Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • kl 2 сӕр, 12–22 фф.
  • Хуыцауы базонынаддӕттӕг чиныг?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы базонынаддӕттӕг чиныг?
  • Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • БИБЛИЙЫ МИДИС
  • ЦЫМӔ БИБЛИЙЫЛ ӔУУӔНДӔН ИС?
  • РАСТ ӔМӔ ӔУУӔНЧЫ АККАГ У
  • ПЕХУЫМПАРАДОН ЧИНЫГ
  • «БАУАРЗУТ» ХУЫЦАУЫ БАЗОНЫНАД
  • Библи – Хуыцауы Ныхас
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Библи – чиныг Хуыцауӕй
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Стыр зонды ӕвидигӕ суадон
    Адӕймаг цӕмӕн цӕры? Куыд ӕй ис базонӕн?
  • Библийыл ӕууӕндӕн ис?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Фылдӕр фенын
Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
kl 2 сӕр, 12–22 фф.

Сӕр 2

Хуыцауы базонынаддӕттӕг чиныг?

1, 2. Цӕмӕн нӕ хъӕуы не Сфӕлдисӕджы разамынд?

РАСТ у, нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг кӕй батыхст адӕймагадӕн амындтӕ ӕмӕ разамындты чиныгыл. Адӕймагад разамынды хъуаг кӕй у, ууыл ды разы нӕ дӕ?

2 Иу-2 500 размӕ иу пехуымпар ӕмӕ историк ныффыста: «Цӕуӕджы бар нӕу йӕ къахдзӕфтӕн разамынд дӕттын» (Иереми 10:23). Ацы ныхасы ӕцӕгдзинад абоны хуызӕн ӕргом никуы уыд. Историк Уильям Х. Макнил банысан кодта:. «Адӕймагады истори нӕ планетӕйыл у фидаргонд ӕхсӕнадон фӕткӕвӕрды ӕнӕфӕугӕ кризистӕ ӕмӕ крахты рӕгъӕй».

3, 4. а) Цавӕр цӕстӕнгас нын хъуамӕ уа Библийы ахуырмӕ? ӕ) Цӕмӕй райдайдзыстӕм Библиимӕ зонгӕ кӕнын?

3 Библи нын дӕтты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг зондджын разамынд. Ӕцӕгдӕр, райдианы бирӕтӕм фӕкӕсы зынӕмбарӕн. Уый у стыр чиныг ӕмӕ йӕ иуӕй-иу хӕйттӕ афтӕ ӕнцон ӕмбарӕн не сты. Фӕлӕ дын, зӕгъӕм, раттой ахӕм юридикон документ, кӕцыйы дзырдӕуы дӕ фыдӕлтӕ дын цы стыр бынтӕ ныууагътой, уыдон куыд у дӕ бон райсын, уӕд рӕстӕг не ссарис йемӕ лӕмбынӕг базонгӕ кӕнынӕн? Документы иуӕй-иу хӕйттӕ дын зынӕмбарӕн куы уой, уӕд ды, ӕнӕмӕнгдӕр, ӕххуысмӕ бацӕудзынӕ уыцы хъуыддаджы фӕлтӕрдджын адӕймагмӕ. Цӕуылнӕ ис афтӕ бакӕнӕн Библиимӕ дӕр? (Куыстытӕ 17:11). Дзырд цӕуы, хуымӕтӕг бынӕй бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддагыл. Фыццаг сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Хуыцауы базонынад кӕны ӕнусон цардмӕ.

4 Цӕй ӕмӕ ’ввахсдӕр базонгӕ уӕм Хуыцауы базонынаддӕттӕг чиныгимӕ. Райдианы уал Библийӕн чысыл афӕлгӕст саразӕм. Стӕй ӕрдзурдзыстӕм, цӕмӕн нымайынц бирӕ ахуыргӕндтӕ Библи Хуыцауы удцырын Ныхасыл.

БИБЛИЙЫ МИДИС

5. а) Цавӕр информаци ис Дзуттаг Фыстыты? ӕ) Цавӕр информаци ис Грекъаг Фыстыты?

5 Библи конд у 66 чиныгӕй ӕмӕ дих кӕны Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхстыл. Библийы ӕртын фараст чиныджы фыст ӕрцыдысты дзуттаг ӕвзагыл, дыууын авд чиныджы та — грекъаг ӕвзагыл. Дзуттаг Фыстыты чингуытӕ, Уӕвынадӕй Малахийы онг, ӕххӕсынц сфӕлдыстад ӕмӕ адӕймагон историйы дарддӕры 3 500 азтӕм. Библийы ацы хаимӕ зонгӕ кӕнгӕйӕ базондзыстӕм, Хуыцау цавӕр ахастыты уыд израилӕгтимӕ — ацы нацийы сӕвзӕрдӕй н. э. агъоммӕ XVI ӕнусӕй н. э. агъоммӕ V ӕнусы онг. Грекъаг Фыстыты чингуытӕм хауынц: Матфейы Евангелийӕ райдайгӕ Раргомады онг, арӕзт сты н. э. I анусы Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуырӕдтыл ӕмӕ архайдыл.

6. Цӕмӕн хъӕуы Библи ӕнӕхъӕнӕй ахуыр кӕнын?

6 Иуӕй-иутӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй «Рагон Фӕдзӕхст» фыст у дзуттӕгтӕн, «Ног Фӕдзӕхст» та — чырыстӕттӕн. Фӕлӕ 2 Тимофеймӕ 3:16-мӕ гӕсгӕ, «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй [удцырынӕй] ӕмӕ пайда у». Уымӕ гӕсгӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй ахуыр кӕнынӕн ис ӕппӕт бындуртӕ дӕр. Ӕцӕгдӕр, Библийы дыууӕ хай кӕрӕдзи ӕххӕст кӕнынц кӕрӕдзиимӕ разыйӕ иумӕйаг темӕйыл дзургӕйӕ.

7. Цы у Библийы сӕйраг темӕ?

7 Чи зоны, ды бирӕ цыдтӕ аргъуанмӕ ӕмӕ Библийы публикон кастмӕ искуы хъуыстай. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, йӕ иуӕй-иу хӕйттӕ дӕхӕдӕг бакастӕ. Ды зыдтай, Уӕвынадӕй Раргомады онг Библи кӕй иу кӕны иунӕг хъуыды? О, ӕнӕхъӕн Библийы ис иу иумӕйаг темӕ. Цавӕр? Хуыцауӕн адӕймагадыл паддзахиуӕг кӕныны бар кӕй ис, уый сбӕлвырд кӕнын ӕмӕ йӕ уарзондзинадӕй ӕххӕст фӕндон Паддзахады уылты сӕххӕст кӕнын. Фӕстӕдӕр мах фендзыстӕм, Хуыцау уыцы фӕндон куыд сӕххӕст кӕндзӕн.

8. Цы дзырдӕуы Библийы Хуыцауӕн йӕхи тыххӕй?

8 Хуыцауы фӕндонӕй уӕлдай ма Библийы дзырдӕуы Хуыцауӕн йӕхи тыххӕй дӕр. Библийӕ мах зонӕм, Хуыцауӕн кӕй ис ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ мах цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уый уымӕн нысаниуӕгджын кӕй у (Псалом 77:40, 41; Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11; Иезекииль 33:11). Псалмы 102:8—14-мӕ дзырдӕуы: «Рӕдау ӕмӕ хорзӕхджын у Хицау, бирӕфӕразаг ӕмӕ бирахорзӕхгӕнӕг». Уый мах ӕмбары, йӕ зӕрдыл дары мах «сыджытӕй» конд кӕй стӕм, ӕмӕ мӕлӕты фӕстӕ сыджытмӕ кӕй ныздӕхӕм (Уӕвынад 2:7; 3:19). Цӕй диссаджы миниуджытӕ ӕвдисы! Нӕ дӕ фӕндид ахӕм Хуыцауӕн кувын?

9. Куыд нын дӕтты Библи ӕргом ӕвдисӕн Хуыцауы нормӕты тыххӕй ӕмӕ куыд у нӕ бон уыцы зонындзинӕдтӕй пайда исын?

9 Библи нын ӕргомӕй дзуры Хуыцауы нормӕты тыххӕй. Уыцы нормӕтӕ иуӕй-иу хатт вӕййынц закъӕтты. Фӕлӕ фылдӕр хатт уыдон ӕвдыст цӕуынц принципты, кӕцытӕ ӕнцонӕвзарӕн сты цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй. Хуыцау бытыхст, цӕмӕй мах пайдайӕн фыст ӕрцыдаиккой рагон Израилы историйы иуӕй-иу цаутӕ. Уыцы ӕнӕфтуан хъусинӕгтӕ нын ӕвдисынц, цы-иу ӕрцыд, адӕм-иу Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы архайдтой, ӕмӕ-иу куы равзӕрстой хӕдбар фӕндагыл цӕуын (3 Паддзахӕдты 5:4; 11:4—6; 2 Паралипоменон 15:8—15). Ахӕм историон цауты тыххӕй куы кӕсӕм, уӕд уазалзӕрдӕ нӕ базайдзыстӕм. Уыцы цаутыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон суыдзӕн нӕхи уыцы адӕмы бынаты сӕвӕрын. Афтӕмӕй ӕвӕрццаг цӕвиттонтӕй райсдзыстӕм хорз амындтӕ ӕмӕ иуӕй-иутӕ цы къӕппӕджыты бахаудтой, уыдонӕй фервӕздзыстӕм. Фӕлӕ махӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у иу вазыгджын фарстӕн дзуапп раттын: цавӕр бындур нын ис, Библийы цы ныфс ис, уый Хуыцауӕй удцырын кӕй у, ууыл ӕууӕндынӕн?

ЦЫМӔ БИБЛИЙЫЛ ӔУУӔНДӔН ИС?

10. а) Цӕмӕн нымайынц бирӕтӕ Библи зӕрондыл? ӕ) Цы дзырдӕуы 2 Тимофеймӕ 3:16, 17-ы Библийы тыххӕй?

10 Чи зоны, ды бафиппайдтай, бирӕ чингуыты цы уынаффӕтӕ фӕцӕуы лӕвӕрд, уыдон цалдӕр азы фӕстӕ кӕй базӕронд вӕййынц. Библийы тыххӕй та цы у нӕ бон зӕгъын? Уый у тынг рагон чиныг — йӕ фӕстаг ныхӕстӕ фыст куы ӕрцыдысты, уӕдӕй нырмӕ рацыд 2 000 азы. Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Библийӕ нӕ рӕстӕджы пайдагӕнӕн нӕй. Фӕлӕ Библи кӕд Хуыцауы удцырынӕй фыст у, уӕд йӕ уынаффӕтӕ раздӕрау хъӕугӕ сты, кӕд рагон заманы фыст у, уӕддӕр. Фыстад раздӕрау «пайда у сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, сраст уӕвынӕн, амонынӕн рӕстдзинады, уадз уӕд ӕххӕст Хуыцауы адӕймаг, алы хорз хъуыддагмӕ цӕттӕ» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

11—13. Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, Библи абон практикон кӕй у?

11 Лӕмбынӕг иртасӕнтӕ ӕвдисынц, Библийы принциптӕ фыццаг хатт куыд уыдысты фыст ӕмӕ сӕ уӕд куыд пайда кодтой, абон дӕр сӕ афтӕ кӕй ис пайдагӕнӕн. Зӕгъӕм, Библи адӕймаджы удыхъӕды кой куы фӕкӕны, уӕд лыстӕггай банысан кӕны кӕцыфӕнды фӕлтӕры характерон хицӕндзинӕдтӕ. Уый хорз зыны Йесойы Уӕлхохон уацамынды, кӕцы фыст у Матфейы Евангелийы 5-ӕм сӕрӕй 7-ӕм сӕры онг. Ацы амынд ахӕм тыхджын тӕлмӕн скодта зынгӕ индиаг лидер Махандас К. Гандийыл, ӕмӕ уый бӕрзонд бынаты бадӕг иу бритайнаг чиновникӕн загъта: «Уӕ бӕстӕ ӕмӕ мӕ бӕстӕ куы баиу уаиккой Чырыстийы Уӕлхохон уацамынды ахуырады бындурыл, уӕд мах райхаликкам ӕрмӕст нӕ бӕстӕты нӕ, фӕлӕ ма ӕппӕт дунейы проблемӕтӕ дӕр».

12 Диссаг нӕу, Йесойы ахуырӕдтӕ адӕмы зӕрдӕмӕ кӕй хъарынц! Уӕлхохон уацамынды нын уый равдыста фӕндаг ӕцӕг амондмӕ. Йесо сахуыр кодта куыд хъӕуы халын быцӕутӕ. Бамбарын кодта, куыд хъӕуы кувын. Банысан кодта материалон домӕндзинӕдтӕм куыд хъӕуы ӕмбаргӕ ахаст дарын, ӕмӕ адӕмы ӕмахастытӕн ратта «сыгъзӕрин уагӕвӕрд». Йесо ма ацы уацамынды бамбарын кодта, куыд равзарӕн ис дины мӕнгдзинад ӕмӕ цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй цӕрӕм ӕдас фидӕны.

13 Библи Уӕлхохон уацамынды дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ фӕрстыл дӕр ӕргомӕй дзуры, цы нӕ хъӕуы аразын ӕмӕ нӕ цӕмӕй хъӕуы нӕхи хизын, цӕмӕй нӕ цард хуыздӕрырдӕм аива. Йӕ уынаффӕтӕ уыйбӕрц ахадгӕ сты царды ӕмӕ иу ахуыргӕнӕджы сразӕнгард кодтой зӕгъынмӕ: «Кӕд ӕз астӕуккаг скъолайы консультантӕй кусын ӕмӕ мын ис бакалавры ӕмӕ магистры къӕпхӕнтӕ ӕмӕ ма бакастӕн психиатри ӕмӕ психологийы бирӕ чингуытӕ, уӕддӕр ӕз раргом кодтон, Библийы уынаффӕтӕ ахӕм уавӕрты ӕнтыстджын ӕмкъайад куыд скӕнӕн ис, сывӕллӕтты фыдракӕндтӕй куыд ис бахизӕн ӕмӕ ма куыд ис ӕмгӕртты ссарын мӕ сӕ бахъахъхъӕнын, уӕд йӕ уынаффӕ бирӕ пайдаджындӕр у, ӕз цыдӕриддӕр кастӕн ӕмӕ ахуыр кодтон колледжы, уымӕй». Библи ӕрмӕст практикон ӕмӕ нырыккон нӕу, уый у ӕуӕнчы аккаг дӕр.

РАСТ ӔМӔ ӔУУӔНЧЫ АККАГ У

14. Библийы рӕстдзинад зонадон цӕстӕнгасӕй цы ӕвдисы?

14 Кӕд Библи зонадон куыст нӕу, уӕддӕр зонадон цӕстӕнгасӕй раст у. Зӕгъӕм, адӕмӕн сӕ фылдӕры куы уырныдта Зӕхх тъӕпӕн кӕй у, уӕд пехуымпар Исай ууыл дзырдта куыд «тымбыл» (дзуттаг дзырд «хуг» ам «тымбылӕджы» нысан дӕтты) (Исай 40:22). Зӕхх тымбыл кӕй у, уыцы хъуыдыйыл Исайы фӕстӕ мин азтӕ куы рацыд, ӕрмӕстдӕр ыл уӕд сразы сты. Уымӕй уӕлдай ма 3 000 мин азы размӕ Иовы 26:7-ы фыст ӕрцыд, Хуыцау кӕй «ӕрцауыгъта зӕхх ницӕуыл». Библийы иу иртасӕг дзуры: «Кӕцӕй зыдта Иов, астрономтӕ кӕй раргом кодтой, уыцы ӕцӕгад, Зӕххӕн зынгӕ быцӕу кӕй нӕй,— ацы фарстыл дзупп раттын зын у, Сыгъдӕг Фыстады Хуыцауы удцырындзинад кӕй нӕ уырны, уыдонӕн».

15. Куыд фидар кӕны ацы чиныгмӕ не ’ууӕнк Библийӕн йӕ ныффыссыны стилы уылты?

15 Библийӕн йӕ ныффысыны стиль дӕр фидар кӕны не ’ууӕнк ацы рагон чиныгыл. Библийы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон мифтӕй уӕлдай баст сты конкретон историон удгоймӕгтӕ ӕмӕ датӕтимӕ (3 Паддзахӕдты 14:25; Исай 36:1; Лукайы 3:1, 2). Бафиппаиниг у уыцы факт, рагон историктӕ-иу фылдӕр хатт сӕ хицӕутты уӕлахиздзинӕдтӕм куы ӕфтыдтой ӕмӕ-иу куы сусӕг кодтой сӕ басастытӕ ӕмӕ сӕ рӕдыдтытӕ, уӕд Библийы фысджытӕ та алкӕддӕр ӕргом ӕмӕ ӕууӕнкджын кӕй уыдысты — ӕгӕрыстӕмӕй, ныхас сӕхи сӕрмагонд серьезон тӕригъӕдтыл куы цыд, уӕддӕр (Нымӕцтӕ 20:7—13; 2 Паддзахӕдты 12:7—14; 24:10).

ПЕХУЫМПАРАДОН ЧИНЫГ

16. Цы у ӕппӕты разыгӕнӕг бӕлвырдгӕнӕн, Библи Хуыцауы удцырын кӕй у?

16 Цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты, уыдон дӕттынц ӕнӕгурысхойаг бӕлвырддзинад, Библи Хуыцауы удцырын кӕй у, уымӕн. Библийы фыст ӕрцыд бирӕ пехуымпарӕдтӕ, кӕцытӕ лыстӕгдзинӕдты онг сӕххӕст сты. Бӕрӕг у, уый адӕмы фыст кӕй нӕ уыд. Цӕуыл дзурӕг сты ӕппӕт ацы пехуымпарӕдтӕ? Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ: «пехуымпариуӕг дзырд никӕд уыд загъд адӕймаджы фӕндонӕй, фӕлӕ йӕ дзырдтой Хуыцауы сыгъдӕг адӕймӕгтӕ, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ» кӕнӕ Хуыцауы архайгӕ тыхӕй (2 Петры 1:21). Ӕркӕс иу цалдӕр цӕвиттонмӕ.

17. Цавӕр пехумпарӕдтӕ уыд рагзагъд Вавилоны басаст ӕмӕ куыд сӕххӕст сты уыцы пехуымпарӕдтӕ?

17 Вавилоны басаст. Исай ӕмӕ Иереми рагзагъд скодтой Вавилоны басастыл мидийӕгты ӕмӕ персӕгты къухӕй. Бафиппаинаг ма у уый, ӕмӕ Исайы пехуымпарад ацы хабӕртты тыххӕй Вавилоны басастӕй иу-200 аз раздӕр фыст кӕй ӕрцыд! Пехуымпарады иннӕ хӕйттӕ райстой сӕ историон бӕлвырдгӕнӕнтӕ: цӕугӕдон Евфраты аздӕхт аразгӕ цадмӕ (Исай 44:27; Иереми 50:38); Вавилоны цӕугӕдонмӕ кӕнӕг къулдуӕртты ӕдасдзинады ницӕмӕдард (Исай 45:1); ӕмӕ ма хицауиуӕггӕнӕг Кир горӕт ӕнтыстджынӕй кӕй байста, уый дӕр (Исай 44:28).

18. Куыд сӕххӕст сты библион пехуымпарӕдтӕ «Грецийы паддзахы» сбӕрзонд ӕмӕ ӕрхауды тыххӕй?

18 «Грецийы паддзахы» сбӕрзонд ӕмӕ ӕрхауд. Данел цӕстылуайӕны федта цӕу, кӕцы ныццавта фыры ӕмӕ йын йӕ дыууӕ сыкъа дӕр асаста. Стӕй цӕуы стыр сыкъа асаст, ӕмӕ йӕ бынаты февзӕрд цыппар сыкъа (Данелы 8:1—8, БГТ). Мӕнӕ цавӕр райхӕлд уыд лӕвӕрд Данелӕн: «Ды цы фыры федтай дыууӕ сыкъаимӕ, уыдон сты Миди ӕмӕ Персы паддзӕхтӕ. Хъуынджын цӕу та — Грецийы паддзах, стыр сыкъа йӕ цӕстыты ’хсӕн у сӕ фыццаг паддзах. Уый басаст ӕмӕ йӕ бӕсты рацыдысты ӕндӕр цыппар: Уыцы дзыллӕйӕ фегуырдзӕн [растдзӕн] цыппар паддзахы, фӕлӕ сӕм уый тых нӕ уыдзӕн» (Данелы 8:20—22, БГТ). Ацы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ иу-дыууӕ сӕдӕ азы фӕстӕ «Грецийы паддзах» Александр Македонский хӕстӕй байста «дысыкъайон» Мидо-Персаг паддзахад. Александр амард н. э. агъоммӕ 323 азы ӕмӕ йын йӕ бынат бацахстой цыппар ӕфсадфӕтӕджы. Фӕлӕ уыцы ногӕй сырӕзгӕ паддзахӕдтӕй иуы дӕр нӕ уыд абарӕн Александры паддзахады хъомысимӕ.

19. Цавӕр пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты Йесо Чырыстийыл?

19 Йесо Чырыстийы цард. Дзуттаг Фыстыты ис бирӕ пехуымпарӕдтӕ, кӕцытӕ сӕххӕст сты Йесойы райгуырды, лӕггаддзинады, мӕлӕт ӕмӕ райгасдзинады рӕстӕджы. Зӕгъӕм, 700 аз раздӕр Михей срагзагъд кодта, Мессиа, кӕнӕ Чырысти Вифлеемы кӕй райгуырдзӕн (Михей 5:2; Лукайы 2:4—7). Михейы ӕмдугон Исай срагзагъд кодта, зӕгъгӕ, Ирвӕзынгӕнӕджы фӕнӕмдзысты ӕмӕ йыл тутӕ кӕндзысты (Исай 50:6; Матфейы 26:67). Захари 500 аз раздӕр срагзагъд кодта, Мессиа уӕйгонд кӕй ӕрцӕудзӕн 30 ӕвзист ӕхцайыл (Захари 11:12; Матфейы 26:15). Мин аз раздӕр Давид срагзагъд кодта Мессиа — Йесойы мӕлӕтимӕ баст цаутӕ (Псалом 21:8, 9, 19; Матфейы 27:35, 39—43). Ӕмӕ иу-фондз ӕнус раздӕр Данел йӕ пехуымпарады фехъусын кодта Ирвӕзынгӕнӕг кӕд фӕзындзӕн, йӕ лӕггаддзинад цас ахӕсдзӕн ӕмӕ кӕд амӕлдзӕн (Данелы 9:24—27, БГТ). Уыдон сты, Йесо Чырыстийыл чи сӕххӕст, уыцы пехуымпарӕдтӕй иуӕй-иутӕ. Фӕстӕдӕр дын диссагдӕр уыдзӕн Йесойы тыххӕй ноджы фылдӕр базонын.

20. Цавӕр уырнындзинад нын хъуамӕ дӕтта Библийы фыст пехуымпарӕдты бӕлвырд ӕххӕст?

20 Бирӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ абон сӕххӕст сты. Фӕлӕ, чи зоны, ды фӕрсыс,— цавӕр ахаст дарынц уыдон мӕнмӕ? Бирӕ азты дын исчи раст куы дзырдтаид, уӕд ын йӕ ныхӕстыл фӕдызӕрдыг уыдаис, ногӕй дын исты куы загътаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хуыцау Библийы уылты дзуры рӕстдзинад. Уый дын ма хъуамӕ сфидар кӕна Библийы ныфсӕвӕрдтыл де ’ууӕнк, зӕгъӕм, зӕххон дзӕнӕты ныфсӕвӕрдыл? Ӕнӕдызӕрдыгӕй нын гӕнӕн ис уа, ахӕм фидар уырнындзинад, кӕцы уыд Йесойы ахуыргӕнинаг фыццаг ӕнусы цӕрӕг, Павелмӕ, кӕцы фыста, зӕгъгӕ, ‘Хуыцау ӕнӕивгӕ у Йӕ ныхасы’ (Титмӕ 1:2, НФ). Уымӕй уӕлдай ма Фыстад кӕсгӕйӕ ӕмӕ царды йӕ уынаффӕтӕй пайдагӕнгӕйӕ, мах исӕм зондджындзинад, кӕцы йӕхигъӕдӕй адӕймагадӕн йӕ къухы не ’фты, уымӕн ӕмӕ Библи у ахӕм чиныг, кӕцы дӕтты Хуыцауы базонынад, ӕмӕ уый та кӕны ӕнусон цардмӕ.

«БАУАРЗУТ» ХУЫЦАУЫ БАЗОНЫНАД

21. Библийӕ цы ахуыр кӕныс, уымӕй дӕм исты зынӕмбарӕн куы фӕкӕса, уӕд цы хъуамӕ саразай?

21 Библи ахуыргӕнгӕйӕ ноджыдӕр базондзынӕ иуӕй-иу фарстытӕм йӕ цӕстӕнгас кӕй хицӕн кӕны, ды цы сахуыр кодтай уымӕй. Чи зоны, афтӕ дӕр уа, ӕмӕ дӕуӕн иуӕй-иу зынаргъ динон ӕгъдӕуттӕ Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ не сты. Ды базондзынӕ, Хуыцауы нормӕтӕ хорздзинад ӕмӕ фыддзинадӕн абоны дунейы алцы бардӕттӕг ӕппӕтфӕткон нормӕтӕй бӕрзонддӕр кӕй сты. Чи зоны дӕм уыдон райдианы фӕкӕсой ӕгӕр бӕрзонд. Фӕлӕ ма тагъд кӕн хатдзӕгтӕ кӕныныл! Лӕмбынӕг ахуыр кӕн Фыстад, цӕмӕй ссарай Хуыцауы базонынад. Ӕххӕст кӕн Библийы уынаффӕтӕ ӕмӕ кӕд бахъӕуа, уӕд цӕттӕ у дӕ хъуыдыкӕнынад ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ аивынмӕ.

22. Цӕмӕн райдыдтай Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йӕ иннӕтӕн куыд бамбарын кӕндзынӕ?

22 Гӕнӕн ис, сӕ хуыздӕр фӕндонӕй, де ’мгӕрттӕ ӕмӕ дӕ хӕстӕджытӕ дӕу хъыгдарой Библи ахуыр кӕнын, фӕлӕ Йесо загъта: «Уӕдӕ ӕргомӕй чи дзура адӕмы раз Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй Ӕз дӕр Мӕ Уӕларвон Фыды раз ӕргом дзурдзынӕн. Фӕлӕ адӕмы раз Мӕныл ӕвдисӕн чи бакӕна, ууыл ӕвдисӕн бакӕндзынӕн Ӕз дӕр Мӕ Уӕларвон Фыды раз» (Матфейы 10:32, 33). Иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, мӕт кӕной ды сектӕмӕ кӕй бахаудзынӕ, кӕнӕ фанатик кӕй суыдзынӕ, ууыл. Ӕцӕгдӕр та, ды тырныс Хуыцауы базонынад райсынмӕ ӕмӕ дӕ фӕнды ӕцӕгад базонын (1 Тимофеймӕ 2:3, 4). Цы базоныс, уый цӕмӕй иннӕтӕ дӕр бамбарой, уый тыххӕй быцӕу ма кӕн, архай ууыл дзургӕйӕ ӕмбаргӕ уӕвыныл (Филиппӕгтӕм 4:5). Дӕ зӕрдыл дар: бирӕтӕ ‘ӕрбаздӕхдзысты ӕнӕ дзургӕйӕ’ куы уыной, библион зонындзинӕдтӕ адӕмы цардыл хорзырдӕм кӕй фӕзынынц (1 Петры 3:1, 2).

23. Цы нысан кӕны Хуыцауы базонынад «бауарзын»?

23 Библи нӕ разӕнгард кӕны: «Куыд ноггуырд сывӕллӕттӕ, бауарзут сыгъдӕр дзырды ӕхсыр» (1 Петры 2:2). Ноггуырды цард мады ӕхсырӕй кӕнгӕ у, ӕмӕ йӕ цалынмӕ райса, уӕдмӕ нӕ басабыр уыдзӕн. Афтӕ нӕ цард дӕр Хуыцауы базонынадӕй кӕнгӕ у. «Бауарз» Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ ахуыр кӕн дарддӕр. Дӕ разы сӕвӕр арвылбон Библи кӕсыны нысан (Псалом 1:1—3). Уый дын тынг стыр пайда ӕрхӕсдзӕн, Псалмы 18:12-ы Хуыцауы закъоны тыххӕй куыд дзуры: «Уыдон сӕххӕст кӕныны [ис] стыр блӕвар».

СБӔЛВЫРД КӔН ДӔ ЗОНЫНДЗИНӔДТӔ

Библийӕн цавӕр ахасты нӕй абарӕн никӕцы ӕндӕр чиныгимӕ?

Цӕмӕн ис Библийыл ӕууӕндӕн?

Библи Хуыцауы удцырын Ныхас кӕй у, ууыл дӕ цавӕр факттӕ сразы кодтой?

[Рамкӕ 14 фарсыл]

КУЫД ХЪӔУЫ БИБЛИЙӔ ПАЙДА КӔНЫН

Библийӕ куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый базонын зын нӕу. Уый тыххӕй Библийы сӕргӕндтӕй спайда кӕн ӕмӕ бацархай йӕ чингуыты рӕнхъӕвӕрд ӕмӕ равӕрд бахъуыды кӕнын.

Ӕнцондӕр пайда кӕнынӕн Библийы чингуытӕ дих сты сӕртыл ӕмӕ стихтыл. Сӕртыл дих кӕнын XIII ӕнусы ӕрцыд конд ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй XVI ӕнусы иу французаг рауагъдад Грекъаг Фыстыты адих кодта стихтыл, махмӕ дӕр афтӕ ӕрхӕццӕ сты. Ӕнӕхъӕн Библи сӕртыл ӕмӕ стихтыл дихгондӕй фыццаг хатт рацыд французаг ӕвзагыл 1553 азы.

Кӕд Фыстады цитатӕтӕ ацы чиныджы лӕвӕрд цӕуынц, уӕд фыццаг цифрӕ нысан кӕны сӕр, дыккаг та — стих. Зӕгъӕм, «Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:5» нысан кӕны, лӕвӕрд цитатӕ Фӕсномыг ныхӕсты чиныджы 2-ӕм сӕры 5-ӕм стихы кӕй ис. Фыстады амынд тексттӕм куы кӕсай, уӕд ӕй тагъд бамбардзынӕ, куыд ӕнцон агурӕн сты хъӕуӕг библион дӕнцӕгтӕ.

Библийӕ куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый базонынӕн ӕппӕты хуыздӕр амал — ӕрвылбон кӕсын. Райдианы дӕм уый, гӕнӕн ис, зын фӕкӕса. Фӕлӕ дзы арвылбон дӕр ӕртӕ-фондз сӕры куы кӕсай, сӕ дӕргъмӕ гӕсгӕ, уӕд ӕнӕхъӕн Библи бакӕсдзынӕ иу афӕдзмӕ. Цӕуылнӕ ис райдайӕн абон дӕр?

[Рамкӕ 19 фарсыл]

УНИКАЛОН ЧИНЫГ — БИБЛИ

• Библи «ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй [удцырынӕй]» (2 Тимофеймӕ 3:16). Кӕд ӕй адӕм фыстой, уӕддӕр сын сӕ хъуыдытӕ Хуыцау афтӕ сарӕзта, ӕмӕ Библи ӕцӕгдӕр у «Хуыцауы дзырд» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).

• Библи фыст цыдис 16 ӕнусы дӕргъы, фысгӕ та йӕ кодтой алыхуызон мыггӕгтӕй равзӕргӕ 40 нӕлгоймаджы бӕрц. Уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, уым йӕ райдианӕй йӕ кӕронмӕ алцыдӕр ӕмдзых кӕны.

• Уый кӕцыфӕнды чиныгӕй фылдӕр уайдзӕфтӕ ныффӕрӕзта. Астӕуккаг ӕнусы адӕмы арты сыгътой, ӕрмӕстдӕр сӕм Сыгъдӕг Фыстад кӕй уыд, уый тыххӕй.

• Библи дунеон бестселлертӕй у фыццаг. Ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ иу хайӕ тӕлмац у 2 000 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Библи мыхуыр ӕрцыд миллиардгай экземпляртӕй ӕмӕ уый кӕм не ’ссардзынӕ, ахӕм бынӕттӕ зӕххыл хӕрз чысыл баззад.

• Библийы ӕппӕты рагондӕр хай дагӕгонд у н. э. агъоммӕ XVI ӕнусӕй. Бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр рацыд индуизмы сыгъдӕг чиныг «Ригведӕ» (н. э. агъоммӕ 1300 азмӕ ’ввахс), буддистон канон «Ӕртӕ къалати» (н. э. агъоммӕ V ӕнус), исламы сыгъдӕг чиныг Хъуыран (н. э. VII ӕнус) ӕмӕ синтоизмы сыгъдӕг чиныг «Нихонги» (н. э. 720 аз).

[Ныв ахсы 20 фарс ӕнӕхъӕнӕй]

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын