыдаид, ууыл куы дзырдта, уӕд уый дӕр цӕвиттонӕн ӕрхаста, «Нойы бонты» цы уавӕр уыд, уый (Матфейы 24:37—39).

Бафиппайын хъӕуы, Йесо Нойы бонты тыххӕй цы загъта, уымӕй дзуапп ратта йӕ ахуыргӕнинӕгты фарстӕн: «Цы нысан ис дӕу ӕрцӕуынӕн ӕмӕ ӕнусы [«дунейы», НТ] кӕронӕн?» (Матфейы 24:3). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ зыдтой, ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Цымӕ сӕ уый тасы ӕфтыдта?

Дунейы кӕроны размӕ цы цаутӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд сӕ сразӕнгард кодта цин кӕнынмӕ, «уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг... [сӕ] ирвӕзындзинад» (Лукайы 21:28). О, ирвӕзындзинад Сайтан ӕмӕ йӕ фыдцардыуагон системӕйӕ ӕмӕ уый фӕстӕ цард сабыр ног дунейы! (2 Петры 3:13).

Фӕлӕ кӕд уыдзӕн ацы дунейы кӕрон? Йесо йӕ «ӕрцӕуынӕн ӕмӕ дунейы кӕронӕн» цавӕр «нысан» ратта?

«Нысан»

Грекъаг дзырд паруси́я, ам тӕлмац у «ӕрцӕуын»-ӕй, нысан кӕны «дӕ цуры кӕнӕ дӕ разы кӕнӕ дӕ фарсмӕ искуы ис», йе та ӕцӕгдӕр ис. Уӕдӕ «нысан» бӕрӕг куы уа, уӕд уый нӕ нысан кӕндзӕн, Чырысти тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ кӕй ӕрыздӕхт ӕмӕ кӕй ис. Уый нысан кӕндзӕн, Йесо ӕнӕуынгӕ хуызы уӕларвон паддзахӕй хицауиуӕг кӕнын кӕй райдыдта ӕмӕ тагъд рӕстӕджы йе знӕгты кӕй скуынӕг кӕндзӕн (Раргомад 12:7—12; Псалом 109:1, 2).

Йесо «нысанӕн» иу цау не ’рхаста. Уый афыста бирӕ дунеон цаутӕ ӕмӕ уавӕртӕ. Уыдон иууылдӕр хъуамӕ ӕрцыдаиккой, Библийы фысджытӕ «фӕстаг бонтӕ» кӕй схуыдтой, уыцы рӕстӕджы (2 Тимофеймӕ 3:1—5; 2 Петры 3:3, 4). Ӕркӕсӕм, Йесойы рагзагъдмӕ гӕсгӕ «фӕстаг бонтӕ» цы цаутӕй бӕрӕг уыдзысты, уыдонӕй иуӕй-иутӕм.

«Сыстдзысты адӕм адӕмыл ӕмӕ паддзахад паддзахадыл» (Матфейы 24:7). Зӕххыл цыдӕриддӕр хӕстытӕ уыд, уыдонимӕ абаргӕйӕ нӕ дуджы хӕстытӕ сты ӕппӕты стырдӕр. Иу историк бафиппайдта: «Фыццаг дунеон хӕст [райдыдта 1914 азы] уыд фыццаг „тоталон“ хӕст (хӕцӕнгарзы ӕппӕт хуызтӕй дӕр кӕм спайда кодтой, ахӕм хӕст)». Фӕлӕ Дыккаг дунеон хӕст та уыд ноджы куынӕггӕнӕгдӕр. Хӕстытӕ дарддӕр дӕр зӕхх сафынц. Йесойы ныхӕстӕ сӕххӕст сты!

«Уыдзӕн ӕххормаг рӕстӕджытӕ» (Матфейы 24:7). Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ уыд, ӕвӕццӕгӕн, историйы ӕппӕты стырдӕр ӕххормагдзинад. Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ дӕр уыд стыр ӕххормагдзинад. Зӕххы цӕрджыты фӕндзӕм хайӕн хӕринаг нӕ фаг кӕны, ӕмӕ уый аххосӕй алы аз дӕр амӕлы 14 милуан сывӕллоны. Ӕцӕгдӕр, «ӕххормаг рӕстӕджытӕ»!

«Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ» (Лукайы 21:11). 1914 азӕй фӕстӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕй алы аз, иннӕ ӕнустимӕ абаргӕйӕ, рӕстӕмбис нымадӕй амӕлы дӕс хатты фылдӕр адӕм. Мӕнӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр стыр зӕххӕнкъуысты: 1920 азы Китайы, фӕмард 200 000; 1923 азы Японы, фӕмард 140 000; 1939 азы Турчы — 32 700 марды; 1970 азы Перуйы, фӕмард 66 800 адӕймаджы ӕмӕ 1976 азы Китайы, фӕмард 240 000 адӕймаджы бӕрц (иуӕй-иу бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ та 800 000). Кӕд ма уыд ахӕм «стыр зӕххӕнкъуыстытӕ»!

«Ранӕй-рӕтты... низтӕ» (Лукайы 21:11). Фыццаг дунеон хӕсты хӕдфӕстӕ 21 милуан адӕймаджы бӕрц амардысты грипп «испанкӕйӕ». Журнал «Сайенс Дайджест» («Science Digest») фыста: «Адӕймагадыл нырма мӕлӕты цалх афтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ ӕгъатырӕй никуы атылд». Уӕдӕй нырмӕ зӕрдӕйы низтӕ, рак, СПИД ӕмӕ ӕндӕр низтӕ байстой сӕдӕгай милуан адӕймӕгты цард.

«Ӕнӕзакъондзинад сарӕх» уыдзӕн (Матфейы 24:12). 1914 азӕй фӕстӕмӕ нӕ дуне зындгонд сси фыдракӕнд ӕмӕ тыхмийы дунейӕ. Бирӕ рӕтты адӕм уынгты боныгон дӕр нӕ уӕндынц цӕуын. Ӕхсӕвыгон та ӕддӕмӕ ракӕсынмӕ дӕр йӕ ныфс ничиуал хӕссы, сӕхиуыл дуӕрттӕ фидар сӕхгӕнынц.

Рагзагъд уыд, зӕгъгӕ, фӕстаг бонты ма хъуамӕ ноджыдӕр бирӕ цыдӕртӕ ӕрцыдаид, ӕмӕ уыдон дӕр иууылдӕр ныр ӕххӕст кӕнынц. Уый нысан кӕны, дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг. Фӕлӕ нӕ амондӕн адӕм иууылдӕр нӕ фесӕфдзысты. Библи афтӕ кӕм дзуры, «дуне дӕр фӕивгъуыйы», зӕгъгӕ, уым нын дарддӕр зӕрдӕ ӕвӕры: «Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:17).

Уымӕ гӕсгӕ мах хъӕуы Хуыцауы фӕндон базонын ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнын. Уӕд ацы дунейы кӕрон удӕгасӕй баззайдзыстӕм ӕмӕ ӕнустӕм хайджын уыдзыстӕм Хуыцауы ног дунейы хорздзинӕдтӕй. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, уыцы рӕстӕджы кӕй «ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ [адӕмы] цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн» (Раргомад 21:3, 4).

Библийы цитатӕтӕ тӕлмац сты уырыссаг ӕвзагыл уагъд Синодалон тӕлмацӕй

[Ныв барлӕвӕрдӕй 6 фарсыл]

Къамтӕ: Хӕдтӕхӕг: USAF photo. Сывӕллон: WHO photo by W. Cutting. Зӕххӕнкъуыст: Y. Ishiyama, Hokkaido University, Япон.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын