Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • rq 2 ур., 4–5 фф.
  • Чи у Хуыцау?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чи у Хуыцау?
  • Хуыцау нӕ цы домы?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Рӕстдзинад Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
  • Чи у ӕцӕг Хуыцау?
    Хорз хабар Хуыцауӕй
  • Чи у Хуыцау?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
  • Кадджын кӕн Иегъовӕйы — Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауы
    Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн
Фылдӕр фенын
Хуыцау нӕ цы домы?
rq 2 ур., 4–5 фф.

2-аг урок

Чи у Хуыцау?

Чи у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ ном куыд у? (1, 2)

Цавӕр буар ын ис? (3)

Йӕ сӕйраг миниуджытӕ цавӕр сты? (4)

Хуыцауӕн кувгӕйӕ дзуӕртты нывтӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕй пайда кӕнын хъӕуы? (5)

Цавӕр дыууӕ хъуыддаджы фӕрцы ис Хуыцауы базонӕн? (6)

1. Адӕм бирӕ цӕмӕндӕрты кувынц. Фӕлӕ нын Библи дзуры, кӕй ис ӕрмӕстдӕр иунӕг ӔЦӔГ Хуыцау. Зӕххыл дӕр ӕмӕ уӕлӕрвты дӕр цыдӕриддӕр ис, уыдон уый сфӕлдыста. Цард нын уый кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн хъӕуы кувын (1 Коринфӕгтӕм 8:5, 6; Раргомад 4:11).

2. Хуыцау чи у, уый алыхуызон дзырдтӕй ис зӕгъӕн, фӕлӕ йын ӕрмӕстдӕр иу ном ис. Йӕ ном у ЙЕГЪОВӔ. Библийы тӕлмацтӕн сӕ фылдӕрӕй Хуыцауы ном айстой ӕмӕ йӕ баивтой ахӕм дзырдтӕй: Хицау кӕнӕ Хуыцау. Фӕлӕ Дзуттаг Фыстыты ном «Йегъовӕ» ӕмбӕлди иу-7 000 хатты! (Рацыд 3:15; Псалом 82:19, МГТ).

3. Йегъовӕйӕн ис буар, фӕлӕ йын мах буары хуызӕн нӕу. «Хуыцау у ӕнӕуынгӕ уд»,– дзуры Библи (Иоанны 4:24, фип.). Уд [пневма] у нӕ цардӕй бирӕ уӕлдӕр царды хуыз. Хуыцауы иу адӕймаг дӕр нӕ федта. Йегъовӕ цӕры уӕлӕрвты, фӕлӕ алцыдӕр уыны (Псалом 10:4, 5; Иоанны 1:18). Уӕдӕ сыгъдӕг уд та цы у? Уый Хуыцауы хуызӕн удгоймаг нӕу, фӕлӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн кӕмӕй архайы, уыцы тых (Хъуыддӕгтӕ 1:8).

4. Библи нын ӕргом кӕны Йегъовӕйы миниуджытӕ. Йӕ сӕйраг миниуджытӕ сты уарзондзинад, рӕстдзинад, зонд ӕмӕ тых (Дыккаг закъон 32:4; Иов 12:13; Исай 40:26; 1 Иоанны 4:8). Библи ма нын дзуры, Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ, хатыргӕнаг, рӕдау ӕмӕ быхсаг кӕй у, уый дӕр. Мах ӕй хъуамӕ фӕзмӕм коммӕгӕс хъӕбултау (Ефесӕгтӕм 5:1, 2).

5. Хуыцауӕн кувгӕйӕ къухӕй конд хуыцӕуттӕ, дзуӕртты нывтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕй пайда кӕнын хъӕуы? Нӕ! (Рацыд 20:4, 5). Йегъовӕ дзуры, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй хъуамӕ кувӕм. Йӕ кад никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн ратдзӕн. Къухӕй конд хуыцӕуттӕ адӕймагӕн нӕ баххуыс кӕндзысты (Псалом 113:12–16; Исай 42:8).

6. Куыд у нӕ бон Хуыцауы хуыздӕр базонын? Иу уый, ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсын ӕмӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл арф хъуыды кӕнын. Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдон нын ӕвдисынц йе стыр тых ӕмӕ зонд. Йе сконд дунейы алцыдӕр дзуры йӕ уарзондзинадыл (Псалом 18:2–7; Ромӕгтӕм 1:20). Хуыцауы базонӕн ма ис Библи ахуыр кӕнгӕйӕ. Уый руаджы нын Хуыцау йӕхи тыххӕй ноджы фылдӕр дзуры. Библи ма нын дзуры йӕ фӕнды тыххӕй ӕмӕ ныл йӕ разы цы хӕс ис, уый тыххӕй дӕр (Амос 3:7; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Хуыцауы тыххӕй базонӕн ис йе сконд дунейӕ ӕмӕ Библийӕ

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын